Библи цы дзуры ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсыны тыххӕй?
Дзуапп Библийӕ
Сывӕллӕттӕ хъуамӕ кӕсой сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм. Уый у ахсджиаг хӕс. Библийы фыст ис, сывӕллӕттӕ кӕй хъуамӕ архайой, «Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый сӕхи бинонты ’хсӕн ӕвдисыныл, ӕмӕ сыл сӕ ныййарджыты... раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕныныл, уымӕн ӕмӕ уый раст у Хуыцауы раз» (1 Тимофеймӕ 5:4). Сывӕллӕттӕ сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм куы фӕкӕсынц, уӕд ма феххӕст кӕнынц Библийы фӕдзӕхст, дӕ ныййарджыты нымай, зӕгъгӕ (Ефесӕгтӕм 6:2, 3).
Ацӕргӕ ныййарджытӕм куыд кӕсын хъӕуы, уый тыххӕй Библийы бӕлвырд амындтӕ нӕй. Фӕлӕ дзы бакӕсӕн ис, уымӕй нын фӕзминаг чи у, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Стӕй ма Библийы ис, йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм чи кӕсы, уыдонӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ.
Раджы заманты иуӕй-иутӕ сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм куыд кастысты?
Алчидӕр сӕ уый арӕзта, йӕ уавӕртӕ куыд амыдтой, уымӕ гӕсгӕ.
Иосиф йӕ ацӕргӕ фыд Иаковӕй дард цард. Фӕлӕ йын фадат куы фӕзынд, уӕд ӕй ӕндӕр бӕстӕйӕ ӕрласын кодта, цӕмӕй йӕм хӕстӕгдӕр уыдаид. Иосиф батыхсти, цӕмӕй йӕ фыдӕн хӕдзар уыдаид. Уымӕй уӕлдай йӕ хӕринагцух нӕ уагъта ӕмӕ йӕм йӕ хъус дардта (Райдиан 45:9–11; 47:11, 12).
Руф йе ’фсины райгуырӕн бӕстӕмӕ цӕрынмӕ ацыд ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ куыста, цӕмӕй йӕ дардтаид (Руф 1:16; 2:2, 17, 18, 23).
Чырысти йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йе ’мбалӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ мадмӕ, Марийӕмӕ, кастаид. Марийӕ уӕдмӕ, ӕвӕццӕгӕн, идӕдз уыди (Иоанны 19:26, 27) a.
Йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм чи кӕсы, уыдонӕн Библийӕ цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты?
Йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм чи кӕсы, уыдонмӕ хатт хъарутӕ нал вӕййы ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. Ахӕм уавӕры сын баххуыс кӕндзысты, Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон.
Дӕ ныййарджыты нымай.
Библийы фыст ис: «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» (Рацыд 20:12).
Ацы уынаффӕйӕ куыд спайда кӕнӕн ис? Дӕ ныййарджытӕн кӕй аргъ кӕныс, уый бӕрӕг уыдзӕн, сӕ бон цы у, уый аразын сӕ куы уадзай, уымӕй. Кӕд сӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын, уӕд сын бар дӕтт, цӕмӕй, цавӕр ӕххуыс сӕ хъӕуы, уый фӕдыл уынаффӕ сӕхӕдӕг рахӕссой. Фӕлӕ сын уыимӕ, дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕн. Ӕмӕ йӕ уӕд уындзысты, кӕй сӕ нымайыс.
Ӕмбар сӕ ӕмӕ сын хатыр кӕн.
Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы, ӕмӕ иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 19:11).
Ацы уынаффӕйӕ куыд спайда кӕнӕн ис? Дӕ ацӕргӕ ныййарӕг дӕ йӕ ныхӕстӕй куы фӕхъыг кӕна кӕнӕ йын кӕй ӕххуыс кӕныс, уымӕн куы нӕ аргъ кӕна, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Ӕз афтӕ ӕнӕбон куы уаин, уӕд мӕхи куыд хатин?» Йӕ зын ын куы ’мбарай ӕмӕ йын куы хатыр кӕнай, уӕд уавӕр нӕ фӕфыддӕр уыдзӕн.
Иннӕтимӕ-иу аныхас кӕн.
