Йегови Ӕвдесӕнтӕ америкаг сектӕ ’нцӕ?
Нӕ сӕйраг хайадӕ ӕй Америки Еугонд Штатти. Фал америкаг сектӕ нӕ ан, уомӕн ӕма:
Сектӕбӕл фӕннимайунцӕ, цӕхуӕндӕр динӕй ка рахецӕн ӕй, уӕхӕн адӕми къуар. Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕхуӕндӕр динӕй нӕ рахецӕн ӕнцӕ. Фал мах архайӕн, цӕмӕй, фиццаг ӕноси ци киристон дин адтӕй, е фӕстӕмӕ исфедар уа.
Йегови Ӕвдесӕнтӕ зӕрдиагӕй архайунцӕ 230-ӕй фулдӕр бӕстеми. Кӕмифӕнди ма цӕрӕн, мах фиццаг бунати ӕвӕрӕн Йеговӕ Хуцауи ӕма Йесо Киристей, Еугонд Штатти кенӕ ӕндӕр ескӕци бӕсти хецауади нӕ, фал (Иоанни 15:19; 17:15, 16).
Нӕ ахурӕдтӕ еугурӕйдӕр арӕзт ӕнцӕ Библибӕл, Еугонд Штатти цӕрӕг дини разамонгути киунугӕбӕл нӕ, фал (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13).
Мах цӕуӕн Йесо Киристей фӕдбӕл, цӕхуӕндӕр зӕнхон разамонгути фӕдбӕл нӕ, фал (Матфейи 23:8–10).