Йегови Ӕвдесӕнти ӕмбурдтӕ
Базонӕ не ’мбурдти туххӕй. Иссерӕ, кӕми цӕрис, уоми дӕмӕ хӕстӕгдӕр ка ӕй, еци ӕмбурд.
Не ’мбурдтӕ куд фӕццӕунцӕ?
Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕмбурдтӕ уадзунцӕ къуӕре дууӕ хатти (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25). Еци ӕмбурдти мах базонӕн Библи ци дзоруй, уой ӕма нӕ бон куд ӕй нӕ цард уомӕ гӕсгӕ аразун. Ӕмбурдмӕ алке бон дӕр ӕй ӕрбацӕун.
Ӕмбурди игъосгутӕн дӕр фӕууй барӕ, цӕмӕй сӕ гъуди зӕгъонцӕ. Ӕмбурд райдайуй ӕма фӕууй зар ӕма кувдӕй.
Цӕмӕй не ’мбурдмӕ ӕрбацӕуай, уой туххӕй дӕ Йегови Ӕвдесӕн ун нӕ гъӕуй. Мах не ’мбурдтӕмӕ алкедӕр зӕрдиагӕй хонӕн. Ӕхца федун си нецӕбӕл гъӕуй.