Холокости рӕстӕг Йегови Ӕвдесӕнтӕ цитӕ бавзурстонцӕ?
Холокости рӕстӕг Германий ӕма, нациститӕ ке байахӕстонцӕ, еци бӕстити цардӕй еу 35 000 Йегови Ӕвдесӕни. Уонӕй 1 500 бӕрцӕ фӕммардӕнцӕ. Ка си куд фӕммардӕй, уонӕй алке хабар бӕрӕг нӕй. Аци хабар нур дӕр ма ке ӕртасунцӕ, уомӕ гӕсгӕ си кӕцидӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ, гӕнӕн ес, ӕма раййевонцӕ.
Куд фӕммардӕнцӕ?
Ра сӕ мариуонцӕ. Германий ӕма, нациститӕ ке байахӕстонцӕ, еци бӕстити еу 400 Йегови Ӕвдесӕней рамардтонцӕ. Сӕ фулдӕремӕн рахастонца мӕлӕти тӕрхон ӕма син сӕ сӕртӕ ракъуӕрдтонцӕ. Иннети ба фехстонцӕ кенӕ ниййауигътонцӕ, тӕрхон дӕр син не ’скодтонцӕ, уотемӕй.
Дардтонцӕ сӕ хъӕбӕр лӕгъуз уавӕрти. Нацистити концлагерти ӕма ахӕстдӕнтти фӕммардӕй 1 000 Йегови Ӕвдесӕнемӕй фулдӕр. Рамӕлиуонцӕ фур уӕззау кустӕй, фудмиутӕй, ӕстонгӕй, уазалӕй, незтӕй ӕма син дохтурти ӕнхус ке н’ адтӕй, уой туххӕй. Уӕхӕн фудуавӕрти сӕ ке дардтонцӕ, уой туххӕй ма беретӕ рамардӕнцӕ, Дуккаг Дуйнеуон тугъди фӕсте сӕ ку исуӕгъдӕ кодтонцӕ, уӕд.
Ӕндӕр гъуддӕгти туххӕй. Еуӕй-еу Йегови Ӕвдесӕнти рамардтонцӕ гази камерити, иннетӕ ба рамардӕнцӕ, дохтуртӕ сӕбӕл аллихузи хуастӕ ке ӕвзурстонцӕ, уой туххӕй кенӕ син сӕ бауӕри марг ке бауадзиуонцӕ, уой туххӕй.
Сӕ фӕдбӕл цӕмӕн зилдӕнцӕ?
Йегови Ӕвдесӕнти фӕдбӕл зилдӕнцӕ, уомӕн ӕма нӕ арази кодтонцӕ Библий ахурӕдти сӕрти хезун. Нациститӕ Ӕвдесӕнтӕн Библий нихмӕ ести ку кӕнун кодтонцӕ, уӕд син етӕ нӕ арази кодтонцӕ. Етӕ сӕ хецаубӕл фиццагидӕр нимадтонцӕ Хуцауи, адӕни нӕ, фал (Гъуддӕгтӕ 5:29). Ӕркӕсӕн, Йегови Ӕвдесӕнтӕ уотӕ цӕхуӕн дууӕ гъуддагеми архайдтонцӕ, уомӕ.
Полики хӕццӕ баст гъуддӕгти нӕ архайдтонцӕ. Абони Йегови Ӕвдесӕнтӕ кӕмифӕнди ма цӕронцӕ, уӕддӕр политики хӕццӕ баст гъуддӕгти нӕ архайунцӕ (Иоанни 18:36). Ӕма уотӕ адтӕй нацистити рӕстӕг дӕр.
Ӕфсадмӕ нӕ цудӕнцӕ, удта тугъди хабӕртти дӕр нӕ архайдтонцӕ (Исай 2:4; Матфеййи 26:52).
Гъӕлӕс кӕнунмӕ нӕ цудӕнцӕ, удта нацистити организацитӕмӕ дӕр не ’рбайеу уайуонцӕ (Иоанни 17:16).
Нацистити турусайӕн кадӕ кӕнун нӕ кумдтонцӕ, удта «Хайль Гитлер!» дӕр нӕ дзурдтонцӕ (Матфеййи 23:10; 1 Коринфӕгтӕмӕ 10:14).
Идарддӕр Хуцауӕн лӕггадӕ кодтонцӕ. Кӕд хецауадӕ Йегови Ӕвдесӕнти нихмӕ рацудӕй, уӕддӕр етӕ ба идарддӕр сӕ дини ӕгъдӕуттӕ ӕнхӕст кодтонцӕ.
Ӕмбурд кодтонцӕ, цӕмӕй Хуцауӕн еумӕ ковонцӕ ӕма ин лӕггадӕ кӕнонцӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25).
