Йегови Ӕвдесӕнтӕ Комуадзӕн цӕмӕннӕ бӕрӕг кӕнунцӕ?
Беретӕ куд гъуди кӕнунцӕ
Рӕдуд гъуди: Йегови Ӕвдесӕнтӕ Комуадзӕн нӕ бӕрӕг кӕнунцӕ, уомӕн ӕма киристӕнттӕ нӕ ’нцӕ.
Ӕцӕгӕй ба куд ӕй: Мах ӕууӕндӕн, Киристе нӕ Ервӕзунгӕнӕг ке ӕй, ӕма ӕгас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй «’ӕ къахвӕдтӕбӕл цӕуӕн» (1 Петури 2:21; Лукай 2:11).
Рӕдуд гъуди: Сумах не ’ууӕндетӕ, Йесо мӕрдтӕй ке райгас ӕй.
Ӕцӕгӕй ба куд ӕй: Мах ӕууӕндӕн, Йесо ке райгас ӕй; зонӕн ӕй, е ӕцӕг хабар ке ӕй Библимӕ гӕсгӕ ӕма адӕмӕн дӕр уой туххӕй дзорӕн (1 Коринфӕгтӕмӕ 15:3, 4, 12–15).
Рӕдуд гъуди: Уӕ сувӕллӕнттӕбӕл нӕ сагъӕс кӕнтӕ ӕма сӕ игъӕлдзӕг бӕрӕгбонӕй ӕнӕхай кӕнтӕ.
Ӕцӕгӕй ба куд ӕй: Мах нӕ сувӕллӕнтти уарзӕн – неци син ӕвгъау кӕнӕн, цӕмӕй сӕ хуарз исгъомбӕл кӕнӕн ӕма син банхус кӕнӕн, цӕмӕй амондгун уонцӕ (Титмӕ 2:4).
Йегови Ӕвдесӕнтӕ Комуадзӕн цӕмӕннӕ бӕрӕг кӕнунцӕ?
Комуадзӕн бӕрӕг кӕнун Библимӕ гӕсгӕ раст нӕй.
Йесо ниффӕдзахста, цӕмӕй ин бӕрӕг кӕнӕн ӕ мӕлӕти бон ӕ райгаси бон нӕ, фал. Ӕма ’й мах дӕр алли анз дӕр Библий къӕлиндармӕ гӕсгӕ фӕббӕрӕг кӕнӕн (Лукай 22:19, 20).
Мах ӕй зонӕн, Комуадзӕни бӕрӕгбон мӕнгӕ динӕй ке рацудӕй, ӕма Хуцауи зӕрдӕмӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ нӕ цӕуй. Хуцауи фӕндуй, «цӕмӕй еузӕрдон ӕрмӕстдӕр уобӕл уӕн», ӕма ин хъӕбӕр зин фӕууй, ӕ зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, еци бӕрӕгбӕнттӕ ку фӕббӕрӕг кӕнӕн, уӕд (Рацуд 20:5; 1 Паддзӕхти 18:21).
Комуадзӕни бӕрӕгбон ке нӕ бӕрӕг кӕнӕн, е раст ӕй Библимӕ гӕсгӕ. Хуцауи Дзурд нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй, адӕм ке ӕргъуди кодтонцӕ, еци ӕгъдӕутти фӕдбӕл ма цӕуӕн, фал «зундӕй архайӕн ӕма гъуди кӕнун зонӕн» (Ӕмбесӕндтӕ 3:21; Матфейи 15:3). Еске нӕ ку бафӕрсуй, Комуадзӕни бӕрӕгбон цӕмӕннӕ бӕрӕг кӕнӕн, уӕд ин ӕй балӕдӕрун кӕнӕн. Фал ни иронх нӕй, алли адӕймагӕн дӕр ӕхе барӕ ке ӕй, бӕрӕг кӕндзӕй еци бӕрӕгбон ӕви нӕ, е (1 Петури 3:15).