Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕхицӕй ӕмӕ иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ нӕ домын?

Мӕхицӕй ӕмӕ иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ нӕ домын?

 Гӕнӕн ис, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, кӕд...

  •   хъуыды кӕныс, скъолайы ӕрмӕстдӕр «5»-тӕ кӕй хъуамӕ исай

  •   ног исты саразынмӕ дӕ ныфс нӕ фӕхӕссыс, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсыс, куы нӕ дын рауайа, уымӕй

  •   цы сарӕзтай, уымӕ исчи исты фау куы ’рхӕссы, уӕд дӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма дӕ ӕфхӕргӕ кӕнынц

 Фӕлӕ ацы фарста ӕцӕгдӕр ахсджиаг у?

 Дӕхицӕй ӕмӕ иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ домай, уым ӕвзӕрӕй цы ис?

 Алцыдӕр хорз аразыныл архайай, уый ӕвзӕр нӕу. Фӕлӕ иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «ӕнӕуи архайай, цӕмӕй дын алцыдӕр хорз уайа, ӕмӕ, гӕнӕн цӕмӕн нӕй, уымӕ цыфӕндыйӕ дӕр тырнай, уый иу нӕу». Уыцы чиныджы ма фыст ис: «Йӕхицӕй ӕмӕ иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ чи домы, уымӕн уый, гӕнӕн ис, уӕззау уаргъ суа, уымӕн ӕмӕ, ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд алцӕмӕй ӕххӕст иу адӕймаг дӕр нӕу» (Perfectionism​—What’s Bad About Being Too Good?).

 Ахӕм хъуыды ис Библийы дӕр. Фыст дзы ис: «Зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы ӕмӕ чи нӕ рӕдийы» (Екклесиаст 7:20). Ӕнӕххӕст кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дын алы хатт алцы афтӕ нӕ уайдзӕн, цӕмӕй-иу иннӕты дисы бафтауай.

 Чи зоны, ды афтӕ нӕ хъуыды кӕныс. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд ӕркӕс, дӕхицӕй ӕмӕ иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ кӕй домыс, уый дыл ӕвзӕрырдӕм цавӕр цыппар хъуыддаджы ӕндавы, уымӕ.

  1.   Дӕхимӕ цы цӕстӕй кӕсыс. Йӕхицӕй ӕгӕр бирӕ чи домы, уый, йӕ бон цы нӕу саразын, уымӕ дӕр фӕтырны, ӕмӕ уый тыххӕй арӕх фӕфыдӕнхъӕл вӕййы. Иу ӕрыгон чызг, Алишӕ, зӕгъы: «Алы хатт нын алцы иттӕг хорз нӕ уайдзӕн, ӕмӕ уый тыххӕй ӕдзух нӕхимӕ куы загъд кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс ницӕмӕуал хӕсдзыстӕм. Афтӕмӕй адӕймаг йӕхимӕ дӕр ныхъхъусдзӕн».

  2.   Хорз уынаффӕ дын куы раттынц, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракӕсыс. Йӕхицӕй ӕгӕр бирӕ чи домы, уыдонӕн куы фӕзӕгъынц, сӕ бон цы у фӕивын кӕнӕ фӕхуыздӕр кӕнын, уӕд сӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕ ӕфхӕргӕ кӕнынц. «Мӕ рӕдыдмӕ мын куы бацамонынц, уӕд мын тынг зын вӕййы»,– загъта иу ӕрыгон лӕппу, Джереми, зӕгъгӕ. Стӕй ма загъта: «Дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ куы домай, уӕд, цыдӕр дын кӕй нӕ уайы, ууыл нӕ сӕтдзынӕ ӕмӕ дын исчи баххуыс кӕна, уый дӕ сӕрмӕ нӕ хӕсдзынӕ».

  3.   Иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсыс. Йӕхицӕй ӕмӕ иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ чи домы, уый арӕх иннӕтӕм фаутӕ фӕхӕссы, ӕмӕ цӕмӕн, уый зын бамбарӕн нӕу. 18-аздзыд Аннӕ зӕгъы: «Адӕймаг йӕхицӕй куы фӕдомы, цӕмӕй йын алцыдӕр афтӕ уайа, ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ӕппындӕр мацӕмӕй уа, уӕд алкӕмӕй дӕр уый фӕдомы. Ӕмӕ, уый куыд фӕнды, афтӕ куы нӕ вӕййы, уӕд та ӕдзух фӕфыдӕнхъӕл вӕййы».

  4.   Иннӕтӕ дӕм цы цӕстӕй кӕсынц. Кӕд иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ домыс, уӕд-иу дӕм диссаг ма фӕкӕсӕд, сӕхи дӕ дард ласын куы райдайой. Иу ӕрыгон сылгоймаг, Бет, зӕгъгӕ, загъта: «Ахӕм адӕймаг цытӕ фӕдомы, уыдон аразыныл куы архайай, уӕд сфӕлмӕцдзынӕ. Ахӕм адӕймагмӕ хӕстӕг цӕуын дӕр никӕй фӕфӕнды!»

 Цы дын баххуыс кӕндзӕн?

 Библийы фыст ис: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр» (Филиппӕгтӕм 4:5). Ӕмбаргӕ адӕймаг йӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр ӕгӕр бирӕ нӕ фӕдомы.

 «Адӕймаг ӕнӕуи дӕр бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлы. Ӕмӕ ма нӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр ӕгӕр бирӕ куы домӕм, уӕд нын ноджы зындӕр уыдзӕн. Ӕмӕ нӕ уый цӕмӕн хъӕуы?» (Найлӕ).

 Библи зӕгъы: «Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цу» (Михей 6:8). Бонзонгӕ адӕм ӕмбарынц, сӕ бон алцы кӕй нӕу. Сӕ бон цас у, уымӕй фылдӕр саразынмӕ нӕ фӕхъавынц ӕмӕ сын цавӕрдӕр хъуыддагӕн рӕстӕг цас ис, уымӕй фылдӕр ыл нӕ фӕхардз кӕнынц.

 «Цӕмӕй, мӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнын, уымӕй мӕ зӕрдӕ рухс кӕна, уый тыххӕй, мӕ бон цас у, уымӕй фылдӕр хӕстӕ мӕхимӕ нӕ фӕисын» (Хейли).

 Библи зӕгъы: «Цыфӕнды ма аразай, араз ӕй ӕппӕт хъарутӕй» (Екклесиаст 9:10). Уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ дын зивӕг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхицӕй ӕмӕ иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ ма домай. Уымӕн дын баххуыс кӕндзӕн, куыстуарзаг куы уай, уый. Фӕлӕ ма дӕм уыимӕ хъуамӕ уой, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы миниуджытӕ – ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ бонзонгӕдзинад.

 «Мӕ куыст, хуыздӕр куыд у, афтӕ саразыныл фӕархайын, мӕхиуыл нӕ фӕауӕрдын. Ӕмбарын ӕй, афтӕ мын никуы рауайдзӕн, цӕмӕй мӕм фау ӕрхӕссӕн ӕппындӕр мацӕмӕй уа. Фӕлӕ мын ӕхсызгон вӕййы, мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй саразын» (Джошуа).