Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Куы мӕ хынджылӕг кӕной, уӕд куыд кӕнон?

Куы мӕ хынджылӕг кӕной, уӕд куыд кӕнон?

 Исчи дӕ куы хынджылӕг кӕна, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Британийы куыд раиртӕстой, афтӕмӕй, ӕрыгӕттӕй сӕхи чи амары, уыдонӕн сӕ 40 проценты афтӕ бакӕнынц, кӕй сӕ фӕхынджылӕг кӕнынц, уый тыххӕй.

 Цы хауы хынджылӕг кӕнынмӕ?

 Хынджылӕг кӕнын ӕрмӕст цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ схонӕн нӕй. Уымӕ ма хауы:

  •   Ныхасӕй дӕ куы фефхӕрынц. «Чызджыты ӕлхыскъ ныхас кӕнынӕй ничи аййафдзӕн,– зӕгъы 20-аздзыд чызг, Селин.– Никуы мӕ ферох уыдзӕн, цы нӕмттӕй-иу мӕ хуыдтой ӕмӕ-иу мӕ цытӕ дзырдтой, уыдӕттӕ. Уыдоны тыххӕй-иу мӕхи зӕххӕй сисыны аккагыл дӕр нал нымадтон, афтӕ-иу мӕм каст ӕмӕ никӕй хъӕуын ӕмӕ ницӕмӕн бӕззын. Фӕлтау мӕ нӕмгӕ куы кодтаиккой».

  •   Искӕй куы ницӕмӕ фӕдарынц. «Ме ’мкъласонтӕ сӕхи афтӕ дардтой, цыма мӕ нӕ уынынц,– 18-аздзыд чызг, Хейли.– Хӕрӕндонмӕ-иу куы бацыдтӕн, уӕд-иу сӕхи афтӕ дардтой, цыма сӕ фарсмӕ бынат нал уыд. Ӕнӕхъӕн аз кодтон кӕугӕ ӕмӕ-иу иунӕгӕй хордтон».

  •   Телефоны кӕнӕ компьютеры уылты искӕмӕй куы фӕхынджылӕг кӕнынц. «Кӕйдӕр ном счъизи кӕнынӕн ӕмӕ суанг кӕйдӕр цард фехалынӕн дӕр фаг у компьютеры кънопкӕтыл ӕрхӕцын. Уый, чи зоны, кӕйдӕрты ма бауырна, фӕлӕ афтӕ у!– зӕгъы 14-аздзыд Даниель.– Киберхулигантӕ ма схонӕн ис, искӕмӕ телефонӕй ӕнӕгъдау къамтӕ кӕнӕ СМС-тӕ чи арвиты, ахӕмты».

 Иутӕ иннӕтӕй цӕмӕн фӕхынджылӕг кӕнынц?

 Мӕнӕ цалдӕр аххосаджы:

  •   Йӕхицӕй йын кӕддӕр хынджылӕг кодтой. «Иннӕтӕ мӕ кӕй хынджылӕг кодтой, уымӕй афтӕ бафӕлладтӕн, ӕмӕ мӕхӕдӕг райдыдтон иннӕтӕй хынджылӕг кӕнын, цӕмӕй мын мӕхи цӕсты дӕр ӕмӕ иннӕты цӕсты дӕр кад уыдаид,– зӕгъы Антонио.– Фӕлӕ цы аразын, уый куы бамбӕрстон, уӕд мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ӕрхудт!»

  •   Иннӕты аххосӕй. «Иннӕтӕй чи фӕхынджылӕг кӕны, уыдон арӕхдӕр ууыл сахуыр вӕййынц сӕ ныййарджытӕй, сӕ хистӕр ӕфсымӕртӕй кӕнӕ хотӕй, йе та сӕ хиуӕттӕй кӕмӕйдӕр»,– фыссы Джей Макгроу йӕ чиныджы «Дӕхи куыд хъуамӕ дарай, иннӕтӕй чи хынджылӕг кӕны, уыдонимӕ» (Jay McGraw. Life Strategies for Dealing With Bullies).

  •   Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ уыдонӕй лӕгдӕр нӕй, ӕнӕуи та сты тынг ӕнӕныфсхаст. «Иннӕтӕй чи фӕхынджылӕг кӕны, уыцы сывӕллӕтты фӕфӕнды равдисын, иннӕтӕй хуыздӕр кӕй сты, ӕнӕуи та афтӕмӕй фембӕхсынц, сӕ зӕрдӕ рыст кӕй у ӕмӕ сӕхимӕ тынг ӕгуыдзӕг кӕй кӕсынц, уый»,– фыст ис Барбара Колоросойы чиныджы ацы хабары тыххӕй (Barbara Coloroso. The Bully, the Bullied, and the Bystander).

