Технологитӕ
Кӕд дӕм смартфон кӕнӕ ӕндӕр ахӕм исты ис, уӕд ыл, чи зоны, ӕгӕр бирӕ рӕстӕг бахардз кӕныс, дӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбарыс, афтӕмӕй. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй афтӕ ма уа?
Девайстӕ
Электронон хъӕзтыты тыххӕй цы хъуамӕ зонон?
Электронон хъӕзтытӕ цӕмӕйдӕрты хорз сты, цӕмӕйдӕрты та – ӕвзӕр.
Мӕ электронон хъӕзтытӕ
Ацы кусӕн схемӕйы фӕрцы сахуыр уыдзынӕ электронон хъӕзтытӕ ӕвзарын.
Видеохъӕзтытӕ: ӕцӕгдӕр ды рамбулыс?
Видеохъӕзтытӕй хъазгӕйӕ ис хъӕлдзӕгӕй рӕстӕг ӕрвитӕн, фӕлӕ ма цӕмӕйдӕрты тӕссаг дӕр сты. Дӕ бон куыд у, тӕссаг цӕмӕй сты, уыдӕттӕй дӕхи бахизын ӕмӕ ӕцӕгдӕр рамбулын?
Чи у хицау: ды ӕви дӕ телефон?
Ацы дуне ӕнӕ технологитӕй нӕ фӕразы, фӕлӕ дӕ хабар афтӕ ма уӕд – ды сын у хицау. Дӕ бон куыд у базонын, дӕ телефон кӕнӕ дӕ планшетыл тынг кӕй сахуыр дӕ? Дӕ бон куыд у уыцы уавӕр фӕивын?
СМС-ты тыххӕй цы зонын хъӕуы?
СМС-ты тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, де ’мбӕлттӕ фӕхъыг уой кӕнӕ дын хорз ном мауал уа. Базон, уымӕн гӕнӕн куыд ис.
Ӕрыгӕттӕ дзыппыхӕсгӕ телефонты тыххӕй цы дзурынц
Бирӕтӕн ӕнӕ дзыппыхӕсгӕ телефонӕй сӕ бон цӕрын нӕу. Дзыппыхӕсгӕ телефонтӕ хорз цӕмӕй сты ӕмӕ ӕвзӕр цӕмӕй сты?
Социалон сетьтӕ
Социалон сетьты къӕппӕджыты ма бахау
Дӕхи хиз къӕппӕджытӕй ӕмӕ де ’мбӕлттимӕ онлайн дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит.
Цымӕ ахсджиаг у, цӕмӕй дын социалон сетьты бирӕ ӕмбӕлттӕ уа?
Иуӕй-иутӕ фылдӕр подписчикты ӕмӕ лайкты тыххӕй сӕ цард тӕссаг уавӕры феппарынц. Цымӕ уыдӕттӕ уый аргъ сты?
Къамтӕ интернеты ӕвӕрыны тыххӕй цы хъуамӕ зонон?
Дӕ къамтӕ дӕ бон интернеты ӕвӕрын кӕй у, уый фӕрцы дын, де ’мбӕлттӕй ӕмӕ дӕ хиуӕттӕй арӕх кӕй нӕ уыныс, уыдон дӕ хабӕрттӕ базонынц. Фӕлӕ къамтӕ интернеты ӕвӕрын цӕмӕйдӕрты тӕссаг дӕр у.
Дӕ къамтӕ интернетмӕ баппарыны размӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнай?
Базон, къамтӕ интернетмӕ баппарыны размӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын.
Тӕссаг цӕмӕй сты
Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын хорз у?
Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразай ӕмӕ дын иууылдӕр хорз рауайой?
Дӕхи хиз мӕнг информацийӕ
Цы фехъусыс ӕмӕ цы бакӕсыс, уыдонӕй алцы ӕцӕг нӕ вӕййы. Базон, куыд ис сбӕлвырд кӕнӕн, хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый.
Цы хъуамӕ зонон секстингы тыххӕй?
Искуы дын исчи бӕгънӕгӕй ист къамтӕ ӕрвитын кодта? Секстинг цӕмӕ ӕркӕны? Флирт йеддӕмӕ ницы у?