ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ
Цы хъуамӕ зонон тыхмийы тыххӕй? 1 хай. Дӕхи бахиз
Цы хауы тыхми бакӕнынмӕ?
Тыхми бакӕнын цы у, уый алы бӕстӕты закъон алыхуызӕтты ӕмбарын кӕны. Фӕлӕ иумӕйагӕй куы зӕгъӕм, уӕд уый у, адӕймаджы куы нӕ фӕнда, афтӕмӕй исчи йемӕ ӕмуат ӕрцӕуыныл куы архайа ӕмӕ уыцы хъуыддаг тыххӕй куы араза. Уымӕ хауы гыццыл сывӕллонимӕ кӕнӕ, нырма рӕзгӕ кары чи ис, ахӕм ӕрыгонимӕ хӕлд митӕ кӕнын, тугхӕстӕг адӕймагимӕ ӕмуат ӕрцӕуын, тыххӕй ныххӕцын ӕмӕ адӕймагӕй, ӕххуыс ӕнхъӕл кӕмӕй у, ахӕм исчи – дохтыр, ахуыргӕнӕг кӕнӕ дины кусӕг ӕнӕгъдау хъуыддаг бакӕнын куы дома. Тыхми кӕмӕн бакодтой кӕнӕ ӕнӕгъдау ми бакӕнын кӕмӕй домдтой, уыдонӕй бирӕты тӕрсын кодтой, зӕгъгӕ, цы ’рцыд, уый искӕмӕн куы зӕгъай, уӕд дӕ хабар хорз нӕ уыдзӕн.
Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрмӕст Иугонд Штатты алы аз дӕр 240 милуан адӕймаджы бӕрц фӕхабар кӕнынц, тыхми бакӕнынмӕ сын кӕй хъавыдысты, уый тыххӕй. Уыдонӕн се ’мбис сты, 12 азӕй 18 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕрыгӕттӕ.
Цы хъӕуы зонын
Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцау ахӕм митӕй йе сӕфт кӕй уыны. Библийы фыст ис, иу-4 000 азы размӕ Содомы цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй. Горӕты цӕрджытӕ уыдысты фыдбыныхӕлд ӕмӕ сӕ горӕтмӕ цы дыууӕ лӕджы ӕрцыд, уыдонӕн тыхми бакӕнынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ уыцы горӕт фесӕфта (Райдиан 19:4–13). Уымӕй уӕлдай, уыцы хабарӕй 3 500 азы фӕстӕ Моисейы уылты радта Закъон. Уым комкоммӕ загъд уыд, адӕймаг тугхӕстӕгимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд уый стыр тӕригъӕд кӕй у, уымӕ ма хауы, йӕ бинонтӕй искӕмӕн тыхми куы бакӕна, уый дӕр (Левит 18:6).
Фылдӕр хатт ахӕм митӕм йӕ ныфс бахӕссы зонгӕ адӕймаг. «Тыхми кӕмӕн бакӕнынц, ӕртӕ ахӕм адӕймагӕй дыууӕйӕн ахӕм ми бакӕны зонгӕ адӕймаг... Талынг уынджы ӕнӕнхъӕлӕджы адӕймаджы размӕ чи рагӕпп кӕны, ахӕм ӕцӕгӕлон нӕ вӕййы»,– фыст ис иу чиныджы (Talking Sex With Your Kids).
Тыхми бакӕнынц сылгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн дӕр. Иугонд Штатты тыхми кӕмӕн бакӕнынц, уыдонӕн сӕ 10 проценты сты нӕлгоймӕгтӕ. Ахӕм хабӕрттимӕ чи тох кӕны, иу ахӕм организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, тыхми кӕмӕн бакӕнынц, уыцы лӕппутӕ ӕмӕ лӕгтӕ «фӕтӕрсынц, ахӕм хабар сыл кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй гомосексуалисттӕ кӕй суыдзысты» кӕнӕ «бынтон нӕлгоймӕгтӕ кӕй не сты» (the Rape, Abuse & Incest National Network).
