Перейти к основным материалам

Ӕцӕгӕйдӕр Йегови Ӕвдесӕнтӕн сӕхе Библи ес?

Ӕцӕгӕйдӕр Йегови Ӕвдесӕнтӕн сӕхе Библи ес?

 Библи ӕртасгӕй Йегови Ӕвдесӕнтӕ пайда кӕнунцӕ аллихузи тӕлмацтӕй. Фал арӕхдӕр ба фӕппайда кӕнунцӕ «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-ӕй, уомӕн ӕма ӕй ӕнцонлӕдӕрӕн, удта си Хуцауи ном финст ес.

  •   Ес си Хуцауи ном. Библи ка ниммухур кӕнуй, уонӕй еуӕй-еуетӕ кадӕ кӕмӕн кӕнгӕ ’й, уомӕн нӕ кӕнунцӕ. Зӕгъӕн, еу тӕлмаци финст ӕрцудӕй, ӕ рауадзунбӕл ка архайдта, уони нӕмттӕ. Адтӕнцӕ 70-ӕй фулдӕр. Фал, Библий ӕцӕгӕйдӕр ке гъудитӕ финст ес – Йеговӕ Хуцауи – уой ном ба си еунӕг хатт дӕр финст не ’рцудӕй!

     «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-и ба Хуцауи ном мингай хӕттити рамбӕлуй, фиццаг къохфинстити кӕмидӕриддӕр финст адтӕй, еци бунӕтти. Фал ӕй ка тӕлмац кодта, уони нӕмттӕ ба си финст нӕ ’нцӕ.

  •   Ӕй раст. Библий еугур тӕлмацтӕй нӕййес зӕгъӕн, ӕма фиццаг къохфинститӕмӕ гӕсгӕ раст ӕнцӕ. Цӕветтонӕн ӕрхӕссӕн Матфейи 7:13 стих: «Бахезетӕ нарӕг дуарбӕл, уомӕн ӕма зиндонӕмӕ ка кӕнуй, еци над ӕй фӕтӕн ӕма уӕрӕх». Фал фиццаг къохфинстити аци стихи финст ес дзурд «исӕфтмӕ», «зиндонӕмӕ» нӕ, фал. Ӕвӕдзи, тӕлмацгӕнгутӕ ӕууӕндтӕнцӕ, лӕгъуз адӕн зиндонӕмӕ ке бахаунцӕ, уобӕл, ӕма ӕй уой туххӕй ниффинстонцӕ. Фал еци ахурадӕ Библимӕ гӕсгӕ раст нӕй. «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-и ба еци стих раст финст ӕй: «Бахезетӕ нарӕг дуарбӕл, уомӕн ӕма исӕфтмӕ ка кӕнуй, еци над ӕй фӕтӕн ӕма уӕрӕх».

  •   Ӕй ӕнцонлӕдӕрӕн. Хуарз тӕлмац гъӕуама айдагъ раст ма уа, фал ма гъӕуама уа ӕнцонлӕдӕрӕн. Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Ромӕгтӕмӕ 12:11 стихи апостол Павел ци дзурдӕй испайда кодта, е комкоммӕ нисан кӕнуй «уодӕй ирайун». Мах рӕстӕги кӕсгутӕй, еци дзурд цӕмӕ гӕсгӕ финст ӕрцудӕй, уой, ӕвӕдзи, алке нӕ балӕдӕрдзӕй, фал «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-и ба еци дзурдбаст ӕнцондӕр лӕдӕрӕн ӕй, «уӕ уодӕй арт уадзетӕ», зӕгъгӕ.

 Нӕуӕг дуйней тӕлмаци Хуцауи ном ке ес, удта раст ӕма ӕнцонлӕдӕрӕн ке ӕй, уомӕй уӕлдай ма еу цӕмӕйдӕр хецӕн кӕнуй – ӕхца федун ибӕл нӕ гъӕуй. Уой фӕрци милиуангай адӕнӕн, удта ’й балхӕнун ке бон нӕй, уӕнӕн дӕр сӕ бон ӕй Библи кӕсун сӕхе ӕвзагбӕл.