Йегови Ӕвдесӕнтӕ киристӕнттӕ ’нцӕ?
Гъо. Мах киристӕнттӕ ан, уомӕн ӕма:
Архайӕн, Йесо Киристе ци дзурдта ӕма куд цардӕй, уомӕ гӕсгӕ (1 Петури 2:21).
Ӕууӕндӕн, ӕрмӕстдӕр Йесой фӕрци ке ес фӕййервӕзӕн, «уомӕн ӕма арви бун Хуцау ӕндӕр некӕмӕн равардта уӕхӕн ном – ӕрмӕстдӕр уой фӕрци фӕййервӕздзинан» (Гъуддӕгтӕ 4:12).
Адӕймаг Йегови Ӕвдесӕн ку исуй, уӕд райсуй донаргъуд Киристей номбӕл (Матфейи 28:18, 19).
Хуцаумӕ фӕкковӕн Киристей номӕй (Иоанни 15:16).
Ӕууӕндӕн, Киристе нӕ Хецау ке ӕй, гъома алли адӕймагбӕл дӕр цӕуй ӕ барӕ (1 Коринфӕгтӕмӕ 11:3).
Фал кӕцидӕр гъуддӕгти хецӕн кӕнӕн, сӕхе киристӕнттӕ ка хонунцӕ, еци динтӕй. Зӕгъӕн, мах ӕууӕндӕн, Библимӕ гӕсгӕ Киристе Хуцауи Фурт ке ӕй, Троици хай нӕ, фал (Матфейи 16:16; Марки 12:29). Мах не ’ууӕндӕн, уод ӕнӕмӕлгӕ ке ӕй ӕма Хуцау адӕми ӕности дӕргъи зиндони арти ке содзуй. Кенӕ, дини хӕццӕ баст гъуддӕгти ӕхемӕ разамунд ка есуй, уонӕн ке гъӕуама уа, иннетӕй сӕ уӕлдӕр ка кӕнуй, уӕхӕн нӕмттӕ (Екклесиаст 9:5; Йезекил 18:4; Матфейи 23:8–10).