Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Фаг цӕй фӕрцы фынӕй кӕндзынӕн?

Фаг цӕй фӕрцы фынӕй кӕндзынӕн?

 Математикӕ ӕвзӕр куы ’мбарай, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕнай, фылдӕр ахуыр кӕнын дӕ кӕй хъӕуы. Спорты дын ӕнтыстытӕ куы нӕ уа, уӕд та, чи зоны, ахъуыды кӕнай, фылдӕр тренировкӕ кӕнын дӕ кӕй хъӕуы. Фӕлӕ дӕ ӕцӕгӕй та хъӕуы фылдӕр фынӕй кӕнын. Ӕркӕсӕм-ма, афтӕ цӕмӕн у.

 Цӕмӕн хъуамӕ фынӕй кӕнай?

 Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕрыгӕттӕн сӕ фылдӕр хъуамӕ ’хсӕв фынӕй кӕной аст кӕнӕ дӕс сахаты. Фаг фынӕй кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

  •   Фаг куы фынӕй кӕнай, уӕд хуыздӕр хъуыды кӕндзынӕ. Фынӕй хонынц «зонды хӕринаг». Фаг куы фынӕй кӕнай, уӕд скъолайы хуыздӕр ахуыр кӕндзынӕ, спорты дын фылдӕр ӕнтысдзӕн ӕмӕ дын ӕнцондӕр уыдзӕн цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кӕнын.

  •   Фаг куы фынӕй кӕнай, уӕд дӕ зондахаст ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы уаг фӕхуыздӕр уыдзысты. Фаг чи нӕ фынӕй кӕны, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы уаг арӕх фӕивы, ӕнкъард фӕкӕнынц кӕнӕ депрессийӕ фӕрынчын вӕййынц, стӕй иннӕтимӕ дӕр нӕ фӕфидауынц.

  •   Фаг куы фынӕй кӕнай, уӕд машинӕ скъӕргӕйӕ лӕмбынӕг уыдзынӕ. Иугонд Штатты сбӕрӕг кодтой, 16 азӕй 24 азы онг кӕуыл цӕуы, уыцы шофыртӕ хуыссӕгхъуаг кӕй вӕййынц, уый тыххӕй дыууӕ хатты арӕхдӕр кӕй скӕнынц аваритӕ, 40 азӕй 59 азы онг кӕуыл цӕуы, уыдонимӕ абаргӕйӕ.

  •   Фаг куы фынӕй кӕнай, уӕд ӕнӕниздӕр уыдзынӕ. Фаг куы фынӕй кӕнай, уӕд де ’нӕниздзинад фидардӕр уыдзӕн. Стӕй ма дын уый фӕрцы тынг тӕссаг нӕ уыдзӕн, ӕгӕр куы снард уай, сӕкӕрнизӕй куы фӕрынчын уай ӕмӕ дын инсульт куы уа, уымӕй.

Цӕмӕй телефон хорз куса, уый тыххӕй йӕ зарядкӕ кӕнын куыд фӕхъӕуы, афтӕ дӕу дӕр хъӕуы фаг фынӕй кӕнын, цӕмӕй дӕхи хорз хатай

 Фынӕй кӕнын дӕ цы хъыгдары?

 Куыд федтам, афтӕмӕй фаг фынӕй кӕнын пайда у, фӕлӕ уӕддӕр ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ фаг нӕ фынӕй кӕнынц. Зӕгъӕм, 16-аздзын Элейн загъта:

 «Мӕ ахуыргӕнӕг ӕнӕхъӕн кълас бафарста, арӕхдӕр цал сахатыл схуыссӕм, уымӕй. Сӕ фылдӕр загътой, ӕхсӕвы иу-дыууӕ сахатыл кӕй схуыссынц. Иннӕтӕ та загътой, зӕгъгӕ, иу-фондз сахатыл. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр иу лӕппу загъта, дӕсы ’рдӕгыл кӕй схуыссы».

 Цавӕр хъуыддӕгтӕ дӕ, гӕнӕн ис, хъыгдарой фынӕй кӕнын?

 Де ’мбӕлттимӕ бирӕ рӕстӕг куы ’рвитай. «Ӕнафоны схуыссын ӕмӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы ӕрвитын ӕнцон вӕййы, уӕлдайдӕр ӕхсӕв ме ’мбӕлттимӕ искуыдӕм куы ацӕуын, уӕд» (Памелӕ).

 Бирӕ хӕстӕ дыл куы уа. «Фынӕй кӕнын уарзын, фӕлӕ мӕ бирӕ цыдӕртӕ саразын кӕй фӕхъӕуы, уымӕ гӕсгӕ мын нӕ фӕуайы афоныл схуыссын» (Аннӕ).

 Технологитӕ. «Фынӕй кӕнын мӕ ӕппӕты тынгдӕр хъыгдары мӕ телефон. Хуыссӕны куы вӕййын, уӕд мын зын вӕййы, ма йӕм ӕркӕсон, уый» (Анисӕ).

 Дӕ бон куыд у фылдӕр фынӕй кӕнын?

