Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ДӔ БОН У ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТИМӔ БИБЛИ АХУЫР КӔНЫН

«Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!»

Библи куы ахуыр кӕнай (ӕхца фидын ын нӕ хъӕуы), уӕд дзуапп базондзынӕ, зӕгъӕм, ахӕм фарстатӕн:

  • Адӕймаг амондджын цӕй фӕрцы уыдзӕн?

  • Фыддзинад ӕмӕ зындзинӕдтӕн искуы кӕрон ӕрцӕудзӕн?

  • Чи нын амард, уыдоны ма искуы фендзыстӕм?

  • Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?

  • Хуыцаумӕ куыд хъӕуы кувын, цӕмӕй нын нӕ куывдтытӕ хъуса?

У лӕвар

Библи ахуыр кӕныны тыххӕй ӕхца фидын нӕ хъӕуы. Стӕй фидын нӕ хъӕуы чиныгӕн дӕр «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» ӕмӕ дӕ кӕд Библи хъӕуы, уӕд уымӕн дӕр.

Ӕнцондӕр дын куыд у, афтӕ

Демӕ Библи чи ахуыр кӕна, уыимӕ-иу дӕ бон уыдзӕн фембӕлын, кӕм дӕ фӕнда, уым ӕмӕ дӕ кӕд фӕнда, уӕд кӕнӕ та уӕ бон уыдзӕн Библи видеоконференцийы фӕрцы ахуыр кӕнын.

Дӕхи хӕсджыныл ма нымай

Библи ахуыр кӕнын дӕ куы нал фӕнда, уӕд ӕй дӕ бон уыдзӕн ныууадзын.

Библи адӕмимӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм?

Демӕ Библи чи ахуыр кӕндзӕн, уый дын баххуыс кӕндзӕн Библийы ахуырӕдтӕ базонынӕн. Уый тыххӕй Библи ахуыр кӕндзыстут темӕтӕм гӕсгӕ. Чиныджы фӕрцы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» базондзынӕ, Библийы цы ахсджиаг хабар ис ӕмӕ, цы базонай, уый дын цы пайда уыдзӕн, уый. Библи иннӕтимӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый базоныны тыххӕй бакӕс ацы видеороликмӕ кӕнӕ ӕркӕс, Библи ахуыр кӕныны тыххӕй арӕхдӕр цы фарстатӕ фӕдӕттынц, уыдонӕй иуӕй-иутӕм.

Урокты дзырд цӕуыл цӕуы, уый базонын дӕ фӕнды?

Ӕркӕс фыццаг уроктӕм.

Фӕнды дӕ афӕлварын?

Ныххӕц, «Библи ахуыр кӕнын афӕлвар» фыст кӕм ис, уым ӕмӕ курдиат байдзаг кӕн.