Йегови Ӕвдесӕнтӕ протестанттӕ ’нцӕ?
Йегови Ӕвдесӕнтӕ Киристӕнттӕ ӕнцӕ, фал протестанттӕ ба нӕ ’нцӕ. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн?
Протестантти дин ӕй, «Ромаг католикон дини нихмӕ ка рацудӕй, уӕхӕн дин». Ӕма кӕд Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, е католикон дини ахурӕдтӕй хъӕбӕр хецӕн кӕнуй, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма мах протестанттӕ ан. Цӕмӕн?
Протестанттӕ цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, еци ахурӕдтӕй беретӕ Библийӕй нӕ ’нцӕ. Зӕгъӕн, Библи дзоруй, Хуцау еунӕг ке ӕй, Троицӕ нӕ, фал (1 Тимофеймӕ 2:5; Иоанни 14:28). Удта ма си комкоммӕ финст ес, Хуцау фудгӕнгути ӕносмӕ ке фесафдзӕй, зиндони арти сӕ ӕносмӕ нӕ содздзӕй, фал (Псалом 37:9; 2 Фессалоникӕгтӕмӕ 1:9).
Йегови Ӕвдесӕнтӕ нӕ цӕунцӕ нӕдӕр католикон, нӕдӕр ӕндӕр аргъауӕнти нихмӕ ӕма си ести фӕххуӕздӕр кӕнунмӕ дӕр нӕ гъавунцӕ. Мах адӕнӕн игъосун кӕнӕн Хуцауи Паддзахади туххӕй ӕма син ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй ӕууӕндонцӕ, Хуцауи зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уобӕл (Матфейи 24:14; 28:19, 20). Мах иннӕ динтӕ раййевунбӕл нӕ архайӕн, фал хуарззӕрдӕ адӕнӕн дзорӕн, ӕцӕг Хуцау ка ӕй ӕма ӕ Дзурд Библий ци финст ес, уой туххӕй (Колоссӕгтӕмӕ 1:9, 10; 2 Тимофеймӕ 2:24, 25).