Библи ахур кӕнунмӕ ци хауй?
Йегови Ӕвдесӕнтӕ адӕми хӕццӕ Библи ке ахур кӕнунцӕ, уой фӕрци берӕ адӕм сӕ фарстатӕбӕл дзуапп базонунцӕ, зӕгъӕн:
Ка ӕй Хуцау?
Хуцау мӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр тухсуй?
Мӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй мӕ цардӕмбали хӕццӕ кӕрӕдзей хуӕздӕр лӕдӕрӕн?
Мӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй амондгун уон?
Дӕлдӕр си финст ес, Библи ахур кӕнуни туххӕй арӕхдӕр ци фарстатӕ фӕддӕттунцӕ, уонӕн дзуапп.
Ахур куд фӕццӕуй? Равзарӕн темӕ, зӕгъӕн, «Хуцау» кенӕ «бийнонтӕ» ӕма уой фӕдбӕл Библий аллихузи стихтӕмӕ ӕркӕсӕн. Уотемӕй базонӕн, Библи еци фарстай фӕдбӕл ци дзоруй, уой.
Библи ахур кӕнӕн киунуги фӕрци «Библи бӕлвурдӕй ци дзоруй?». Аци киунугӕ лӕдӕрун кӕнуй, Хуцауи, Йесо Киристей ӕма исони бони туххӕй Библий ци финст ес, уой, ӕма ма берӕ ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр.
Библий ахурбӕл ӕхца цӕйбӕрцӕ федун гъӕуй? Ахур дӕр ӕма литературӕ дӕр ӕнцӕ лӕвар.
Ахур цӕйбӕрцӕ рӕстӕг фӕццӕуй? Беретӕ алли къуӕре дӕр фӕййахур кӕнунцӕ еу сахатти бӕрцӕ. Фал адӕймаг цӕйбӕрцӕ рӕстӕг ахур кӕндзӕй, е ӕхецӕй кӕнгӕ ’й. Дӕу хӕццӕ ахур кӕндзинан, дӕу цӕйбӕрцӕ фӕндӕуа, уойбӕрцӕ.
Библи ахур кӕнуни туххӕй курдиадӕ ку ниффинсон, уӕд идарддӕр ци уодзӕй? Библи ахур кӕнуни туххӕй курдиадӕ ку ниффинсай, уӕд дӕмӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕй еске ӕрбацӕудзӕй, кӕд зӕгъай ӕма кӕци рауӕнмӕ зӕгъай, уордӕмӕ. Цалдӕр минуттемӕ дин бавдесдзӕй, ахур куд фӕццӕуй, уой. Ку дӕ бафӕндӕуа, уӕд идарддӕр дӕ хӕццӕ ахур кӕндзӕй.
Библи ахур кӕнун ку райдайон, уӕд гъӕуама Йегови Ӕвдесӕн исуон? Нӕ. Йегови Ӕвдесӕнтӕ уарзунцӕ адӕми хӕццӕ Библи ахур кӕнун, фал нӕ динмӕ туххӕй неке кӕнӕн. Уӕзданӕй дзорӕн, Библий ци финст ес, уой, уомӕн ӕма лӕдӕрӕн, алли адӕймагӕн дӕр барӕ ке ес, цӕмӕй равзара, цӕбӕл ӕууӕнддзӕй, уой (1 Петури 3:15).