Библий рӕстдзийнадӕ игъосун кодтонцӕ ӕма Библибӕл арӕзт литературӕ парахат кодтонцӕ (Матфеййи 28:19, 20).
Ӕгасемӕдӕр, уой хӕццӕ ба ма дзиуиттӕгтӕмӕ дӕр, хуарз зӕрдӕ дардтонцӕ (Марки 12:31).
Сӕ дин ниууадзунбӕл нӕ арази кодтонцӕ ӕма, уой туххӕй финст кӕми адтӕй, еци гӕгъӕдибӕл сӕ къох не ’вардтонцӕ (Марки 12:30).
Историй профессор Роберт Герварт ӕ киунугутӕй еуеми Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй загъта: «Ӕртиккаг рейхи рӕстӕг ӕрмӕстдӕр Йегови Ӕвдесӕнти ӕфхуардтонцӕ сӕ дини туххӕй» a. Сӕ хӕццӕ концлагерти ка бадтӕй, етӕ хъӕбӕр дес кодтонцӕ, сӕ динбӕл куд еузӕрдон адтӕнцӕ, уобӕл. Еу австриаг ахӕст уотӕ загъта: «Етӕ тугъдмӕ нӕ цӕунцӕ, ӕма еске рамаруни бӕсти сӕхуӕдтӕ мӕлӕтбӕл арази ’нцӕ».
Кӕми фӕммардӕнцӕ?
Концлагертӕ. Йегови Ӕвдесӕнтӕн сӕ фулдӕр фӕммардӕнцӕ концлагерти Бухенвальд, Дахау, Заксенхаузен, Маутхаузен, Нидерхаген, Нойенгамме, Освенцим, Равенсбрюк ӕма Флоссенбюрг. Бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ айдагъ Заксенхаузени фӕммардӕй еу 200 Йегови Ӕвдесӕни.
Ахӕстдӕнттӕ. Еуӕй-еу Йегови Ӕвдесӕнтӕ рамардӕнцӕ, ахӕстдӕнтти син фудмиутӕ ке кодтонцӕ, уой туххӕй кенӕ ба сӕ естӕбӕлти ку фӕффӕрсиуонцӕ ӕма сӕ фуднад ку фӕккӕниуонцӕ, уӕд.
Марӕн бунӕттӕ. Йегови Ӕвдесӕнти мардтонцӕ сӕйрагидӕр Берлин-Плётцензе, Бранденбург-Гёрден ӕма Галли ахӕстдӕнтти. Бӕрӕггӕнӕн гӕгъӕдити куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ма Ӕвдесӕнти рамардтонцӕ 70 ӕндӕр бунӕтти дӕр.
Ка фӕммардӕй, уонӕй еуӕй-еуетӕ
Ном: Хелена Готтхольд
Кӕми ’й рамардтонцӕ: Берлин-Плётцензе
Хеленӕн адтӕй сӕрихецау ӕма дууӕ сувӕллони. Цалдӕр хатти ӕй ӕрахӕссиуонцӕ ӕма ’й ахӕстӕй фӕддариуонцӕ. 1937 анзи ӕй фӕрсгӕ ку кодтонцӕ, уӕд ӕй уӕхӕн фуднад фӕккодтонцӕ, ӕма ӕ губуни ка адтӕй, еци сувӕллон рамадӕй. 8 декабри 1944 анзи ин Берлин-Плётцензи ахӕстдони ӕ сӕр ракъуӕрдтонцӕ.
Ном: Герхард Либольд
Кӕми ’й рамардтонцӕ: Бранденбург
20-анздзуд Герхардӕн ӕ сӕр ракъуӕрдтонцӕ 6 маййи 1943 анзи. Анзи ’рдӕги размӕ ин еци ахӕстдони ӕ фиди сӕр дӕр ракъуӕрдтонцӕ. Ӕ фӕстаг финстӕги ӕ уарзон кизгӕмӕ ӕма ӕ хӕстӕгутӕмӕ ниффинста: «Нӕ Хецау мин хъауритӕ ку нӕ равардтайдӕ, уӕд аци надбӕл рацӕун мӕ бон не ’ссайдӕ».
Ном: Рудольф Аушнер
Кӕми ’й рамардтонцӕ: Галле
Рудольфӕн ӕ сӕр ракъуӕрдтонцӕ 1944 анзи 22 сентябри. Уӕд ибӕл ӕдеугурӕй цудӕй 17 анзи. Ӕ фӕстаг финстӕги ӕ мадӕмӕ ниффинста: «Ӕнсувӕртӕй берети бон иссӕй аци надбӕл рацӕун, ӕма мӕн бон дӕр исуодзӕй».
a Hitler’s Hangman: The Life of Heydrich, 105 ф.