Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕ ныййарджытӕ мӕ мӕхи ирхӕфсын цӕуылнӕ уадзынц?

Мӕ ныййарджытӕ мӕ мӕхи ирхӕфсын цӕуылнӕ уадзынц?

 Де ’мбӕлттӕ дӕ фӕхуыдтой, цӕмӕй уӕ рӕстӕг иумӕ арвитат. Дӕ ныййарджыты бафарстай, ацӕуай ӕви нӕ, фӕлӕ дын уыдон фидарӕй загътой, «нӕ», зӕгъгӕ. Уый дӕм диссаг нӕ фӕкаст, уымӕн ӕмӕ дын уый размӕ дӕр ахӕм дзуапп радтой.

Ацы статьяйы

 Мӕ ныййарджытӕ мын алы хатт «нӕ» цӕмӕн фӕзӕгъынц?

 Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын дӕ ныййарджытӕ бар ницӕмӕн дӕттынц, уӕд, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайай, ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй дӕхи ирхӕфсай.

 Иу чызгӕн, Марийӕн, йӕ ныййарджытӕ фыццаг хатт телефон куы балхӕдтой, уӕд уымӕ дӕр афтӕ каст. Уый загъта: «Мӕ фыд мын загъта, цавӕр приложенитӕй нӕу мӕ бон пайда кӕнын, стӕй мӕ бон кӕмӕ у телефонӕй фыссын ӕмӕ дзурын ӕмӕ цафонмӕ. Ме ’мбӕлттӕн та сӕ бон уыд, цы сӕ фӕндыд, уый аразын!»

 Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Цымӕ Марийы фыды нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ чызг йӕхи ирхӕфстаид? Йӕ фыд ма, чи зоны, цӕуыл мӕт кодта?

Фӕндагыл цӕуынӕн ис цавӕрдӕр уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ нӕ нӕ уадзынц, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕуын. Фӕлӕ нӕ уыимӕ хъахъхъӕнгӕ дӕр кӕнынц. Уый абарӕн ис, нӕ ныййарджытӕ нӕ цы домынц, уыимӕ

 Бафӕлвар. Зӕгъӕм, дӕхӕдӕг дӕ ныййарӕг ӕмӕ дын ис рӕзгӕ кары сывӕллон ӕмӕ йын телефон балхӕдтай. Ды цӕуыл мӕт кӕнис? Цӕмӕй йӕ бахъахъхъӕнай, уый тыххӕй йын бар цӕмӕн нӕ дӕттис? Ӕмӕ дын афтӕ куы загъид, дӕу нӕ фӕнды, цӕмӕй мӕхи ирхӕфсон, зӕгъгӕ, уӕд ын ды цы зӕгъис?

 «Мӕ фыд-иу мын арӕх загъта: „Дӕхи мӕ бынаты сӕвӕр, цыма ды дӕ ныййарӕг“. Уый фӕрцы-иу бамбӕрстон, цӕмӕндӕрты мын бар цӕуылнӕ дӕтты ӕмӕ уый хорз цӕмӕй у. Сывӕллӕттӕ мын куы уыдаид, уӕд сӕ ӕз дӕр уыдӕттӕ домдтаин» (Таня).

 Мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу мын мӕ ныййарджытӕ «о» зӕгъой?

 Афтӕ ма кӕн. Тӕргӕйттӕ, хъуыр-хъуыр ӕмӕ быцӕу ма кӕн.

 «Хъӕр ныхас куы кӕнай, уӕд дӕ къухы ницы бафтдзӕн, дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ ныййарджыты дӕр цы сфӕлмӕцын кӕнай ӕндӕр. Дӕ ныййарджытимӕ куы быцӕу кӕнай, уӕд афтӕ хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ нырма ӕвӕлтӕрд дӕ ӕмӕ дын фылдӕр сӕрибардзинад дӕттын нӕма хъӕуы» (Ричард).

