Йегови Ӕвдесӕнтӕ сектӕ ’нцӕ?
Нӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ сектӕ нӕ ’нцӕ. Мах ан киристӕнттӕ, ӕма зӕрдиагӕй архайӕн, цӕмӕй Йесо Киристей фӕнзӕн ӕма ӕ ахурӕдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн.
Сектӕ ци ӕй?
Сектӕ ци ӕй, уой адӕм аллихузи лӕдӕрунцӕ. Фал ӕркӕсӕн, сектӕ ци ӕй, уой туххӕй адӕм арӕхдӕр ке фӕззӕгъунцӕ, дууӕ уӕхӕн гъудимӕ, ӕма етӕ махмӕ цӕмӕннӕ хаунцӕ.
Еуӕй-еуети гъудимӕ гӕсгӕ сектӕ ӕй, нӕуӕг кенӕ сӕйраг динбӕл нимад ка нӕй, уӕхӕн дин. Йегови Ӕвдесӕнтӕ нӕуӕг дин не ’ргъуди кодтонцӕ. Мах Хуцауӕн ковӕн, фиццаг ӕноси киристӕнттӕ ин куд кувтонцӕ, уотӕ. Сӕ гъуддӕгтӕ ӕма сӕ ахурӕдтӕ финст ӕнцӕ Библий (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Мах ӕууӕндӕн, Сугъдӕг Финстади Хуцауӕн куд ковун гъӕуй, уой туххӕй ци финст ес, уобӕл.
Еуӕй-еуети гъудимӕ гӕсгӕ сектӕ ӕй, ӕ разамонӕг адӕймаг кӕмӕн ӕй, уӕхӕн тӕссаг дини къуар. Йегови Ӕвдесӕнтӕ адӕмӕй сӕ разамонӕгбӕл неке нимайунцӕ. Мах федар хуӕцӕн, Йесо Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн ци унаффӕ равардта, уобӕл. Е загъта: «Еу Разамонӕг [уин] ес – Киристе» (Матфейи 23:10).
Йегови Ӕвдесӕнтӕ сектӕ дӕр нӕ ’нцӕ, удта тӕссаг дӕр нӕ ’нцӕ. Сӕ дин пайда ӕй сӕхецӕн дӕр ӕма иннӕ адӕмӕн дӕр. Зӕгъӕн, адӕмӕн хуарз хабар ке игъосун кӕнӕн, уой фӕрци беретӕ ниууагътонцӕ сӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ, зӕгъӕн, наркотиктӕ ӕма ниуӕзтӕ. Уомӕй уӕлдай-ма, ӕгас дуйней дӕр фӕуадзӕн кӕсун ӕмӕ финсуни къурситӕ ӕма мингай адӕми исахур кодтан кӕсун ӕма финсун. Удта ма зӕрдиагӕй банхус кӕнӕн, ӕрдзон бӕллӕхи ка бахауй, уонӕн. Мах ӕгас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй иннетӕбӕл хуарзӕрдӕмӕ ӕндавӕн, Йесо Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн куд бафӕдзӕхста, уотӕ (Матфейи 5:13–16).