Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй мын фылдӕр сӕрибардзинад уа?

Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй мын фылдӕр сӕрибардзинад уа?

 Мӕ ныййарджыты мӕ царды алы хъуыддаг зонын цӕмӕн фӕнды?

 Дӕ ныййарджытӕ зӕгъдзысты, тынг дыл кӕй тыхсынц. Фӕлӕ дӕ дӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ та сӕрибарӕй сулӕфын нӕ уадзынц. Зӕгъӕм:

  •   17-аздзыд чызг Ирин загъта: «Мӕ фыд мын мӕ телефон райсы, мӕ пароль куыд у, уый базонын ӕй фӕфӕнды ӕмӕ мын мӕ смс-тӕ иууылдӕр бакӕсы. Мӕ телефон ӕм куы нӕ фӕдӕттын, уӕд та афтӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ цыдӕр сусӕг кӕнын».

  •   Денизыл ныр цӕуы 20 азӕй гыццыл фылдӕр, ӕмӕ хъуыды кӕны, йӕ мад-иу куыд лӕмбынӕг каст, йӕ телефоны цас ӕхца бахардз, уымӕ: «Алы номырӕй дӕр-иу мӕ бафарста, кӕй у ӕмӕ йемӕ цӕуыл ныхас кодтай, зӕгъгӕ».

  •   Кайлӕйыл цӕуы 19 азы, ӕмӕ загъта, иу хатт ын йӕ мад йӕ дневниктӕй иу кӕй бакаст. «Уым фыст уыдысты, мӕ зӕрдӕйы цы уыд, уыдӕттӕ ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ иууылдӕр, суанг ма дзы мӕ мады тыххӕй дӕр цыдӕртӕ фыст уыди! Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ дневникы никуыуал ницы ныффыстон».

 Хатдзӕг. Дӕ ныййарджытӕн сӕ хӕс у дӕуыл мӕт кӕнын, ӕмӕ дӕм сӕ хъус дарын. Ӕмӕ дӕ куыд хъомыл кӕндзысты, уым дӕуӕн дӕ бон фӕивын ницы у. Мыййаг, иуӕй-иу хатт ӕгӕр карз вӕййынц? Чи зоны. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ бон цыдӕр саразын у, цӕмӕй дӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ дын сӕрибарӕй сулӕфыны бар нӕй.

 Дӕ бон цы у аразын

 Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый-иу ӕргом дзур. Библи нын дзуры, цӕмӕй «алы хъуыддаджы дӕр... ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайӕм» (Дзуттӕгтӕм 13:18). Дӕ ныййарджытимӕ дӕр ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архай. Семӕ цас ӕргомдӕр ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтдӕр уай, уыйас дын фылдӕр сӕрибардзинад дӕтдзысты.

 Ахъуыды кӕн: ныронг дӕхи куыд дардтай, уымӕй бӕрӕг уыд, ӕууӕндӕн дыл кӕй ис? Хӕдзармӕ афоныл ӕрбацӕуыс? Де ’мбӕлттӕ чи сты ӕмӕ цы фӕкусыс, уый сӕ сусӕг кӕныс?

  «Ӕз бамбӕрстон, куыд кӕнын хъӕуы, уый. Мӕ царды цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон мӕ ныййарджытӕн ӕргом фӕдзурын. Цӕмӕй мӕ фӕфӕрсынц, уый сын радзурын ӕмӕ мыл уый фӕрцы тынгдӕр ӕууӕндынц, ӕмӕ мын фылдӕр сӕрибардзинад ис» (Делийӕ).

 Фӕразон у. Библи зӕгъы: «Цавӕр адӕймӕгтӕ стут, уый-иу сбӕлвырд кӕнут» (2 Коринфӕгтӕм 13:5). Цӕмӕй дыл ӕууӕндӕн уа, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг, фӕлӕ ууыл цы хъарутӕ бахардз кӕнай, уый йӕ фыдӕбоны аргъ у.

 Ахъуыды кӕн: кӕддӕр дӕ ныййарджытӕ дӕр дӕ кары уыдысты. Куыд дӕм кӕсы, дӕ царды хабӕрттӕ зонын сӕ уый тыххӕй фӕнды?

  «Мӕнмӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ сӕхи рӕдыдтытӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ дӕр ахӕм рӕдыдтытӕ саразой» (Даниел).

 Ӕмбаргӕ у. Бацархай, цӕмӕй алцӕмӕдӕр дӕ ныййарджыты цӕстӕй кӕсай. Библи зӕгъы, ӕмбаргӕ сылгоймаг «йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ хъус дары», зӕгъгӕ, ӕмӕ хорз фыд та йӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕны, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразы» (Ӕмбисӕндтӕ 31:27; Ефесӕгтӕм 6:4). Уӕдӕ дӕ ныййарджытӕ хъуамӕ дӕ цардмӕ сӕ хъус дарой.

 Ахъуыды-ма кӕн: дӕхицӕн дӕхи карӕн сывӕллӕттӕ куы уаид, уӕд дӕ чызг кӕнӕ дӕ лӕппуйы сӕрибарӕй ауадзис ӕмӕ йӕ фӕрсгӕ дӕр ницӕмӕй бакӕнис, кӕд ӕмӕ зоныс, ӕрыгӕттӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый?

  «Ӕрыгонӕй адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ сулӕфын дӕр нӕ уадзынц. Фӕлӕ ныр куы сыстыр дӕн, уӕд ӕй ӕмбарын, ныййарджытӕ афтӕ цӕмӕн фӕкӕнынц, уый. Уый сӕ уарзондзинадыл дзурӕг у» (Джеймс).