Перейти к основным материалам

Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ, ӕхца кӕмӕн федунцӕ, уӕхӕн саугинтӕ ес?

Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ, ӕхца кӕмӕн федунцӕ, уӕхӕн саугинтӕ ес?

 Фиццаг ӕноси киристӕнтти хузӕн Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕр саугинтӕ ӕма ӕнӕуой адӕмбӕл дех нӕ ’нцӕ. Донаргъуд ка райста, етӕ еугурӕйдӕр исунцӕ Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ ӕма фӕййархайунцӕ игъосун кӕнуни ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги. Йегови Ӕвдесӕнтӕн фӕууй берӕ ӕмбурдтӕ, ӕма алли ӕмбурди дӕр фӕууй еу 100 адӕймагей бӕрцӕ. Алли ӕмбурди дӕр лӕггадӕ кӕнунцӕ фӕлтӕрдгун нӕлгоймӕгтӕ кенӕ цӕстӕдаргутӕ, хонунцӕ сӕ «хестӕр нӕлгоймӕгтӕ» (Титмӕ 1:5). Сӕ кустбӕл син ӕхца нӕ федунцӕ.