Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕбӕл ӕууӕндунцӕ?
Йегови Ӕвдесӕнтӕ архайунцӕ, цӕмӕй Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнонцӕ, Киристе куд амудта ӕма апостолтӕ куд лӕггадӕ кодтонцӕ, уотӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан нӕ сӕйраг ахурӕдтӕмӕ.
Хуцау. Мах ковӕн не Сфӕлдесӕгӕн, еунӕг ӕцӕг Хуцауӕн, ӕ ном ӕй Йеговӕ (Псалом 83:18; Раргомадӕ 4:11). Е ӕй Авраам, Моисей ӕма Йесо Киристей Хуцау (Рацуд 3:6; 32:11; Иоанни 20:17).
Библи. Мах федарӕй ӕууӕндӕн, Библи Хуцауи разамундӕй финст ке ’рцудӕй ӕгас адӕнӕн дӕр (Иоанни 17:17; 2 Тимофеймӕ 3:16). Махӕн нӕ ахурӕдтӕ арӕзт ӕнцӕ Библий 66 киунугебӕл, Рагон Фӕдзӕхстбӕл дӕр ӕма Нӕуӕг Фӕдзӕхстбӕл дӕр. Динтӕ ӕртасӕг университети адъюнкт-профессор Джейсон Дейвид Бедун ӕ киунуги Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй загъта, зӕгъгӕ, етӕ ахур кӕнунцӕ, «ӕрмӕстдӕр Библий ци финст ес, уобӕл, удта сӕ цард дӕр уомӕ гӕсгӕ аразунцӕ. Етӕ рагацау нӕ ниллух кӕнунцӕ, Библий мӕнӕ уӕхӕн ӕма уӕхӕн гъуди гъӕуама уа, зӕгъгӕ» a.
Библий цидӕриддӕр финст ес, уобӕл ӕууӕндӕн, фал уотӕ нӕ дзорӕн, ӕма си алцидӕр комкоммӕ лӕдӕргӕ ’й. Уомӕн ӕма ’й зонӕн, Библий кӕцидӕр бунӕттӕ фӕсномуг дзурдтӕй финст ке ’нцӕ ӕма сӕ комкоммӕ лӕдӕрун ке нӕ гъӕуй (Раргомадӕ 1:1).
Йесо Киристе. Мах архайӕн Йесо Киристей ахурӕдтӕмӕ гӕсгӕ ӕма ӕ цӕветтонмӕ гӕсгӕ, ӕма ин кадӕ кӕнӕн, уомӕн ӕма нӕ Ервӕзунгӕнӕг ӕй ӕма Хуцауи Фурт ӕй (Матфеййи 20:28; Гъуддӕгтӕ 5:31). Уомӕ гӕсгӕ мах ан киристӕнттӕ (Гъуддӕгтӕ 11:26). Фал Библийӕй базудтан, Йесо Киристе Алцигъон Хуцау ке нӕй, Троици туххӕй ба си ӕппундӕр ке неци финст ес (Иоанни 14:28).
Хуцауи Паддзахадӕ. Еци Паддзахадӕ киристӕнтти зӕрди нӕй, фал ӕй уӕлӕрвти. Зӕнхон хецӕутти бӕсти уодзӕй Хуцауи Паддзахадӕ ӕма исӕнхӕст кӕндзӕй, Хуцаумӕ зӕнхи туххӕй райдайӕни ци фӕндӕ адтӕй, уой (Данел 2:44; Матфеййи 6:9, 10). Еци рӕстӕг тагъд ралӕудзӕй, уомӕн ӕма Библий пахампарӕдтӕмӕ гӕсгӕ мах цӕрӕн «фӕстаг бӕнтти» (2 Тимофеймӕ 3:1–5; Матфеййи 24:3–14).
Киристе уӕлӕрвти Хуцауи Паддзахади Паддзах ӕй. Бартӕ ӕ къохмӕ райста 1914 анзи (Раргомадӕ 11:15).
Ервӕзундзийнадӕ. Киристей нивонди фӕрци гӕнӕн ес, цӕмӕй тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй иссӕребарӕ уӕн (Матфеййи 20:28; Гъуддӕгтӕ 4:12). Цӕмӕй еци нивонд пайда ӕрхӕсса, уой туххӕй Киристебӕл уотид ӕууӕндун фагӕ нӕй. Адӕймаг гъӕуама ӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ искӕна ӕма донаргъуд райса (Матфеййи 28:19, 20; Иоанни 3:16; Гъуддӕгтӕ 3:19, 20). Адӕймагӕн е ’ууӕндундзийнадӕ уодӕгас ӕй ӕви мард, е бӕрӕг фӕууй ӕ гъуддӕгтӕй (Иакови 2:24, 26). Фал ӕ ервӕзундзийнадӕ ба фиццагидӕр кӕнгӕ ’й «Хуцауи устур хуарзӕнхӕй» (Галатӕгтӕмӕ 2:16, 21).
