Йегови Ӕвдесӕнти ӕмбурдтӕ куд арӕзт ӕнцӕ?
Алли ӕмбурдмӕ дӕр ӕ гъос даруй хестӕр нӕлгоймӕгти совет. 20 ӕмбурдей бӕрцӕ хауй еу районмӕ. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕмбурдтӕ фӕббӕрӕг кӕнунцӕ цӕуӕг хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, хонунцӕ сӕ районон цӕстӕдаргутӕ.
Разамонӕг совет разамунд дӕттуй Библимӕ гӕсгӕ. Разамонӕг совети ӕнцӕ, Йеговӕн рагӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн Ӕвдесӕнтӕ. Етӕ косунцӕ Йегови Ӕвдесӕнти сӕйраг хайади Уорвикки (штат Нью-Йорк, АЕШ) (Гъуддӕгтӕ 15:23–29; 1 Тимофеймӕ 3:1–7).