Йегови Ӕвдесӕнтӕ сӕхе дин кӕмӕн ес, уонӕмӕ ма цӕмӕн цӕунцӕ?
Ӕхе дин кӕмӕн ес, уонӕй беретӕ уарзунцӕ Библибӕл радзубанди кӕнун. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, алли адӕймагӕн дӕр барӕ ес, цӕмӕй ӕхуӕдӕг равзара, цӕхуӕн динбӕл хуӕст уодзӕй, уой. Уомӕ гӕсгӕ нӕ динмӕ тухӕй неке кӕнӕн.
Дини туххӕй иннети хӕццӕ ку фӕдздзорӕн, уӕд фӕййархайӕн, цӕмӕй, Библи куд зӕгъуй, уотемӕй, «дзуапп дӕттӕн сабурӕй ӕма уӕзданӕй» (1 Петури 3:15). Мах ӕй зонӕн кадӕртӕ нӕмӕ ке нӕ байгъосдзӕнцӕ (Матфейи 10:14). Фал адӕймаги хӕццӕ дзубанди кӕнун ку нӕма райдайӕн, уӕд ӕй, уой разӕй нӕма фӕззонӕн, байгъосдзӕй нӕмӕ ӕви нӕ, уой. Удта ма ’й лӕдӕрӕн, адӕмӕн сӕ уавӕртӕ ке феййевунцӕ.
Зӕгъӕн, адӕймаги еу бон дзорунмӕ ӕппундӕр нӕ фӕййевдӕлуй, иннӕ бон ба нӕ хӕццӕ зӕрдиагӕй радзубанди кӕнуй. Удта адӕймаг еуӕй-еухатт уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлуй, кенӕ ба уӕхӕн зин уавӕри бахауй, ӕма ’й бафӕндуй Библи хуӕздӕр базонун. Уомӕ гӕсгӕ фӕййархайӕн, цӕмӕй адӕммӕ нӕуӕгӕй бацӕуӕн.