Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ уотӕ кӕсуй ӕма ӕрмӕстдӕр сӕхе дин ӕй раст?
Ӕ динбӕл федар ка хуӕцуй, уонӕй алкедӕр ӕууӕндуй, ӕ дин Хуцауи ӕма Йесо Киристей зӕрдӕмӕ ке цӕуй. Ӕндӕра еци динбӕл хуӕст цӕмӕ ’нцӕ?
Йесо Киристе уотӕ нӕ гъуди кодта, ӕма ци берӕ динтӕ ӕма ци аллихузи нӕдтӕ ес, етӕ еугурӕйдӕр ервӕзундзийнадӕмӕ кӕнунцӕ. Е загъта: «Цардмӕ ка кӕнуй, еци над ба унгӕг ӕй, ӕма дуар дӕр нарӕг ӕй, ӕма еци над беретӕ не ’ссерунцӕ» (Матфейи 7:14). Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕууӕндунцӕ, еци над ке иссирдтонцӕ, уобӕл. Уотӕ ку нӕ уайдӕ, уӕд ӕндӕр дин равзурстайуонцӕ.