ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Скъолайӕ ме сӕфт уынын, ӕмӕ куыд бакӕнон?
Чи зоны, скъоламӕ цӕуын нӕ уарзыс, уымӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ скъоладзаутӕй ӕгӕр бирӕ домынц, дӕ къласӕгтӕ дӕ сӕ зондыл аразынц, экзаменты тыххӕй фӕтыхсыс ӕмӕ дын хӕдзармӕ куыст бирӕ раттынц. Рӕзгӕ кары чи ис, иу ахӕм чызг, Рейчел a, загъта:
«Кӕдӕмфӕнды дӕр ацӕуин, ӕрмӕстдӕр скъоламӕ – нӕ. Фӕлтау денджызы былмӕ ацӕуин. Йе та ме ’мбӕлттимӕ мӕ рӕстӕг арвитин кӕнӕ ма суанг мӕ ныййарджытӕм хӕринаг кӕнынмӕ кӕнӕ ’фснайынмӕ фӕкӕсин».
Кӕд ды дӕр Рейчелы хуызӕн хъуыды кӕныс, уӕд дӕм, чи зоны, скъола ахӕстоны хуызӕн кӕсы, ӕмӕ дзы фервӕздзынӕ, куы йӕ фӕуай, ӕрмӕстдӕр уӕд. Цы ис саразӕн, цӕмӕй скъоламӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайай?
Зыдтай йӕ? Скъоламӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын куы райдай, уӕд дӕ уавӕрыл дӕ бар цӕудзӕн, ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕндзынӕ, зӕгъгӕ, цалынмӕ скъоламӕ цӕуын, уӕдмӕ хъуамӕ фӕразон. Скъолайы фӕрцы сахуыр уыдзынӕ, куы сыстыр уай, уӕд дӕ чи бахъӕудзӕн, уыцы хъуыддӕгтыл.
Цӕмӕй скъоламӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын сахуыр уай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын цалдӕр хъуыддагыл.
Дӕ ахуыр. Дӕ зонындзинӕдтӕ цас фылдӕр кӕной, уыйас фидӕны хуыздӕр арӕхсдзынӕ, куысты дӕр ӕмӕ царды дӕр цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлай, уыдон скъуыддзаг кӕнынмӕ ӕмӕ ӕдзух иннӕтӕм не ’нхъӕлмӕ кӕсдзынӕ, цӕмӕй дын баххуыс кӕной. Ахъуыды кӕн: «Кӕд скъола цӕйдӕрты тыххӕй нӕ уарзын, уӕддӕр дзы цы базонын, уый мын цавӕр пайда хӕссы?»
Библийы уагӕвӕрд: «Фидар хӕц куырыхон зондыл ӕмӕ хъуыды кӕнын зон» (Ӕмбисӕндтӕ 3:21).
Фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Кӕд скъолайы хорз нӕ ахуыр кӕнын, уӕд мӕ бон цы у саразын?».
Дӕ миниуджытӕ. Скъолайы ахуыр кӕнгӕйӕ дӕм фӕзындзӕн, фидӕны дӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм миниуджытӕ. Зӕгъӕм, сахуыр уыдзынӕ, цы фӕхъӕуы, уый кӕнын, дзурын дын нӕ хъӕудзӕн, афтӕмӕй. Ахъуыды кӕн: «Скъола мын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сахуыр уон, цы хъӕуы, уый аразын, дзурын мын ӕй ма хъӕуа, афтӕмӕй ӕмӕ хорз кусӕг суон? Ацы хъуыддӕгты мӕ бон цы у фӕхуыздӕр кӕнын?»
Библийы уагӕвӕрд: «Цыфӕнды фыдӕбонӕй дӕр ис пайда» (Ӕмбисӕндтӕ 14:23).
Фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Как научиться планировать свое время?».
Иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын сахуыр уыдзынӕ. Скъолайы дӕ дӕ рӕстӕг дӕ къласӕгтимӕ ӕрвитын кӕй хъӕуы, уый фӕрцы сахуыр уыдзынӕ дӕхи уыдоны бынаты ӕвӕрын ӕмӕ сын аргъ кӕнын. Иу ӕрыгон нӕлгоймаг, Джошуа, загъта: «Истори ӕмӕ наукӕтӕ ахуыр кӕнын куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг у иннӕтимӕ ныхас кӕнын сахуыр уай, уый дӕр. Уыцы миниуӕг дӕ алкӕддӕр хъӕудзӕн». Ахъуыды кӕн: «Скъолайы фӕрцы куыд сахуыр дӕн иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын, суанг мӕнӕй тынг чи хицӕн кӕны ӕмӕ ӕндӕр дин кӕмӕн ис, уыдонимӕ дӕр?»
Библийы уагӕвӕрд: «Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл архайут» (Дзуттӕгтӕм 12:14).
Фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Как улучшить навыки общения?».
Дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын сахуыр уыдзынӕ. Скъола дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарай, хорз цӕмӕ арӕхсыс, уый ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрай. Иу ӕрыгон сылгоймаг, Брук, загъта: «Дӕ бон у цавӕрдӕр дӕсныйадыл сахуыр кӕнын, ӕз куыд бакодтон, афтӕ. Ӕмӕ стӕй скъола куы фӕуай, уӕд дӕ бон уыдзӕн куыст ссарын». Ахъуыды кӕн: «Скъолайы фӕстӕ мӕ бон уыдзӕн мӕхи дарын? Мӕ бон у ахӕм дӕсныйад равзарын, цӕмӕй уый фӕстӕ ахӕм куыст ссарон, ӕмӕ мӕхи дарон?»
Библийы уагӕвӕрд: «Дӕ къахӕн-иу фӕндаг слӕгъз кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 4:26).
a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.