Йегови Ӕвдесӕнтӕ сиониститӕ ’нцӕ?
Йегови Ӕвдесӕнтӕ сиониститӕ нӕ ’нцӕ. Етӕ ӕнцӕ киристӕнттӕ ӕма ӕууӕндунцӕ, Финстади ци финст ес, уобӕл. Еуӕй-еу динтӕ уотӕ зӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, Финстади пахампарӕдтӕ хаунцӕ Палестини цӕрӕг дзиуиттӕгтӕмӕ. Фал Йегови Ӕвдесӕнтӕ уотӕ нӕ гъуди кӕнунцӕ. Етӕ не ’ууӕндунцӕ, Финстади пахампарӕдтӕ дзиуиттӕгти политики хабӕрттӕмӕ ке хаунцӕ. Финстадӕмӕ гӕсгӕ еу адӕмихатт иннемӕй уӕлдӕр нӕй, удта цӕхуӕндӕр бӕсти хецауади сӕрбӕл дӕр нӕ дзоруй. «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и, Йегови Ӕвдесӕнти журнали, финст адтӕй, зӕгъгӕ, Финстадӕмӕ гӕсгӕ сионизм раст нӕй.
Бритайнаг энциклопедий (Encyclopædia Britannica) сионизми туххӕй уотӕ финст ӕй: «Сиониститӕ ӕнцӕ дзиуиттаг националиститӕ ӕма сӕ нисан ӕй, цӕмӕй Палестини искӕнонцӕ дзиуиттӕгти национ штат». Фӕндуй сӕ, цӕмӕй адӕм сӕ динбӕл ӕма политикӕбӕл хуӕст уонцӕ. Йегови Ӕвдесӕнти гъудимӕ гӕсгӕ сионизм Библимӕ гӕсгӕ раст нӕй, удта син сионистити политики хӕццӕ еумӕйагӕй ӕппундӕр неци ес.
Ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕнцӕ Хуцауӕн ковӕг адӕм ӕма политики, сионизм уа ӕви ӕндӕр ести, ӕппундӕр нӕ архайунцӕ. Архивтӕй дӕр бӕрӕг ӕй, Йегови Ӕвдесӕнтӕ политикӕй еуварс ке лӕудтӕнцӕ ӕма ма еуӕй-еу бӕстити Ӕвдесӕнтӕ уой туххӕй ӕфхуӕрд дӕр баййафтонцӕ. Мах федарӕй ӕууӕндӕн, ӕрмӕстдӕр Хуцауи уӕларвон Паддзахадӕ ке ӕрхӕсдзӕй зӕнхӕмӕ фарнӕ; е еунӕг адӕймагӕн дӕр кенӕ хецауадӕн дӕр нӕ бантӕсдзӕй.
Йегови Ӕвдесӕнтӕ сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ ке аразунцӕ, уомӕ гӕсгӕ, кӕцифӕнди бӕсти ма цӕронцӕ, алкӕмидӕр хецауади коммӕ кӕсунцӕ. Етӕ хецӕутти нихмӕ нӕ фӕуунцӕ ӕма аллихузи змӕнстити нӕ фӕййархайунцӕ.