ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Скъола куы ныууадзон, уӕд раст бакӕндзынӕн?
«Мӕ удхӕссӕг у скъола!» Кӕд ды дӕр скъоламӕ ахӕм цӕстӕй кӕсыс, уӕд дӕ, чи зоны, фӕнды дӕ ахуыр ныууадзын. Ацы статьяйӕ базондзынӕ, скъола ныууадзыны бӕсты цы бакӕнӕн ис, уый.
Иуӕй-иутӕ скъола цӕмӕн ныууадзынц
Эксперттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй скъоладзаутӕ арӕхдӕр сӕ ахуыр ныууадзынц ахӕм аххосӕгты тыххӕй:
Зын сын вӕййы ахуыр кӕнын. «Мӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвзӕрдӕр цы кодтой, ӕндӕр ницы».
Ахуыр кӕнын сӕм нӕ фӕцӕуы. «Скъолайы ахуыр, мӕнмӕ гӕсгӕ, ницы пайда у».
Сӕ бинонтӕн зын вӕййы цардамӕлттӕ кӕнын. «Мӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй мӕ хъуыди кусын».
Дӕ уынаффӕ цӕмӕ ’ркӕндзӕн, ууыл ахъуыды кӕн
Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Кӕд дӕ ахуыр ныууадзынмӕ хъавыс, уӕд лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, дӕ уынаффӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн.
Ахъуыды кӕн:
«Мӕ ахуыр куы ныууадзон, уӕд мын фӕстӕдӕр куыст ссарын зын нӕ уыдзӕн?»
«Ахъуыды кӕн, куыст ссарын дӕ кӕй хъӕудзӕн ӕмӕ стӕй та, чи зоны, бинонтӕ дарын дӕр. Ӕмӕ куыд кӕндзынӕ, кӕд ӕмӕ арӕхдӕр куыстмӕ бацӕуынӕн ӕппынкъаддӕр аттестат фӕхъӕуы, уӕд?» (Джулийӕ).
«Скъола куы ныууадзон, уӕд мын фидӕны зындзинӕдты сӕрты хизын ӕнцон уыдзӕн?»
«Скъола дӕ цӕттӕ кӕны цардмӕ. Фидӕны алыхуызон адӕмыл ӕмбӕлдзынӕ, цавӕрдӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдзынӕ ӕмӕ цавӕрдӕр куыстытӕ кӕндзынӕ – скъолайы куыддӕриддӕр у, афтӕ» (Дэниел).
Скъола куы ныууадзон, уӕд уый мӕ дарддӕры цардыл куыд фӕзындзӕн?
«Ныр дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ скъола ницы пайда у. Фӕлӕ дыл 23 азы куы цӕуа ӕмӕ де ’хцайӕ цӕуыл цас бахардз кӕндзынӕ уый куы нымайай, уӕд бамбардзынӕ, математикӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ ахуыр кодтай» (Аннӕ).
Хуыздӕр куыд уаид бакӕнын
Ӕххуыс кур. Библийы фыст ис: «Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ куы уа, уӕд уый... ирвӕзындзинад у» (Ӕмбисӕндтӕ 11:14). Кӕд дӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕ хуыздӕртӕй не сты, уӕд сӕ куыд сраст кӕнӕн ис, уымӕй бафӕрс дӕ ныййарджыты, дӕ ахуыргӕнджыты кӕнӕ, кӕуыл ӕууӕндыс, уыцы хистӕртӕй искӕй.
«Кӕд дын зын у ахуыр кӕнын, уӕд аныхас кӕн дӕ ахуыргӕнӕгимӕ. Чи зоны, афтӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ ӕвзӕр кӕй ахуыр кӕныс, уый дӕ ахуыргӕнӕджы аххос у. Фӕлӕ адӕймаг ӕххуыс куы ракуры, уӕд арӕхдӕр уавӕр фӕхуыздӕр вӕййы» (Эдвард).
Ахъуыды кӕн, скъолайы ахуыр дӕ дарддӕры цардыл куыд фӕзындзӕн. Библийы фыст ис: «Хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдайӕнӕй хуыздӕр у» (Екклесиаст 7:8). Скъола куы фӕуай, уӕд дӕм уыдзӕн бирӕ зонындзинӕдтӕ. Стӕй ма дӕм скъолайы ахуыр кӕнгӕйӕ фӕзындзӕн, царды дӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм миниуджытӕ ӕмӕ цыдӕртӕ аразын дӕр базондзынӕ.
«Стырӕй дӕ, чи зоны, сочиненитӕ фыссын кӕнӕ экзаментӕ дӕттын нӕ хъӕудзӕн. Фӕлӕ скъолайы уыцы зындзинӕдты сӕрты хизын куы сахуыр уай, уӕд дын, фӕстӕдӕр цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзынӕ, уыдоны сӕрты хизын ӕнцондӕр уыдзӕн» (Верӕ).
Ахъуыды кӕн, дӕ бон ма куыд у бакӕнын. Библийы фыст ис: «Тагъд чи кӕны, уымӕн... йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 21:5). Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ хъуамӕ скъола ныууадзай, ӕндӕр гӕнӕн дын нӕй. Чи зоны, дӕ бон у скъола фӕуын, зӕгъӕм, хӕдзары ахуыр кӕныны программӕйы фӕрцы.
«Скъолайы дӕ ахуыр кӕнынц фыдӕбон кӕнын, зындзинӕдты сӕрты хизын ӕмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрын. Уый дын цӕрӕнбонтӕм уыдзӕн пайда. Уӕдӕ скъола каст кӕй фӕдӕ, ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ» (Бенджамин).
Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Скъола каст фӕу ӕмӕ дӕм уӕд уыдзӕн, царды дӕ чи бахъӕудзӕн, бирӕ ахӕм ахсджиаг зонындзинӕдтӕ.