Йегови Ӕвдесӕнтӕ сӕ ном кӕцӕй райстонцӕ?
Библий куд кӕсӕн, уомӕ гӕсгӕ Хуцауи ном ӕй Йеговӕ (Рацуд 6:3; Псалом 83:18). Ӕвдесӕн ба ӕй, цӕхуӕндӕр хабар ка зонуй ӕма ’й иннетӕн ка дзоруй, уӕхӕн адӕймаг.
Уомӕ гӕсгӕ нӕ ном Йегови Ӕвдесӕнтӕ, уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма мах ан, Йегови туххӕй, алцидӕр ка сфӕлдиста, уой туххӕй рӕстдзийнадӕ ка дзоруй, еци киристӕнттӕ (Раргомадӕ 4:11). Куд цӕрӕн ӕма, Библийӕй ци базудтан, уой иннетӕн ке игъосун кӕнӕн, уомӕй Хуцауӕн ӕвдесӕн лӕууӕн (Исай 43:10–12; 1 Петури 2:12).