Библийы фыст ис: «Ӕргом ныхас кӕм нӕ уа, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты, бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым та алцыдӕр рауайдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 15:22).
Ацы уынаффӕйӕ куыд спайда кӕнӕн ис? Дӕ ныййарджытӕн сӕ низтимӕ тох кӕнынӕн дӕ бон ӕххуыс кӕнын куыд у, уый тыххӕй фылдӕр базон. Базон, кӕсинаг чи у, ахӕм ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн, кӕм цӕрыс, уым цавӕр мадзӕлттӕ ис, уый. Йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм чи кӕсы, уыдонимӕ-иу аныхас кӕн. Кӕд дын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уӕд иумӕ аныхас кӕнут, уӕ ныййарджытӕм фӕкӕсын цӕмӕй хъӕуы, ууыл ӕмӕ уӕ алкӕй бон дӕр цы у аразын, ууыл.
Бонзонгӕ у.
Библийы фыст ис: «Зонд... ис бонзонгӕтӕм» (Ӕмбисӕндтӕ 11:2).
Ацы уынаффӕйӕ куыд спайда кӕнӕн ис? Хъуамӕ ӕмбарай, дӕ бон алцы кӕй нӕу. Зӕгъӕм, иу адӕймагӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ ӕгӕрон не сты. Уӕдӕ дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъарутӕй кӕнгӕ у, дӕ ныййарджытӕн дӕ бон баххуыс кӕнын цас у, уый. Куы-иу бамбарай, дӕ ныййарджытӕм кӕсынӕн дӕм фаг хъарутӕ кӕй нал ис, уӕд-иу ӕххуыс ракур дӕ бинонтӕй искӕмӕй кӕнӕ та ацӕргӕтӕн ӕххуысгӕнӕг организацитӕй.
Дӕхиуыл тыхс.
Библийы фыст ис: «Йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ буц дары» (Ефесӕгтӕм 5:29).
Ацы уынаффӕйӕ куыд спайда кӕнӕн ис? Кӕд дӕ ныййарджытӕм кӕсын дӕ хӕс у, уӕддӕр хъуамӕ тыхсай дӕхиуыл дӕр ӕмӕ дын кӕд бинонтӕ ис, уӕд уыдоныл дӕр. Афоныл ӕмӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хӕр. Фынӕй кӕнынӕн ӕмӕ-иу дӕ фӕллад суадзынӕн фаг рӕстӕг рахицӕн кӕн (Екклесиаст 4:6). Ӕмӕ дын гӕнӕн куы уа, уӕд-иу хъуамӕ улӕфгӕ дӕр акӕнай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дын дӕ ныййарджытӕм кӕсын ӕнцондӕр уыдзӕн ӕмӕ дӕхи дӕр хуыздӕр хатдзынӕ.
Цымӕ Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм ӕнӕмӕнг хӕдзары кӕсын хъӕуы?
Сывӕллӕттӕ сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм хӕдзары хъуамӕ кӕсой ӕви нӕ, уый фӕдыл Библийы бӕлвырд ницы фыст ис. Иуӕй-иутӕ сӕ ныййарджытӕм хӕдзары фӕкӕсынц, гӕнӕн кӕдмӕ вӕййы, уӕдмӕ. Фӕлӕ стӕй, гӕнӕн ис, аскъуыддзаг кӕной, сӕ ныййарджытӕн зӕрӕдты хӕдзары хуыздӕр кӕй уыдзӕн. Бинонтӕн сӕ бон у иумӕ аныхас кӕнын, цӕмӕй ахӕм уынаффӕ рахӕссой, ӕмӕ алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцӕуа (Галатӕгтӕм 6:4, 5).
a Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы ацы хабары тыххӕй фыст ис: «Ӕвӕццӕгӕн, Иосиф [Марийӕйы лӕг] уӕдмӕ мард уыд, ӕмӕ Марийӕйы дардта йӕ фырт Йесо. Фӕлӕ йӕм Йесойы мӕлӕты фӕстӕ чи хъуамӕ кастаид? [...] Ацы хабарӕй Чырысти бамбарын кодта, сывӕллӕттӕ сӕ ацӕргӕ ныййарджытыл кӕй хъуамӕ тыхсой» (The NIV Matthew Henry Commentary in One Volume, 428, 429 фӕрстӕ).