 Дӕ бон у афтӕ бакӕнын. Исты зӕгъынмӕ-иу ма тагъд кӕн, фӕлӕ-иу уавӕрмӕ дӕ ныййарджыты цӕстӕй ракӕс. Ахъуыды кӕн: дӕуыл не ’ууӕндынц ӕви, цы адӕмы ’хсӕн уыдзынӕ, уыдоныл? Ӕви цы уавӕры бахаудзынӕ, ууыл мӕт кӕнынц? Дӕ бон у семӕ сабырӕй аныхас кӕнын ӕмӕ базонын, цӕмӕндӕр дын бар цӕуылнӕ дӕттынц, уый.

 «Мӕ ныййарджытӕ мын цӕмӕндӕрты бар нӕ фӕдӕттынц, кӕй мыл тыхсынц, уый тыххӕй. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитон, фӕлӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй уый фӕстӕ мацӕуыл фӕфӕсмон кӕнон» (Айви).

 Библийы уагӕвӕрд: «Ӕнӕзонд йӕ маст иууылдӕр ныккалы, зондджын та йӕ маст кӕронмӕ уромы» (Ӕмбисӕндтӕ 29:11).

 Афтӕ ма кӕн. Дӕ ныййарджытӕ дӕ цы нӕ уадзынц аразын, уый сӕ сусӕгӕй ма араз.

 «Мӕ фыд мӕ цы нӕ уагъта аразын, уый сусӕгӕй арӕзтон. Ме ’мбӕлттӕм-иу ӕхсӕвыгон ӕнафоны фыстон ӕмӕ мӕ цы приложенитӕ нӕ уагъта рафыссын, уыдон-иу рафыстон. Фӕлӕ-иу мӕ фыд уӕддӕр алцыдӕр базыдта ӕмӕ-иу мын фылдӕр цӕмӕндӕрты нал лӕвӕрдта бар, уымӕн ӕмӕ мыл нал ӕууӕндыд. Сайын хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕны» (Мари).

 Дӕ бон у афтӕ бакӕнын. Дӕхи куыд дарыс, уымӕй бӕрӕг уӕд, сӕ коммӕ кӕй кӕсдзынӕ ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй дыл ӕууӕндой.

 «Ӕнхъӕлмӕ кӕсын зон. Цӕмӕй дын дӕ ныййарджытӕ цӕмӕндӕр бар раттой, уый тыххӕй, чи зоны, рӕстӕг бахъӕуа. Фӕлӕ йӕ куы уыной, сӕ коммӕ кӕй кӕсыс, уӕд дын, чи зоны, фылдӕр сӕрибардзинад раттой» (Мелиндӕ).

 Библийы уагӕвӕрд: «Алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут» (Колоссӕгтӕм 3:20).

 Афтӕ ма кӕн. Дӕ ныхасыл-иу ма ныллӕуу ӕмӕ-иу сын ма дзур, зӕгъгӕ, ме ’мгӕрттӕн сӕ ныййарджытӕ алцы кӕныны бар дӕттынц.

 «Дӕ ныхасыл куы ныллӕууай, уӕд дӕ цард нӕ фенцондӕр уыдзӕн ӕмӕ дӕ цы фӕнды, уый уӕддӕр дӕ къухы нӕ бафтдзӕн» (Натали).

 Дӕ бон у афтӕ бакӕнын. Цы дӕ тыхсын кӕны, ууыл дӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕн кусӕн схемӕйы фӕрцы «Дӕ ныййарджытимӕ разы цӕуыл нӕ вӕййыс».

 «Ныййарджыты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ раст уынаффӕтӕ хӕссой. Ӕз фӕархайын, цӕмӕй-иу мӕ мад ӕмӕ мӕ фыдӕн сабырӕй бамбарын кӕнон, цы хъуыды кӕнын, уый. Афтӕ куы фӕкӕнын, уӕд мын бар раттынц, цы мӕ фӕфӕнды, уый саразынӕн» (Джозеф).

 Библийы уагӕвӕрд: «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» (Ефесӕгтӕм 6:2).