Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕсӕймаг хай фембурд кӕнунцӕ?
Нӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕсӕймаг хай нӕ фембурд кӕнунцӕ. Нӕ куст размӕ цӕуй барвӕндӕ нисайнӕгти фӕрци. Ка цӕйбӕрцӕ раттуй, уой неке фӕззонуй. Ци ӕй дӕсӕймаг хай ӕма ’й Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕмӕннӕ фембурд кӕнунцӕ?
Рагон израилӕгтӕн Хуцау ци закъон равардта, уомӕ гӕсгӕ, алли адӕймаги дӕр гъудӕй, цидӕриддӕр имӕ адтӕй, уонӕй дӕсӕймаг хай дӕттун. Фал Библийӕй бӕрӕг ӕй, Моисейи Закъон – ӕма «дӕсӕймаг хаййи» туххӕй ци закъон адтӕй, е дӕр – киристӕнттӕмӕ ке нӕ хауй (Дзиуиттӕгтӕмӕ 7:5, 18; Колоссӕгтӕмӕ 2:13, 14).
Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕсӕймаг хай нӕ фембурд кӕнунцӕ, фал цӕмӕй сӕ гъуддаг размӕ цӕуа, уой туххӕй фиццаг ӕноси цӕрӕг киристӕнтти хузӕн аразунцӕ дууӕ гъуддаги: иннетӕн хуарз хабар игъосун кӕнунцӕ ӕма сӕ лӕвар ахур кӕнунцӕ, удта сӕххуӕдтӕ нисайнӕгтӕ дӕттунцӕ.
Уотемӕй архайӕн Библий фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Мадта алкедӕр кӕнӕд, ӕхецӕн куд загъта, уотӕ – маци кӕнӕд ӕвӕндонӕй кенӕ туххӕй кӕнгӕй, уомӕн ӕма Хуцау, зӕрдӕй ка дӕттуй, уой уарзуй» (2 Коринфӕгтӕмӕ 9:7).