  •   Ахъуыды кӕн, цас ахсджиаг дын у фынӕй кӕнын. Библийы фыст ис: «Дӕхи фыдӕбонӕй марыны бӕсты ӕмӕ дымгӕ сурыны бӕсты фӕлтау иу гыццыл баулӕф» (Екклесиаст 4:6). Фынӕй кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы, уый ирхӕфсӕн нӕу. Фынӕй куы нӕ кӕнай, уӕд дӕ куыст, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ кӕндзынӕ ӕмӕ дын ирхӕфсӕнтӕ дӕр цины хос нӕ уыдзысты!

  •   Ахъуыды кӕн, фаг фынӕй кӕнын дӕ ӕппӕты тынгдӕр цы хъыгдары, ууыл. Зӕгъӕм, де ’мбӕлттимӕ ӕнафонмӕ фӕбадыс? Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ дын бирӕ уроктӕ ис ӕмӕ дын хӕдзары бирӕ куыстытӕ ис? Дӕ телефон дӕ сынтӕджы раз вӕййы кӕнӕ куы бафынӕй вӕййыс, уӕд дӕ райхъал кӕны?

 Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Ӕппӕты тынгдӕр дӕ цы фӕхъыгдары, уыцы хъуыддаг аиуварс кӕнынӕн дӕ, чи зоны, бирӕ хъарутӕ бахъӕуа, фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Ӕмбисӕндтӕ 21:5 стихы фыст ис: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда».

 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу адӕймагӕн цы баххуыс кӕна, уый, гӕнӕн ис, иннӕмӕн ма баххуыс кӕна. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, боны мидӕг иугыццыл куы афынӕй кӕнынц, уӕд ӕхсӕв хуыздӕр фӕфынӕй кӕнынц. Фӕлӕ бирӕтӕн та сӕ хабар иннӕрдӕм рауайы. Базон, дӕуӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, уый. Дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдон дын, чи зоны, баххуыс кӕной.

  •   Улӕфынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕн. Фынӕй кӕныны размӕ-иу куы баулӕфай, уӕд-иу тагъддӕр бафынӕй уыдзынӕ.

     «Хорз уыдзӕн хӕдзары куыстытӕ ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ афоныл бакӕнын, цӕмӕй сыл фынӕй кӕныны афон ма мӕт кӕнай» (Марийӕ).

  •   Архай. Хъуамӕ дын дӕ уавӕртӕ ма уой хицау; дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕн, цӕмӕй фаг фынӕй кӕнай.

     «Ӕхсӕв ӕппынкъаддӕр аст сахаты хъуамӕ фынӕй кӕнон. Райсомӕй мӕ раздӕр сыстын куы фӕхъӕуы, уӕд ахъуыды кӕнын, цафон хъуамӕ схуыссон, цӕмӕй фаг бафынӕй кӕнон» (Винсент).

  •   Уыцы иу афон-иу схуысс. Нӕ мидӕг цы сахат ис, уый нӕ пайдайӕн кусдзӕн, куы йӕ ахуыр кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, цӕмӕй-иу алы бон дӕр уыцы иу афон схуыссай ӕмӕ сыстай. Иу мӕйы бӕрц бафӕлвар афтӕ кӕнын ӕмӕ фендзынӕ, дӕхи хуыздӕр кӕй хатдзынӕ.

     «Алы ӕхсӕв дӕр-иу уыцы иу рӕстӕг куы схуыссай, уӕд-иу дыккаг бон дӕ сӕр хуыздӕр кусдзӕн. Уый дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнтыстджын уай, цыфӕнды куыст ма кӕнай, уӕд дӕр» (Джаред).

  •   Ӕмбаргӕ у. Библи зӕгъы, цӕмӕй «алцӕмӕй дӕр бӕрц зонӕм», ӕмӕ уымӕ хауы, куыд фӕулӕфӕм, уый дӕр (1 Тимофеймӕ 3:2, 11).

     «Мӕхи сахуыр кодтон, цӕмӕй изӕрыгӕтты ме ’мбӕлттимӕ къаддӕр рӕстӕг ӕрвитон. Улӕфынӕн бӕлвырд рӕстӕг куы нӕ рахицӕн кӕнын, уӕд уый цӕуылдӕр ӕвзӕрырдӕм фӕзыны, ӕмӕ арӕхдӕр уый тыххӕй фаг нӕ бафынӕй кӕнын» (Ребеккӕ).

  •   Дӕ телефон дӕр «фынӕй кӕнын» бауадз! Фынӕй кӕныны размӕ-иу бацархай, цӕмӕй иу сахат уӕддӕр интернеты мацӕмӕ кӕсай кӕнӕ де ’мбӕлттӕм мацыуал ныффыссай. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, телефонӕй, телевизорӕй ӕмӕ планшетӕй цы рухс цӕуы, уый адӕймагыл бандавы ӕмӕ стӕй ӕвзӕрдӕр фӕфынӕй кӕны.

     «Адӕмы фӕнды, цӕмӕй дӕм къуыри авд боны 24 сахаты дӕр сӕ бон бадзурын уа. Фӕлӕ цӕмӕй фаг улӕфай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ телефон иуварс ӕрӕвӕрай ӕмӕ дзы ма пайда кӕнай» (Юлиссӕ).