Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕ бон куыд у ме ’фсарм ахуыр кӕнын?

Мӕ бон куыд у ме ’фсарм ахуыр кӕнын?

 Де ’фсарм цӕимӕ абарис?

  •   GPS-навигаторимӕ

  •   кӕсӕнимӕ

  •   ӕмбалимӕ

  •   тӕрхонгӕнӕгимӕ

 Цыппар дзуаппы дӕр раст сты. Ацы статьяйӕ базондзынӕ, цӕмӕн.

 Цы у ’фсарм?

 Ӕфсарм у, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕвзарын нӕ бон кӕй фӕрцы у, ахӕм миниуӕг. Библи зӕгъы, ӕфсарм кӕй у «зӕрдӕты фыст» закъоны хуызӕн (Ромӕгтӕм 2:15). Адӕймагӕн йе ’фсарм хорз ахуыр куы уа, уӕд ын ӕххуыс кӕндзӕн, цы саразинаг у кӕнӕ, цы сарӕзта, уый раст у ӕви нӕ, уый бамбарынӕн.

  •   Ӕфсарм у GPS-навигаторы хуызӕн. Уый дын ӕххуыс кӕны раст фӕндагыл цӕуынӕн, цӕмӕй бӕллӕхтӕй хызт уай.

  •   Ӕфсарм у кӕсӕны хуызӕн. Уый фӕрцы дӕ бон у бамбарын, дӕ уаг ӕмӕ де ’гъдау цы уавӕры сты ӕмӕ ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг дӕ, уый.

  •   Ӕфсарм у хорз ӕмбалы хуызӕн. Уый дын хорз уынаффӕ ратдзӕн ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, хуыздӕр куыд у, афтӕ бакӕнынӕн – кӕд ӕм хъусай, уӕд.

  •   Ӕфсарм у тӕрхонгӕнӕджы хуызӕн. Ӕвзӕрӕй исты куы фӕаразыс, уӕд дын ӕй фӕзӕгъы.

Де ’фсарм хорз ахуыр куы уа, уӕд дын ӕххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Де ’фсарм дын ӕххуыс кӕндзӕн 1) раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕмӕ 2) дӕ рӕдыд бамбарынӕн ӕмӕ йӕ сраст кӕнынӕн.

 Ӕфсарм ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

 Библийы фыст ис, «уӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд», зӕгъгӕ (1 Петры 3:16). Цӕмӕй дӕ цӕсгом алкӕддӕр сыгъдӕг уа, уый тыххӕй хъуамӕ де ’фсарм ахуыр кӕнай.

 «Мӕ ныййарджыты-иу сайдтон, кӕм уыдтӕн, уый-иу сын не схъӕр кодтон. Фыццаг мӕ мӕ цӕсгом хордта. Фӕлӕ мӕм стӕй афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис» (Дженифер).

 Ӕппынфӕстаг Дженифер йе ’фсарммӕ байхъуыста, ӕмӕ йӕ ныййарджытӕн алцыдӕр радзырдта ӕмӕ сӕ нал сайдта.

 Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Дженифер йе ’фсарммӕ кӕд хъуамӕ байхъуыстаид?

 «Адӕймаг йӕхи иухуызон куы февдисы, сусӕгӕй та ӕндӕр хъуыддӕгтӕ куы фӕкӕны, уӕд ын тынг зын вӕййы. Иу хатт де ’фсармы сӕрты куы ахизай ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддаг куы саразай, уӕд дын иннӕ хатт ӕвзӕр хъуыддаг саразын ӕнцондӕр уыдзӕн» (Мэтью).

 Иуӕй-иутӕ се ’фсарммӕ ӕппындӕр нӕ хъусынц. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыдон «се ’фсарм бынтондӕр фесӕфтой» (Ефесӕгтӕм 4:19).

 Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Йе ’взӕр миты тыххӕй йӕ цӕсгом ӕппындӕр кӕй нӕ хӕры, уыдонӕн сӕ цард хуыздӕр цӕуы? Ахӕм адӕм цавӕр бӕллӕхты бахауынц?