 Арӕхдӕр кӕмӕй фӕхынджылӕг кӕнынц?

  •   Иннӕтӕм хӕстӕг чи нӕ цӕуы. Иннӕтимӕ ныхас кӕнын чи нӕ зоны, уыцы ӕрыгӕттӕ арӕх сӕхи иннӕтӕй дард фӕласынц, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй хынджылӕг кӕнын райдайынц.

  •   Иннӕты хуызӕн чи нӕу. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕддаг бакастӕй иннӕты хуызӕн нӕу, у ӕндӕр адӕмыхаттӕй, йӕ дин ӕндӕр у кӕнӕ, чи зоны, истӕмӕй сахъат у. Ӕрмӕст уыдӕттӕ дӕр фаг сты, цӕмӕй адӕймагӕй хынджылӕг кӕной.

  •   Ӕнӕныфсхаст чи у. Иннӕтӕй чи фӕхынджылӕг кӕны, уыдон уайтагъд базонынц, ӕнӕныфсхаст чи у, ахӕм адӕймаджы. Йӕхицӕн чи нӕ фӕаргъ кӕны, уыдонӕй арӕх фӕхынджылӕг кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ бон нӕ вӕййы сӕхи сӕрыл дзурын.

 Куы дӕ хынджылӕг кӕной, уӕд дӕ бон цы у саразын?

  •   Сӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сын сӕ митӕ мацӕмӕ дар. «Хынджылӕг дӕ чи кӕны, уыдоны фӕнды зонын, рауади сын дӕуӕй ахынджылӕг кӕнын ӕви,– зӕгъы Кайли.– Сӕ ныхӕстӕ ӕмӕ сын сӕ митӕ куы ницӕмӕ дарай, уӕд уыдонмӕ дӕр нал цӕудзӕн дӕуӕй хынджылӕг кӕнын». Библийы фыст ис: «Зондджын... йӕ маст кӕронмӕ уромы» (Ӕмбисӕндтӕ 29:11).

  •   Дӕ маст ма ис. Дӕ маст дзы куы райсай, уӕд хъуыддаг фӕфыддӕр уыдзӕн, ӕндӕр ницы. Библийы ис ахӕм уынаффӕ: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут» (Ромӕгтӕм 12:17; Ӕмбисӕндтӕ 24:19).

  •   Арфуынӕг у. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ дӕхи хиз ӕвзӕр адӕмӕй ӕмӕ тӕссаг уавӕртӕй (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).

  •   Ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыдзӕн, ахӕм дзуапп ын ратт. Библийы фыст ис: «Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 15:1).

  •   Хъазгӕйӕ дзуапп ратт. Кӕд нард дӕ, ӕмӕ дӕ уый тыххӕй хынджылӕг кӕнынц, уӕд дӕ бон у дӕ мидбылты бахудын ӕмӕ зӕгъын: «Дӕ цӕст мӕ бахордта, ӕндӕр ноджы нарддӕр уыдтӕн!»

  •   Ацу уырдыгӕй. «Дӕ бон дӕхиуыл хӕцын кӕй у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕлтӕрд адӕймаг дӕ ӕмӕ дӕ чи ӕфхӕры, уымӕй бирӕ тыхджындӕр дӕ,– зӕгъы 19-аздзыд Норӕ.– Бӕрӕг вӕййы, дӕуӕн дӕ бон дӕхиуыл хӕцын кӕй у, чи дӕ ӕфхӕры, уымӕн та нӕу».

  •   Архай, цӕмӕй ныфсджындӕр уай. «Ахӕм адӕм ӕй фембарынц истӕуыл мӕсты куы вӕййыс, уый,– зӕгъы Ритӕ,– ӕмӕ сӕ уд сӕ дзӕцц бынтондӕр дӕ смӕсты кӕнын».

  •   Искӕмӕн ӕй радзур. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй киберхулигантӕ кӕй бафхӕрдтой, уыдонӕн сӕ фылдӕр никӕмӕн ницы радзырдтой, сӕ сӕрмӕ йӕ кӕй нӕ хастой (уӕлдайдӕр лӕппутӕ) кӕнӕ тӕрсгӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: куы ницы дзурай, уӕд сын уымӕй сӕ къух аразыс. Иннӕтӕн хабар куы радзурай, уӕд уый уыдзӕн фыццаг къахдзӕф, ӕмӕ дӕ уый фӕстӕ, чи зоны, иу ран ныууадзой.