Йегови Ӕвдесӕнтӕ тог бауадзунбӕл цӕмӕннӕ арази кӕнунцӕ?
Беретӕ куд гъуди кӕнунцӕ
Рӕдуд гъуди: Йегови Ӕвдесӕнтӕ дохтирти ӕнхусбӕл сӕ зӕрдӕ нӕ дарунцӕ.
Ӕцӕгӕй ба куд ӕй: Мах фӕндуй, цӕмӕй нӕхе ӕма нӕ бийнонти дзӕбӕх кӕнӕн тӕккӕ хуӕздӕр мадзӕлттӕй. Сӕйгӕ ку фӕууӕн, уӕд фӕццӕуӕн, хуасӕ ӕма операцитӕ ӕнӕ тогӕй ка кӕнуй, уӕхӕн фӕлтӕрдгун дохтиртӕмӕ. Удта нин ӕхцӕуӕн ӕй, медицинӕ размӕ ке рацудӕй. Дохтиртӕ ӕнӕ тогӕй хуасӕ кӕнун райдӕдтонцӕ, цӕмӕй Йегови Ӕвдесӕнти дзӕбӕх кодтайуонцӕ, фал нур еци мадзалӕй пайда кӕнунцӕ иннетӕ дӕр. Берӕ бӕстити адӕймагӕн ӕ бон ӕй, тог бауадзунбӕл ма исарази ун, уомӕн ӕма тӕссаг фӕууй, тоги хӕццӕ ин хуӕцгӕ нез ку бахӕссонцӕ, еци тог ин ӕ бауӕр ку нӕ райса кенӕ ин ӕй раст ку нӕ бауадзонцӕ, уомӕй.
Рӕдуд гъуди: Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕууӕндунцӕ, незтӕй се ’ууӕндундзийнади фӕрци ке исдзӕбӕх уодзӕнцӕ.
Ӕцӕгӕй ба куд ӕй: Ӕууӕндундзийнади фӕрци нӕ дзӕбӕх кӕнӕн.
Рӕдуд гъуди: Ӕнӕ тогӕй хуасӕ кӕнун хъӕбӕр хъазар ӕй.
Ӕцӕгӕй ба куд ӕй: Кӕд ӕнӕ тогӕй хуасӕ кӕнуни мадзӕлттӕ хъазардӕр ӕнцӕ, уӕддӕр ӕнӕнездзийнадӕн хуӕздӕр ӕнцӕ a.
Рӕдуд гъуди: Алли анз дӕр берӕ Ӕвдесӕнтӕ, уой хӕццӕ ба ма сувӕллӕнттӕ дӕр, рамӕлунцӕ, тог бауадзунбӕл ке не ’сарази унцӕ, уой туххӕй.
Ӕцӕгӕй ба куд ӕй: Аци гъуди раст нӕй. Дохтиртӕ арӕх ӕнӕ тогӕй фӕккӕнунцӕ аллихузи уӕззау операцитӕ зӕрдӕбӕл, стгутӕ ӕма нуӕрттӕбӕл, удта ма ӕнӕ тогӕй фӕккӕнунцӕ хурфидзаумӕутти трансплантаци дӕр b. Ӕнӕ тогӕй ке дзӕбӕх кодтонцӕ, еци сӕйгитӕ, удта ма сувӕллӕнттӕ дӕр, тогбӕл ка исарази ӕй, уонӕй тагъддӕр радзӕбӕх унцӕ c. Кудфӕнди ма уа, федарӕй зӕгъун неке бон ӕй, ӕма адӕймаг тог ку бауадза, уӕд цӕрдзӕй кенӕ тог ку нӕ бауадза, уӕд рамӕлдзӕй.
Йегови Ӕвдесӕнтӕ тог бауадзунбӕл цӕмӕннӕ арази кӕнунцӕ?
Еци фарста медицини хӕццӕ баст нӕй, фал сӕ дини хӕццӕ. Библи нӕ комкоммӕ фӕдзӕхсуй, зӕгъгӕ, тогӕй уӕхе хезетӕ (Райдайӕн 9:4; Левит 17:10; Дуккаг закъон 12:23; Гъуддӕгтӕ 15:28, 29). Уомӕй уӕлдай ма Хуцау зӕгъуй, цард тоги медӕг ке ӕй (Левит 17:14). Уомӕ гӕсгӕ, нӕхе тогӕй хезӕн, Хуцаумӕ ке игъосӕн, айдагъ уой туххӕй нӕ, фал ма ’й Царддӕттӕгбӕл ке нимайӕн, уой туххӕй дӕр.
Сӕ гъуди раййивтонцӕ
Раздӕр дохтиртӕн сӕ фулдӕр уотӕ гъуди кодтонцӕ, ӕма, ӕ бауӕри тог бауадзунбӕл ка не ’сарази уй, етӕ сӕ цард тӕссаг уавӕри ӕвӕрунцӕ ӕма е хъӕбӕр ӕнӕзунд миуӕ ӕй. Фал фӕстаг ӕнзти беретӕ ӕндӕр хузи гъуди кӕнун райдӕдтонцӕ. Зӕгъӕн, 2004 анзи еу медицинон журнали уотӕ финст адтӕй: «Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй медицини ци нӕуӕг мадзӕлттӕ фӕззиндтӕй, уонӕй тагъд дохтиртӕ пайда кӕндзӕнцӕ, Йегови Ӕвдесӕн ка нӕй, уони исдзӕбӕх кӕнунмӕ дӕр» d. 2010 анзи уагъд журнали ба финст адтӕй, зӕгъгӕ, «операци кӕнгӕй дохтиртӕ ӕнӕ тогӕй хуасӕ кӕнуни мадзӕлттӕй гъӕуама пайда кӕнонцӕ, Й[егови] Ӕ[вдесӕнти] ку фӕдздзӕбӕх кӕнунцӕ, айдагъ уӕд нӕ, фал ӕнӕуой дӕр» (Heart, Lung and Circulation).
Ӕгас дуйней дӕр мингай дохтиртӕ операци кӕнгӕй фӕййархайунцӕ, цӕмӕй сӕйгӕ минкъийдӕр тог фесафа ӕма ин тог уадзун ма багъӕуа. Сауӕнгӕ мӕгур бӕстити дӕр дохтиртӕ пайда кӕнунцӕ уӕхӕн мадзӕлттӕй, ӕма си пайда кӕнунцӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕ ка нӕ ’нцӕ, уонӕй дӕр беретӕ.
a Кӕсӕ «Transfusion and Apheresis Science», 33 том, № 3, 349 ф.
b Кӕсӕ «The Journal of Thoracic and Cardiovascular Surgery», 134 том, № 2, 287, 288 фф.; «Texas Heart Institute Journal», 38 том, № 5, 563 ф.; «Basics of Blood Management», 2 ф.; ӕма «Continuing Education in Anaesthesia», «Critical Care & Pain», 4 том, № 2, 39 ф.
c Кӕсӕ «The Journal of Thoracic and Cardiovascular Surgery», 89 том, № 6, 918 ф.; ӕма «Heart, Lung and Circulation», 19 том, 658 ф.
d «Continuing Education in Anaesthesia, Critical Care & Pain», 4 том, № 2, 39 ф.