Уӕлӕрвтӕ. Йеговӕ Хуцау, Йесо Киристе ӕма еузӕрдон изӕдтӕ цӕрунцӕ уӕлӕрвти b (Псалом 103:19–21; Гъуддӕгтӕ 7:55). Ӕрмӕстдӕр 144 000 адӕймаги райгас уодзӕнцӕ уӕлӕрвти цӕрунмӕ ӕма Хуцауи Паддзахади Киристей хӕццӕ хецӕуттӕ уодзӕнцӕ (Данел 7:27; 2 Тимофеймӕ 2:12; Раргомадӕ 5:9, 10; 14:1, 3).
Зӕнхӕ. Хуцау зӕнхӕ сфӕлдиста, цӕмӕй ибӕл адӕн ӕносмӕ цардайуонцӕ (Псалом 104:5; 115:16; Екклесиаст 1:4). Хуцау коммӕгӕс адӕнӕн райарфӕ кӕндзӕй – уодзӕнцӕ ӕнӕнез ӕма зӕнхӕбӕл дзенети ӕносмӕ цӕрдзӕнцӕ (Псалом 37:11, 34).
Фуддзийнадӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ. Адӕн гъезӕмӕрттӕ ӕвзарун райдӕдтонцӕ, еу изӕд Хуцауи нихмӕ ку рацудӕй, уӕд (Иоанни 8:44). Еци изӕди исхудтонцӕ Сайтан ӕма Ибилис. Е фиццаг дууӕ адӕймаги ӕ зундбӕл ракодта, ӕма Хуцаумӕ ке нӕ байгъустонцӕ, уой туххӕй сӕ байзӕддӕгти дӕр кӕуйнаг уавӕри бакодтонцӕ (Райдайӕн 3:1–6; Ромӕгтӕмӕ 5:12). Цӕмӕй, Сайтан ци фарстатӕ исдзурддаг кодта, уонӕбӕл дзуапп лӕвӕрд ӕрцудайдӕ, уой туххӕй Хуцау фудгъуддӕгтӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ бауагъта, фал уотӕ ӕносмӕ нӕ уодзӕй.
Мӕлӕт. Адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд некӕмибал фӕццӕруй (Псалом 146:4; Екклесиаст 9:5, 10). Зиндони арти нӕ фӕгъгъезӕмарӕ кӕнуй.
Хуцау миллиардгай адӕни райгас кӕндзӕй (Гъуддӕгтӕ 24:15). Фал ка райгас уа, уонӕй кедӕр ку нӕ бафӕндӕуа Хуцауи закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ цӕрун, уӕд ӕносмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕй ӕма ин райгасдзийнади нифс нӕбал уодзӕй (Раргомадӕ 20:14, 15).
Бийнонтӕ. Мах цӕрӕн, Хуцау бийнонти цардӕн ци ӕгъдау ӕрӕвардта, уомӕ гӕсгӕ, гъома еу нӕлгоймаг ӕма еу силгоймаг еумӕ цӕрунцӕ, ӕма син рахецӕн уни барӕ фӕууй, еу си иннебӕл гадзирахаттӕй ку рацӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Матфеййи 19:4–9). Мах ӕй федарӕй зонӕн, бийнонтӕ Библий зундгин унаффитӕмӕ гӕсгӕ ку цӕронцӕ, уӕд амондгун ке уодзӕнцӕ (Ефесӕгтӕмӕ 5:22–6:1).
Нӕ лӕггадӕ. Мах крестӕн кенӕ ӕндӕр уӕхӕн цӕмӕндӕрти нӕ ковӕн (Дуккаг закъон 4:15–19; 1 Иоанни 5:21). Нӕ лӕггади ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ ӕнцӕ:
Хуцаумӕ ковун (Филиппӕгтӕмӕ 4:6).
Библи кӕсун ӕма ’й ӕртасун (Псалом 1:1–3).
Библийӕй ци базонӕн, уобӕл сагъӕс кӕнун (Псалом 77:12).
Еумӕ ӕмбурд кӕнун, цӕмӕй ковӕн, Библи ахур кӕнӕн, не ’ууӕндундзийнади хӕццӕ баст гъуддӕгтӕбӕл дзорӕн ӕма не ’мкиристӕнтти, удта иннети федар кӕнӕн (Колоссӕгтӕмӕ 3:16; Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:23–25).
«Хуцауи Паддзахади туххӕй... хуарз хабар» игъосун кӕнӕн (Матфеййи 24:14).
Ӕнхус ке гъӕуй, уонӕн ӕнхус кӕнӕн (Иакови 2:14–17).
Ӕгас дуйнебӕл дӕр Библи ахур кӕнуни туххӕй ци куст цӕуй, уомӕн ци бунӕттӕ ӕма залтӕ гъӕуй, уони аразӕн ӕма сӕмӕ зелӕн (Псалом 127:1).
Ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастонцӕ, уонӕн ӕнхус кӕнӕн (Гъуддӕгтӕ 11:27–30)
Нӕ организаци. Махӕн ес ӕмбурдтӕ ӕма алли ӕмбурди дӕр ес хестӕр нӕлгоймӕгти совет. Фал хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дини косгутӕ нӕ ’нцӕ ӕма сӕ лӕггади туххӕй ӕхца нӕ есунцӕ (Матфеййи 10:8; 23:8). Нӕ фембӕлдти ӕхца кенӕ дӕсӕймаг хай нӕ фембурд кӕнӕн (2 Коринфӕгтӕмӕ 9:7). Нӕ куст размӕ цӕуй барвӕндон нисайнӕгти фӕрци, фал ка цӕйбӕрцӕ раттуй, уой ба неке фӕззонуй.
Ӕгас дуйнебӕл Йегови Ӕвдесӕнти гъуддагӕн разамунд дӕттуй Разамонӕг совет – фӕлтӕрдгун киристӕнтти минкъий къуар. Етӕ лӕггадӕ кӕнунцӕ Йегови Ӕвдесӕнти сӕйраг хайади (Матфеййи 24:45).
Нӕ еудзийнадӕ. Ӕгас дуйнебӕл дӕр Йегови Ӕвдесӕнтӕ еци еу ахурӕдтӕбӕл хуӕст ӕнцӕ (1 Коринфӕгтӕмӕ 1:10). Мах архайӕн, цӕмӕй нӕ астӕу еудзийнадӕ уа, ӕма кӕрӕдзей адӕнихатмӕ гӕсгӕ, бауӕри хузӕмӕ гӕсгӕ ӕма, ка ци уавӕри цӕруй, уомӕ гӕсгӕ ма дехтӕ кӕнӕн (Гъуддӕгтӕ 10:34, 35; Иакови 2:4). Фал еци еудзийнадӕ уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма кӕцидӕр гъуддӕгти нӕ зӕрдӕмӕ фулдӕр ци цӕуй, уой ӕвзарун нӕ бон нӕй. Алли Йегови Ӕвдесӕн дӕр унаффитӕ хӕссуй, Библимӕ гӕсгӕ ахур ӕфсарӕ ин ци дзоруй, уомӕ гӕсгӕ (Ромӕгтӕмӕ 14:1–4; Дзиуиттӕгтӕмӕ 5:14).
Нӕ уагӕ ӕма не ’гъдау. Мах архайӕн, цӕмӕй нӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг уа, иннети ӕнӕхийнӕ уарзт ке кӕнӕн (Иоанни 13:34, 35). Мах нӕхе хезӕн, Хуцауи зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй, уомӕ хауй тог уадзун дӕр (Гъуддӕгтӕ 15:28, 29; Галатӕгтӕмӕ 5:19–21). Фарнӕмӕ тундзӕн ӕма тугъдтити нӕ архайӕн (Матфеййи 5:9; Исай 2:4). Ци бӕстити цӕрӕн, еци бӕстити хецауадӕ нимайӕн ӕма закъӕнттӕ ӕнхӕст кӕнӕн, Хуцауи закъӕнтти нихмӕ ку нӕ уонцӕ, уӕд (Матфеййи 22:21; Гъуддӕгтӕ 5:29).
Иннети хӕццӕ куд ан. Киристе бафӕдзахста: «Иннети уарзӕ, дӕхе куд уарзис, уотӕ». Удта ма загъта, киристӕнттӕ «аци дуйнейӕй [ке] нӕ ’нцӕ» (Матфеййи 22:39; Иоанни 17:16). Уомӕ гӕсгӕ архайӕн, цӕмӕй «алкӕмӕндӕр хуарздзийнадӕ кӕнӕн», фал нӕхе хезӕн политикӕй ӕма иннӕ динти гъуддӕгти нӕ архайӕн (Галатӕгтӕмӕ 6:10; 2 Коринфӕгтӕмӕ 6:14). Фал аци фарстати фӕдбӕл иннети гъуди дӕр нимайӕн (Ромӕгтӕмӕ 14:12).
Кӕд дӕмӕ фарстатӕ ес, Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой фӕдбӕл, уӕд дӕ бон ӕй фулдӕр базонун нӕ сайти, нӕ филиалтӕй ескӕцими, хӕстӕгдӕр дӕмӕ ка ӕй, еци Йегови Ӕвдесӕнти зали, кенӕ ба дӕ бон ӕй Йегови Ӕвдесӕнтӕй еске хӕццӕ радзубанди кӕнун.
a Кӕсӕ киунугӕ «Рӕстдзийнади тӕлмац», 165 фарс (Truth in Translation).
b Кӕд фудгӕнӕг изӕдтӕ уӕлӕрвтӕй гӕлст ӕрцудӕнцӕ, уӕддӕр ӕнцӕ ӕнӕуингӕ (Раргомадӕ 12:7–9).