Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Цы мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыныл ма хъуыды кӕнон?

Цы мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыныл ма хъуыды кӕнон?

 «Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ӕвиппайды сӕрмӕ ныццӕвынц, ӕмӕ адӕймаг ӕндӕр ницӕуылуал фӕхъуыды кӕны. Афтӕ мӕм фӕкӕсы, цыма мӕ хъуыдытӕн мӕхӕдӕг нӕ дӕн хицау, фӕлӕ ӕндӕр чидӕр» (Верӕ).

 «Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл ма хъуыды кӕнай, уымӕн гӕнӕн нӕй. Мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕнцондӕр уаид дӕ къухтӕ стилын ӕмӕ цъиуау стӕхын» (Джон).

 Мыййаг, ды дӕр, Верӕ ӕмӕ Джон куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ хъуыды кӕныс? Кӕд о, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн.

 Уый ахсджиаг цӕмӕн у?

 «Мӕ мады ’фсымӕр мын афтӕ, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауы куы нӕ фӕндыдаид, цӕмӕй-иу искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуон, уӕд, дам, мын ахӕм фӕндон нӕ радтаид»,– загъта иу ӕрыгон лӕппу Алекс.

 Алексы мады ’фсымӕр цы загъта, уый иуӕй раст у. Хуыцау адӕмы сфӕлдыста ӕмуат ӕрцӕуыны фӕндонимӕ, ӕмӕ сын уыцы фӕндон радта бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй – цӕмӕй сын цот цӕуа. Уӕдӕ уӕд цӕмӕн хъуамӕ архайай, цӕмӕй, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл арӕх ма хъуыды кӕнай? Ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ:

  •   Библи зӕгъы, Хуыцауы фӕнд кӕй у, цӕмӕй-иу ӕмуат ӕрцӕуой, лӕг ӕмӕ ус чи сты, ӕрмӕстдӕр ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг (Райдиан 1:28; 2:24).

     Кӕд ды дӕр ацы хъуыддагмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыс ӕмӕ дын цардӕмбал нӕй, уӕд, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл арӕх куы хъуыды кӕнай, уӕд дын зындӕр уыдзӕн. Уыцы хъуыдытӕ дӕ сӕрӕй куы нӕ сурай, уӕд, гӕнӕн ис, дӕ монцты фӕдыл ацӕуай ӕмӕ искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуай. Афтӕ чи бакодта, уыдонӕй бирӕтӕ фӕстӕдӕр ууыл тынг фӕфӕсмон кодтой.

  •   Ӕнӕгъдау хъуыдытыл дӕ бар куы цӕуа, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хиуылхӕцгӕ уай (1 Коринфӕгтӕм 9:25).

 Ацы миниуӕг дӕм куы уа, уӕд ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр амондджындӕр уыдзынӕ. Иртасджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уыцы сывӕллӕттӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд вӕййынц ӕнӕниздӕр, ӕхцайы хъуыддӕгты къаддӕр фӕтыхсынц ӕмӕ, закъоны ныхмӕ цы у, ахӕм цыдӕртӕ къаддӕр фӕаразынц a.

 Уый афтӕ зын цӕмӕн у?

 Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыныл ма хъуыды кӕнай, уый афтӕ зын уымӕн у, ӕмӕ, цы дунейы цӕрӕм, уым бирӕты секс йеддӕмӕ ницы ӕндавы, стӕй, ӕрыгон кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ буары цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ цӕуы.

 «Афтӕ мӕм кӕсы, цыма телевизоры алы программӕйы дӕр афтӕ фӕдзурынц, ӕмӕ, дӕ цардӕмбал чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ ӕмуат ӕрцӕуай, уый хорз цыдӕр у. Тӕссаг цӕмӕй у, уый кой та не скӕнынц. Уыцы хъуыддаг афтӕ кӕй ӕвдисынц, уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты хъуыды кӕнын райдайы» (Рут).

 «Куысты ӕппынӕдзух ӕнӕгъдау цӕйдӕрты кой фӕкӕнынц, ӕмӕ ӕз дӕр сцымыдис вӕййын. Лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдон ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый диссаг никӕмӕ кӕсы, ӕмӕ, гӕнӕн ис, адӕймаг уый ӕвзӕрыл мауал нымайа» (Николь).

 «Бирӕ нӕ хъӕуы, цӕмӕй социалон сетьты къамтӕм кӕсгӕйӕ къӕрцхъус мауал уай. Гӕнӕн ис, цавӕрдӕр ӕнӕгъдау ныв дӕ сӕры ныффидар уа, ӕмӕ йӕ дӕ бон ферох кӕнын мауал уа!» (Мария).

 Ахӕм цӕйдӕрты тыххӕй ды дӕр, гӕнӕн ис, апостол Павелау хъуыды кӕнай. Уый загъта: «Раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад» (Ромӕгтӕм 7:21).

