ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Цымӕ ахсджиаг у, цӕмӕй дын социалон сетьты бирӕ ӕмбӕлттӕ уа?
Иу чызг, Элейн, загъта: «Мӕ къласӕгтӕн дуне подписчиктӕ кӕй ис, уый-иу куы федтон, уӕд-иу ахъуыды кодтон: „О-гъо, цас подписчиктӕ сын ис!“ Раст зӕгъгӕйӕ-иу сӕм иугыццыл хӕлӕг дӕр кодтон».
Ды дӕр уый тыххӕй искуы искӕмӕ хӕлӕг кодтай? Кӕд о, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бирӕтау дӕуӕн дӕр дӕ мӕт уый ма суа, ӕмӕ дын социалон сетьты бирӕ подписчиктӕ фӕзына.
Уый тӕссаг цӕмӕй у?
Ӕмбисӕндты 22:1 фыст ис: «Хорз ном хуыздӕр у стыр хъӕздыгдзинӕдтӕй». Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дын хорз ном уа кӕнӕ дӕ цӕмӕй иннӕтӕ уарзой, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис.
Фӕлӕ адӕймаджы уый хатт афтӕ тынг фӕфӕнды, ӕмӕ ӕндӕр ницӕуылуал фӕхъуыды кӕны. Цымӕ уый истӕмӕй тӕссаг у? Иу чызг, Ония (16 азы), загъта:
«Мӕхӕдӕг-иу федтон, бирӕтӕ лайкты тыххӕй цы ӕнӕзонд митӕ кодтой, уый, зӕгъӕм, скъолайы-иу дыккаг уӕладзыгӕй рагӕпп кодтой».
Цӕмӕй се ’мгӕртты дисы бафтауой, уый тыххӕй иуӕй-иу ӕрыгӕттӕ видеомӕ сисынц, ӕнӕзонд митӕ куыд фӕкӕнынц, уый ӕмӕ стӕй уыцы видеотӕ интернетмӕ баппарынц. Зӕгъӕм, бирӕтӕ бахӕрынц капсулӕтӕ гӕрзтӕхсӕн порошокимӕ. Афтӕмӕй та уыдон цардӕн тынг тӕссаг сты. Уый адӕймаджы сӕрмӕ цӕугӕ та куыд хъуамӕ ӕркӕна!
Библийы фыст ис: «Ма ут... кадуарзаг» (Филиппӕгтӕм 2:3).
Ахъуыды кӕн:
Цас ахсджиаг дын у, цӕмӕй дын социалон сетьты бирӕ подписчиктӕ уа?
Цӕмӕй дӕ де ’мгӕрттӕ нымайой ӕмӕ дын лайктӕ ӕвӕрой, уый тыххӕй де ’нӕниздзинад кӕнӕ дӕ цард тӕссаг уавӕры ӕппардзынӕ?
Сӕхи февдисынц, цахӕмтӕ не сты, ахӕмтӕй
Лайкты ӕмӕ подписчикты тыххӕй адӕм алы хатт сӕхи тӕссаг уавӕры нӕ феппарынц. Иуӕй-иутӕ цы фӕаразынц, уый тыххӕй иу чызг Эрикӕ (22 азы) зӕгъы:
«Бирӕтӕ интернеты дуне къамтӕ сӕвӕрынц, цӕмӕй иннӕтӕ хъуыды кӕной, тынг бирӕ ’мбӕлттӕ сын кӕй ис ӕмӕ ӕдзух сӕ рӕстӕг иумӕ кӕй фервитынц. Афтӕмӕй сӕхи февдисынц, цахӕмтӕ не сты, ахӕмтӕй».
Карӕ (15 азы) загъта, иуӕй-иутӕ кӕй фӕсайынц, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ, цы не сты, уый хъуыды кӕной:
«Иуӕй-иутӕ ахӕм къамтӕ сӕвӕрынц, цыма кӕмдӕр сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй арвыстой, афтӕмӕй та хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕугӕ дӕр нӕ ракодтой».
Мэтью (22 азы) загъта, уый дӕр-иу афтӕ кӕй кодта:
«Иухатт ахӕм къам сӕвӕрдтон, цыма Эвересты хохы цур лӕууын, афтӕмӕй та Азийы никуы уыдтӕн».
Библийы фыст ис: «Мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзуттӕгтӕм 13:18).
Ахъуыды кӕн:
Социалон сетьты, ӕцӕг цы нӕу, ахӕм цыдӕртӕ сӕвӕрыс, цӕмӕй дӕ подписчиктӕ ӕмӕ дӕ лайктӕ фӕфылдӕр уой?
Дӕ къамтӕ ӕмӕ дӕ комментаритӕй бӕрӕг у, ӕцӕгӕй чи дӕ ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндыс, уый?
Лайктӕ ӕмӕ подписчиктӕ. Цас фылдӕр, уыйас хуыздӕр?
Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ цӕмӕй дӕ ном хъуыстгонд уа, уый тыххӕй дын хъуамӕ уа тынг бирӕ подписчиктӕ ӕмӕ лайктӕ. Гыццыл раздӕр кӕй кодтам, уыцы Мэтью загъта, уый дӕр раздӕр афтӕ кӕй хъуыды кодта:
«Адӕмы-иу фарстон: „Цал подписчикы дын ис?“ Кӕнӕ „Цал лайкы дын сӕвӕрдтой?“ Цӕмӕй мӕ подписчиктӕ фӕфылдӕр уыдаиккой, уый тыххӕй-иу ӕнӕзонгӕ адӕмы подписчик сдӕн, уымӕн ӕмӕ-иу хъуыды кодтон, ӕмӕ уыдон дӕр мӕ подписчиктӕ суыдзысты. Лайктӕй ӕмӕ подписчиктӕй ӕфсис нал зыдтон ӕмӕ, цас дарддӕр, уыйас фыддӕр кодтон».
Марийӕ (25 азы) зӕгъы, зӕгъгӕ, дам, иуӕй-иутӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый кӕнгӕ вӕййы, цас подписчиктӕ сын ис ӕмӕ сын цас лайктӕ сӕвӕрынц, уымӕй:
«Чызг селфи куы скӕны ӕмӕ йӕ интернетмӕ куы баппары, ӕмӕ йын фаг лайктӕ куы нӕ сӕвӕрынц, уӕд ӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ фыдынд у. Кӕд афтӕ хъуыды кӕнын раст нӕу, уӕддӕр бирӕтӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕхицӕн сӕхи сӕнад кӕнынц».
Библийы фыст ис: «Ма суӕм кадуарзаг ӕмӕ кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл ма ардауӕм, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм» (Галатӕгтӕм 5:26).
Ахъуыды кӕн:
Социалон сетьты дӕхи иннӕтимӕ фӕбарыс?
Ахсджиагдӕр дын цы у: цӕмӕй дын фылдӕр подписчиктӕ уа ӕви дӕ чи уарза, ахӕм ӕмбӕлттӕ?