Йегови Ӕвдесӕнтӕ ци куст кӕнунцӕ, уомӕн син ӕхца кӕцӕй ес?
Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕгас дуйнебӕл дӕр ци куст кӕнунцӕ, е размӕ цӕуй сӕйрагидӕр сӕ барвӕндон нисайнӕти фӕрци a. Ӕмбурдтӕ нин кӕми фӕууй, уоми ес нисайнагдӕнттӕ. Фал ма уомӕй уӕлдай, нисайнаг раттӕн куд ес, уой туххӕй базонӕн ес сайти jw.org (кӕсӕ вкладкӕ «Нисайнӕгтӕ»). Уоми адӕймагӕн ӕ бон ӕй равзарун, нисайнаг ӕй цӕхуӕн гъуддагӕн раттун фӕндуй, уой, зӕгъӕн, ӕгас дуйнеуон гъуддагӕн, ӕмбурди гъуддагӕн кенӕ дууемӕн дӕр.
Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕсӕймаг хай нӕ фембурд кӕнунцӕ, удта сӕбӕл уӕхӕн ихӕс дӕр нӕййес, цӕмӕй бӕлвурдӕй цӕйбӕрцӕдӕр кенӕ сӕмӕ ци ӕхца хауй, уомӕй проценттӕ дӕттонцӕ (2 Коринфӕгтӕмӕ 9:7). Мах адӕнӕй ӕмбурдмӕ бацӕуни туххӕй кенӕ донаргъуд раттуни туххӕй ӕхца некӕд фӕййесӕн ӕма син нисайнӕгтӕ туххӕй нӕ фӕддӕттун кӕнӕн. Кенӕ, зӕгъӕн, зиани кенӕ киндзӕхсӕвӕри нӕ дини хӕццӕ баст хабӕрттӕ кӕнун ку фӕгъгъӕуй, уӕд уобӕл дӕр ӕхца нӕ фӕййесӕн. Адӕнӕй ӕхца райсуни туххӕй адгийнӕгтӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн цидӕртӕ нӕ фӕууӕйӕ кӕнӕн, лотерейӕй нӕ фӕгъгъазӕн, бӕрӕгбӕнттӕ нӕ фӕккӕнӕн, фингтӕ нӕ февӕрӕн ӕма ӕндӕр уӕхӕн гъуддӕгтӕ нӕ фӕккӕнӕн, удта нисайнӕгтӕ нӕ фӕккорӕн. Нисайнаг ка раттуй, уой неке базонуй (Матфеййи 6:2–4). Нӕ сайти ӕма нӕ публикацити рекламӕ нӕййес.
Алли мӕйӕ дӕр Йегови Ӕвдесӕнти алли ӕмбурди дӕр бакӕсунцӕ ӕхцай хигъд, ӕмбурдмӕ ба алке бон дӕр ӕй ӕрбацӕун. Ӕмбурди хӕрзтӕмӕ ӕнсувӕртӕ ӕдзох сӕ гъос дарунцӕ, цӕмӕй исбӕрӕг кӕнонцӕ, нисайнӕгтӕ раст харзгонд ке цӕунцӕ (2 Коринфӕгтӕмӕ 8:20, 21).
Нисайнӕгтӕ куд ес раттӕн
Нисайнагдӕнттӕ. Ӕмбурдтӕ нин кӕми фӕццӕунцӕ, зӕгъӕн, Йегови Ӕвдесӕнти залти, Конгрессти залти кенӕ ӕндӕр рауӕн, уоми фӕууй нисайнагдӕнттӕ. Ӕма дӕ нисайнаг раттун ку фӕндӕуа, уӕд дӕ бон ӕй ӕхца кенӕ ӕхцай чек нисайнагдони ниггӕлдзун.
Нисайнӕгтӕ интернети фӕрци. Берӕ бӕстити нӕ сайти ес бацӕуӕн фарсмӕ «Пожертвования Свидетелям Иеговы» ӕма нисайнаг картӕй кенӕ банки фӕрци рарветун кенӕ испайда кӕнун, сайти ма никкидӕр ци мадзӕлттӕ ес, уонӕй ескӕцимӕй b. Йегови Ӕвдесӕнтӕй еуӕй-еуетӕ ниллух кодтонцӕ, алли мӕйӕ дӕр се ’хцайӕй нисайнӕгтӕ цӕйбӕрцӕ ӕрветдзӕнцӕ, уой (1 Коринфӕгтӕмӕ 16:2). Удта равзарунцӕ, уӕлдӕр ке кой кодтан, еци мадзӕлттӕй ескӕци, ӕма уотемӕй сӕ нисайнаг ӕхуӕдӕг рандӕ уй.
Рагацау пълан кӕнун ке гъӕуй, уӕхӕн нисайнӕгтӕ. Нисайнӕгтӕ дӕттунмӕ ци мадзӕлттӕ ес, уонӕй еуӕй-еуетӕ фӕгъгъӕуй рагацау испълан кӕнун ӕма/кенӕ фӕгъгъӕуй юристи консультаци. Нисайнаг раттун рагацау ку пълан кӕнай, уӕд, ка ’й зонуй, дӕ бон исуа испайда кӕнун, уӕ бӕсти дин закъонмӕ гӕсгӕ ци льготитӕ ӕмбӕлуй, уонӕй. Беретӕн устур ӕнхус фӕцӕй информаци, нисайнагӕн сӕ бон ци ӕй уодӕгасӕй раттун кенӕ сӕ мӕлӕти фӕсте ниууадзун, уой фӕдбӕл. Нисайнаг дӕ бон ӕй раттун уӕхӕн мадзӕлтти фӕрци:
банковские вклады,
страховые выплаты,
недвижимость,
акции и ценные бумаги,
завещание и договор доверительного управления имуществом.
Кӕми цӕрис, уоми нисайнаг раттӕн куд ес, уой фӕдбӕл дӕ бон ӕй фулдӕр информаци иссерун сайти jw.org фарсбӕл «Пожертвования Свидетелям Иеговы».
a Йегови Ӕвдесӕн ка нӕй, уонӕй дӕр кадӕртӕ нӕ гъуддагӕн нисайнӕгтӕ дӕттунцӕ.
b Цӕмӕй фулдӕр базонай, уой туххӕй бакӕсӕ видеороликмӕ «Как сделать пожертвования через наш сайт».