Ӕвзӕр хъуыдытӕн уый бар ма ратт, цӕмӕй дын дӕ сӕры ахстон скӕной

 Дӕ бон цы у аразын

 Ӕндӕр истӕуыл хъуыды кӕн. Де ’ргом-иу ӕндӕр истӕмӕ аздах. Зӕгъӕм, спортмӕ кӕнӕ, дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ӕндӕр ахӕм хъуыддагмӕ. Иу ӕрыгон чызг, Валери, зӕгъы: «Мӕнӕн ӕххуыс кӕны, Библи кӕй фӕкӕсын, уый. Библийы Хуыцауы хъуыдытӕ сты фыст, ӕмӕ сыл адӕймаг куы фӕхъуыды кӕны, уӕд йӕ сӕры ӕвзӕр хъуыдытӕн бынат нал вӕййы».

 О, гӕнӕн ис, ӕмӕ-иу дӕм ӕнӕгъдау хъуыдытӕ фӕзына. Фӕлӕ уыцы хъуыдытӕн цы кӕндзынӕ, уый дӕхицӕй аразгӕ у. Дӕ бон у, ӕмӕ сыл фӕтых уай.

 «Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ мӕм куы фӕзыны, уӕд уайтагъд ӕндӕр истӕуыл хъуыды кӕнын райдайын. Стӕй бацархайын, цӕмӕй-иу бамбарон, уыцы хъуыдытӕ мӕм цӕмӕн фӕзындысты. Чи зоны, цавӕрдӕр зарӕгмӕ кӕй байхъуыстон кӕнӕ цавӕрдӕр къам кӕй федтон, уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ уӕд фӕхъӕуы сыхалын» (Хеленӕ).

 Библийы уагӕвӕрд: «Цыдӕриддӕр у раст, цыдӕриддӕр у сыгъдӕг... уыдӕттыл хъуыды кӕнут ӕдзухдӕр» (Филиппӕгтӕм 4:8).

 Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар. Кӕд де ’мбӕлттӕ ӕппынӕдзух искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй фӕныхас кӕнынц, уӕд дын зын уыдзӕн, цӕмӕй ууыл ма хъуыды кӕнай.

 «Ӕрыгон куы уыдтӕн, уӕд мын ӕвзӕр хъуыдытимӕ тох кӕнын зын уыд, ме ’мбӕлтты тыххӕй та мын уый ноджы зындӕр уыд. Дӕ рӕстӕг, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ хорз кӕмӕ кӕсынц, ахӕм адӕмимӕ куы ’рвитай, уӕд дӕ бон нал уыдзӕн ӕнӕгъдау фӕндтимӕ тох кӕнын ӕмӕ дӕ уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕндзӕн» (Сарӕ).

 Библийы уагӕвӕрд: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).

 Дӕхи хиз, ӕнӕгъдаудзинад кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй. Алчидӕр сразы уыдзӕн, абон ирхӕфсӕнтӕн сӕ фылдӕры ӕнӕгъдаудзинад ӕвдыст кӕй цӕуы. «Музыкӕйӕ тынгдӕр мыл ницы ӕндавы. Мӕ монцтӕ мын сцырен кӕны, ӕмӕ мӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ быны фӕуыдзынӕн»,– зӕгъы Николь.

 «Ӕз райдыдтон, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕм ӕвдыстой, ахӕм кинотӕм ӕмӕ передачӕтӕм кӕсын. Ӕмӕ ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты арӕх хъуыды кӕнын куыд райдыдтон, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон. Ахӕм хъуыдытӕ мӕм цӕмӕн фӕзынд, уый зын бамбарӕн нӕ уыд. Ахӕм кинотӕм ӕмӕ передачӕтӕм куы нал кастӕн, уӕд ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты афтӕ арӕх нал хъуыды кодтон. Ирхӕфсӕнтӕ лӕмбынӕг куы февзарын, уӕд мын ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ тох кӕнын ӕнцондӕр вӕййы» (Джоан).

 Библийы уагӕвӕрд: «Хӕтынӕн ӕмӕ [уӕм] алы чъизи хъуыддагӕн кӕнӕ зыддзинадӕн йӕ кой дӕр ма уӕд» (Ефесӕгтӕм 5:3).

 Хатдзӕг: иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ йӕ буары монцты фӕдыл цӕуа ӕмӕ уыцы монцтыл йӕ бар нӕ цӕуы, тынг ӕй куы фӕнда, уӕддӕр. Фӕлӕ Библи зӕгъы, адӕймагӕн йӕ хъуыдытыл йӕ бар кӕй цӕуы, ӕмӕ нӕ уымӕй кадджын кӕны.

 Библийы уагӕвӕрд: «Дарддӕр дӕр ног кӕнут, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых» (Ефесӕгтӕм 4:23).

a Хиуылхӕцындзинад хъӕуы, лӕг ӕмӕ ус чи сты, уыдоны дӕр. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у ацы миниуӕгыл кусын, цалынмӕ дын бинонтӕ нӕма ис, уӕдмӕ.