Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма ӕрмӕстдӕр етӕ фӕййервӕздзӕнцӕ?
Нӕ. Евгъуд ӕности ка цардӕй, уонӕй милиуантӕ кӕд Йегови Ӕвдесӕнтӕ н’ адтӕнцӕ, уӕддӕр син ес ервӕзундзийнади нифс. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ нин Хуцау зӕрдӕ байвардта нӕуӕг дуйнейӕй, ӕма уоми «райгас уодзӕнцӕ рӕстгӕнгутӕ дӕр ӕма фудгӕнгутӕ дӕр» (Гъуддӕгтӕ 24:15). Удта ма нӕ рӕстӕги ка цӕруй, уонӕн дӕр сӕ бон ӕй Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун райдайун, цӕмӕй етӕ дӕр фӕййервӕзонцӕ. Фал кудфӕнди ма уа, уӕддӕр махӕн уӕхӕн барӕ нӕййес, цӕмӕй унаффӕ хӕссӕн, ка фӕййервӕздзӕй, ӕма ка нӕ фӕййервӕздзӕй, уой фӕдбӕл. Еци гъуддаг лӕвӕрд ӕй Йесой къохмӕ (Иоанни 5:22, 27).