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Цӕмӕй дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый тыххӕй хъуамӕ де ’фсарм сахуыр кӕнай, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» (Дзуттӕгтӕм 5:14).

 Дӕ бон куыд у де ’фсарм ахуыр кӕнын?

 Цӕмӕй де ’фсарм ахуыр кӕнай, уый тыххӕй дын хъуамӕ уа, кӕй фӕзмай, уый кӕнӕ йӕ кӕмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнай, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Иуӕй-иутӕн уыдон сты:

  •   бинонтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ

  •   ӕмгӕрттӕ

  •   зындгонд адӕм

 Фӕлӕ, куыд цӕрын хъӕуы, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр уагӕвӕрдтӕ ис Библийы. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Библи у «Хуыцауы комытӕфӕй фыст» (2 Тимофеймӕ 3:16). Хуыцау у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ зоны, хуыздӕр нын цы у, уый.

 Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр уагӕвӕрдмӕ.

 УАГӔВӔРД. «Мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзуттӕгтӕм 13:18).

  •   Дӕ ныййарджыты асайын, исты адавын, йе та дӕ контролон куыст сусӕгӕй сфыссын куы фӕнда, уӕд дын ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ де ’фсарм цы дзурдзӕн?

  •   Де ’фсарм дын куы дзура, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр?

 УАГӔВӔРД. «Хӕтындзинадӕй дард лидзут» (1 Коринфӕгтӕм 6:18).

  •    Порнографимӕ бакӕсын кӕнӕ дӕ искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын куы фӕнда, уӕд дын ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ де ’фсарм цы дзурдзӕн?

  •   Де ’фсарм дын куы дзура, цӕмӕй хӕтындзинадӕй дард лидзай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр?

 УАГӔВӔРД. «Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут... кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Ефесӕгтӕм 4:32).

  •    Дӕ хо кӕнӕ де ’фсымӕримӕ йе та де ’мбалимӕ истӕуыл куы фӕбыцӕу уат, уӕд дын ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ де ’фсарм цы дзурдзӕн?

  •   Де ’фсарм дын куы дзура, цӕмӕй иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнай ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбарай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр?

 УАГӔВӔРД. «Фыддзинад чи уарзы, уымӕй... [Йегъовӕ] йе сӕфт уыны» (Псалом 11:5).

  •    Ацы уагӕвӕрд дын куыд баххуыс кӕндзӕн телепередачӕтӕ, кинотӕ ӕмӕ видеохъӕзтытӕ ӕвзаргӕйӕ?

  •   Де ’фсарм дын куы дзура, цӕмӕй дӕхи хизай, фыддзинад кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр?

 ӔЦӔГ ХАБАР: «Ме ’мбӕлттӕ-иу хъазыдысты, фыддзинад кӕм ис, ахӕм видеохъӕзтытӕй. Ӕмӕ ӕз дӕр хъазыдтӕн. Уый фӕстӕ мын мӕ фыд загъта, цӕмӕй уыцы хӕзтытӕй мауал хъазыдаин. Фӕлӕ-иу ӕз уӕддӕр хъазыдтӕн, ме ӕмбӕлттӕй-иу искӕмӕ куы уыдтӕн, уӕд. Хӕдзармӕ-иу куы ’рбацыдтӕн, уӕд-иу ӕй не схъӕр кодтон. Мӕ фыд-иу мӕ куы бафарста, мыййаг исты кӕныс, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын загътон: „Алцыдӕр хорз у“. Фӕлӕ иубон бакастӕн Псалом 11:5 стих ӕмӕ мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ӕрхудт. Бамбӕрстон, уыцы хъӕзтытӕ мӕ ныууадзын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ афтӕ бакодтон. Ме ’мбӕлттӕй иу уый куы базыдта, уӕд сӕ уый дӕр нал хъазыд» (Джереми).

 Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Джеремийӕн йе ’фсарм кӕд «райхъал», ӕмӕ йӕм хъусын кӕд райдыдта? Йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Де ’фсарм ӕвдисы, цавӕр адӕймаг дӕ ӕмӕ дын ахсджиаг цы у, уый. Уӕдӕ де ’фсарм цы дзуры, цавӕр адӕймаг дӕ, уый тыххӕй?