Ахӕм хабӕрттӕ афтӕ арӕх кӕй сты, уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Библийы бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты» бирӕ «бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн», бирӕтӕ «хиуыл хӕцын нӕ зондзысты» ӕмӕ уыдзысты «ӕгъатыр» (2 Тимофеймӕ 3:1–3). Раст ахӕм миниуджытӕ вӕййы, йӕ чъизи монцты фӕдыл цӕугӕйӕ искӕмӕн тыхми чи бакӕны, уыдонмӕ.
Аххосджын, тыхми кӕмӕн бакӕнынц, уый нӕ вӕййы. Тыхми кӕмӕн бакодтой, уыдонӕй иуӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, афтӕ йын хъуыди, зӕгъгӕ. Аххосджын у, ахӕм ми чи бакодта, уый – фӕнды нӕлгоймаг уӕд, фӕнды сылгоймаг. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ бон у цыдӕртӕ саразын, цӕмӕй дыл ахӕм хабар, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ма ӕрцӕуа.
Дӕ бон цы у аразын
Дӕхи бацӕттӕ кӕн. Хъуамӕ рагацау зонай, исчи дӕм – суанг, ӕмбӕлгӕ кӕимӕ кӕныс, уый кӕнӕ дӕ хӕстӕг дӕр – тыхми бакӕнынмӕ куы хъава, уӕд куыд бакӕндзынӕ. Ӕрыгон сылгоймаг, Эрин, куыд зӕгъы, афтӕмӕй хъуамӕ хорз зонай, кӕм ӕмӕ цавӕр уавӕрты у ахӕм хъуыддагӕй тӕссаг ӕмӕ дӕхи куыд дардзынӕ, уый. «Чи зоны, исчи зӕгъа, бынтон афтӕ дӕр ӕй нӕ хъӕуы ныддиссаг кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, мыййаг, царды ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд дын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн дӕхи бӕллӕхӕй бахизын»,– загъта Эрин.
Библийы фыст ис: «Куыд цӕрут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ... уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр рӕстӕджы цӕрӕм» (Ефесӕгтӕм 5:15, 16).
Ахъуыды кӕн: «Исчи мӕм ӕнӕфсарм ӕвнӕлдтытӕ куы кӕна, уӕд цы сараздзынӕн?»
Дӕ хъуыдыйы цӕттӕйӕ дар, тӕссаг уавӕрӕй дӕхи куыд айсдзынӕ, уый. Уӕлдӕр цы организацийы кой кодтам, уый ахӕм уынаффӕ дӕтты: «Ӕрхъуыды кӕн, де ’мбӕлттӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕ кӕй зондзысты, ахӕм пароль, цӕмӕй, тӕссаг уавӕры куы бахауай, уӕд сӕм фӕдзурай ӕмӕ сын ӕй зӕгъай, тыхми бакӕнынмӕ дын чи хъава, уыцы адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ куыд ницӕмӕ фехсайа, афтӕ. Уый фӕрцы дӕм де ’мбӕлттӕй кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй исчи ӕххуысмӕ фӕзындзӕн кӕнӕ дын ацӕуыны ӕфсон цӕмӕй уа, ахӕм исты ӕрымысдзӕн». Фӕлӕ ноджы хуыздӕр та уыдзӕн, тӕссаг уавӕры дӕхи куы нӕ ӕппарай – уӕд дӕхи бирӕ мӕстытӕй бахиздзынӕ.
Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).
Ахъуыды кӕн: «Тӕссаг уавӕрӕй мӕхи куыд айсдзынӕн?»
Арӕнтӕ скӕн – ӕмӕ уыцы арӕнтӕй фалдӕр ма хиз. Зӕгъӕм, кӕд дын уарзон ис, уӕд иумӕ аныхас кӕнут, уе ’хсӕн ӕмбӕлон цавӕр митӕ уыдзысты ӕмӕ цавӕртӕ нӕ уыдзысты, ууыл. Кӕд афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ нӕ рӕстӕджы афтӕтӕ ничиуал кӕны, уӕд дын уарзонӕн нӕ бӕззы – дӕу хъӕуы, уыцы хабӕрттӕм дӕ цы цӕстӕй кӕсыс, ахӕм цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм адӕймаджы ссарын.
Библийы фыст ис: «Уарзондзинад... чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5).
Ахъуыды кӕн: «Ме ’фсарм мын бар цавӕр хъуыддӕгтӕн дӕтты? Ӕнӕгъдау митыл цы нымайын?»