ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Мӕ рӕдыдтытӕ куыд сраст кӕнон?
Ды куыд бакӕнис?
Бакӕс, иу чызгыл, Каринӕйыл, цы ’рцыд, уый тыххӕй ӕмӕ ахъуыды кӕн, йӕ бынаты куы уыдаис, уӕд ды та куыд бакодтаис.
Каринӕ радзырдта: «Скъоламӕ цӕугӕйӕ машинӕ ӕгӕр тагъд скъӕрдтон, ӕмӕ мӕ пъӕлицӕйы кусӕг баурӕдта ӕмӕ мын штраф рафыста. Мамӕйӕн ӕй куы радзырдтон, уӕд мын загъта, цӕмӕй йӕ папӕйӕн радзурон. Фӕлӕ мӕн та нӕ фӕндыд».
Ды куыд бакӕнис?
1. Зӕгъис, цӕй кӕд ӕй папӕ нӕ базонид, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын уыцы хабар нӕ радзурис.
2. Дӕ фыдӕн хабар радзурис.
Чи зоны дӕ бафӕнда 1-аг вариант равзарын. Гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнай: «Мамӕ дӕр мын ӕй тыхӕй куы нӕ дзурын кӕны». Фӕлӕ рӕдыдтытыл сӕттын ӕнӕмӕнг хъӕуы,– дзырд штрафыл цӕуа ӕви ӕндӕр истӕуыл. Уымӕн ис ӕртӕ аххосаджы.
Дӕ рӕдыдтытыл цӕмӕн хъуамӕ сӕттай?
1. Уый раст у. Библийы фыст ис, чырыстӕттӕ цы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайой, уый: «Мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзуттӕгтӕм 13:18).
«Ӕз ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй уон ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ мӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын зонон, стӕй-иу цӕмӕй мӕ рӕдыдтытыл уайтагъд басӕттон» (Алексис).
2. Йӕ рӕдыдыл чи басӕтты, уымӕн ныххатыр кӕнын ӕнцондӕр вӕййы. Библийы фыст ис: «Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 28:13).
«Дӕ рӕдыдыл басӕттай, уый тыххӕй лӕгдзинад хъӕуы. Фӕлӕ дыл афтӕмӕй адӕм ӕууӕнддзысты, уымӕн ӕмӕ уындзысты, ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг кӕй дӕ. Дӕ рӕдыдыл куы басӕттай, уӕд афтӕмӕй, цы ’взӕр хъуыддаг сарӕзтай, уый сраст кӕндзынӕ» (Ричард).
3. Уый цӕуы Хуыцауы зӕрдӕмӕ. Библийы фыст ис: «Мӕнгард адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у, рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон та сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32).
«Стыр рӕдыд куы сарӕзтон, уӕд ӕй бамбӕрстон, мӕ рӕдыдыл кӕй хъуамӕ басӕттон. Йегъовӕ куыд дзуры, афтӕ куы нӕ архайон, уӕд мын куыд хъуамӕ арфӕ кӕна!» (Рейчел).
Цымӕ Каринӕ куыд бакодта? Йӕ фыдӕй басусӕг кодта, машинӕ тагъд кӕй скъӕрдта, уый тыххӕй йын штраф кӕй рафыстой. Фӕлӕ йӕ кӕдмӕ хъуамӕ ӕмбӕхстаид? Каринӕ загъта: «Иу азы фӕстӕ мӕ фыд штрафы гӕххӕтт федта. Ӕмӕ ма дӕ дзы хъӕуы! Стӕй мӕм мамӕ дӕр тынг рамӕсты, гъе-уӕд ӕм кӕй нӕ байхъуыстон, уый тыххӕй».
Уӕдӕ цы ис зӕгъӕн. Каринӕ зӕгъы: «Дӕ рӕдыдтытӕ куы ’мбӕхсай, уӕд дӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕныс. Искуы рахъӕр уыдзысты ӕмӕ дӕ уӕддӕр бахъӕудзӕн дзуапп дӕттын».
Дӕ рӕдыдтытӕй цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕнай?
Ӕнӕрӕдийгӕ ничи у (Ромӕгтӕм 3:23; 1 Иоанны 1:8). Фӕлӕ адӕймаг йӕ рӕдыдыл уайтагъд куы басӕтты, уӕд уый дзурӕг вӕййы зондыл, стӕй сӕрныллӕгдзинадыл.
Хъуамӕ дӕ рӕдыдтытӕй истӕуыл ахуыр кӕнай. Хъыгагӕн, иуӕй-иу ӕрыгӕттӕ сӕ рӕдыдтытӕй ницӕуыл фӕахуыр кӕнынц. Чи зоны, уыдонӕн дӕр вӕййы, иу чызгмӕ, Присилӕмӕ, цы ӕнкъарӕнтӕ уыд, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ. Уый загъта: «Раздӕр-иу мӕ рӕдыдтыты тыххӕй мӕхимӕ ныхъхъуыстон. Мӕхимӕ ницӕйаг кастӕн. Мӕ рӕдыдтытӕ мын уыдысты уаззау уаргъы хуызӕн. Уый мын мӕ ныфс тынг саста ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ уавӕр никуы фӕхуыздӕр уыдзӕн».
Мыййаг, дӕумӕ дӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ вӕййы? Кӕд о, уӕд дӕ зӕрдыл дар: дӕ раздӕры рӕдыдтытыл ӕдзухдӕр хъуыды кӕнай, уый абарӕн ис, машинӕ скъӕргӕйӕ, фӕстейӕ цытӕ цӕуы, ӕрмӕстдӕр уымӕ куыд кӕсай, уыимӕ. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕхимӕ ницӕйаг кӕсдзынӕ ӕмӕ дӕм разӕй цы зындзинӕдтӕ кӕсы, уыдоны сӕрты ахизынӕн дӕм фаг хъарутӕ нӕ уыдзӕн.
Хуыздӕр нӕ уаид, уыцы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй куы ракӕсис?
«Дӕ рӕдыдтытыл-иу ахъуыды кӕн, цӕмӕй-иу сӕ ногӕй ма саразай. Фӕлӕ дӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр уыдоныл ма уӕнт, науӕд дӕхимӕ бынтондӕр ныхъхъусдзынӕ» (Эллиот).
«Ӕз архайын, цӕмӕй мӕ рӕдыдтытӕм раст цӕстӕй кӕсон. Алы рӕдыд дӕр мын у зондзонӕн. Уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу хорз цӕуылдӕр сахуыр уон ӕмӕ-иу иннӕ хатт раст бакӕнон. Ахӕм цӕстӕй сӕм кӕй кӕсын, уый мын хорз фадат у, цӕмӕй мӕ хорз адӕймаг рауайа» (Верӕ).