Библи мӕсты кӕныны тыххӕй цы дзуры?
Дзуапп Библийӕ
Библи зӕгъы, адӕймаг йӕ маст куы нӕ урома, уӕд уый ӕвзӕр кӕй у, чи мӕсты кӕны, уымӕн дӕр ӕмӕ йӕ алыварс чи ис, уыдонӕн дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 29:22). Кӕд адӕймаг иуӕй-иу хатт рӕстӕй фӕмӕсты кӕны, уӕддӕр Библи зӕгъы, ӕдзух мӕсты чи кӕны, уыдон кӕй нӕ фервӕздзысты (Галатӕгтӕм 5:19–21). Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон адӕймагӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй йӕ маст урома.
Мӕсты кӕнын алкӕддӕр ӕвзӕр вӕййы?
Нӕ. Иуӕй-иу хатт мӕсты кӕнын раст вӕййы. Зӕгъӕм, Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Нееми «тынг смӕсты», йӕ адӕмӕй иуӕй-иуты кӕй ӕфхӕрдтой, уый куы базыдта, уӕд (Нееми 5:6).
Иуӕй-иу хатт Хуыцау дӕр смӕсты вӕййы. Зӕгъӕм, «Йегъовӕйӕн... йӕ маст ссыгъд», раджы заман йе ’взӕрст адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтой, уӕд. Афтӕмӕй фехӕлдтой, Хуыцауимӕ сын цы бадзырд уыд, уый, ома ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй хъуамӕ кувой (Тӕрхонгӕнджыты 2:13, 14). Фӕлӕ мӕсты кӕнын Йегъовӕйӕн йӕ сӕйраг миниуӕг нӕу. Уый ӕнӕхъуаджы никуы смӕсты вӕййы ӕмӕ йӕ мастыл йӕ бар фӕцӕуы (Рацыд 34:6; Исай 48:9).
Мӕсты кӕнын зиан кӕд хӕссы?
Мӕсты кӕнын ӕвзӕр вӕййы, адӕймаг йӕ маст уромын куы нӕ фӕзоны кӕнӕ мӕсты кӕнынӕн ӕфсон куы нӕ вӕййы, афтӕмӕй куы фӕмӕсты кӕны; ӕнӕххӕст адӕм арӕх сӕ маст афтӕ февдисынц. Зӕгъӕм:
«Каин тынг смӕсты», Хуыцау ын йӕ кувинаг куы нӕ айста, уӕд. Каин йӕ масты фӕдыл ацыд ӕмӕ йе ’фсымӕры амардта (Райдиан 4:3–8).
Пехуымпар Ионӕ «мӕстӕй рафыхт», Хуыцау ниневиӕгтӕн куы фӕтӕригъӕд кодта, уӕд. Хуыцау Ионӕйы бараст кодта ӕмӕ йын загъта, кӕй смӕсты, уый раст кӕй нӕу ӕмӕ чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы тӕригъӕдджынтӕн кӕй хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕна a (Ионӕ 3:10–4:1, 4, 11).
Ацы цӕвиттонтӕ бӕлвырд кӕнынц: ӕнӕххӕст «адӕймагӕн мӕстыйӕ йӕ бон нӕу, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын» (Иаковы 1:20).
Дӕ маст уромынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн?
Ма рох кӕн, адӕймаг йӕ маст куы нӕ урома, уӕд уый тӕссаг кӕй у. Бирӕтӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг йӕ маст куы ныккала, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ тыхджын у. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, йӕ масты фӕдыл чи цӕуы, уый тынг лӕмӕгъ у. «Йӕхиуыл хӕцын чи нӕ зоны, уый, кӕй ныппырх кодтой ӕмӕ ӕнӕ къултӕй чи баззад, ахӕм горӕтӕй уӕлдай нӕу» (Ӕмбисӕндтӕ 25:28; 29:11). Фӕлӕ нӕ маст уромын куы сахуыр уӕм, уӕд равдисдзыстӕм, ӕцӕг тыхджын ӕмӕ арфуынӕг кӕй стӕм (Ӕмбисӕндтӕ 14:29). Библи дзуры: «Йӕ маст уромын чи зоны, уый тыхджын адӕймагӕй хуыздӕр у» (Ӕмбисӕндтӕ 16:32).
Дӕ маст-иу ӕрсабыр кӕн, цалынмӕ нӕ саразай, кӕуыл фӕфӕсмон кӕндзынӕ, ахӕм хъуыддаг. Псалом 37:8 стихы фыст ис: «Ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх. Ма мӕсты кӕн – уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн!» Мӕсты куы вӕййӕм, уӕд нӕ бон вӕййы равзарын – нӕ бон вӕййы нӕ маст ӕрсабыр кӕнын, цалынмӕ нӕ фыдбылызмӕ не ’ркодта, уӕдмӕ. Ефесӕгтӕм 4:26 стихы фыст ис: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут».
Мӕсты кӕнын куы райдайай, уӕд-иу ацу, кӕд гӕнӕн уа, уӕд. Библийы фыст ис: «Хылӕн йӕ райдайӕн у, дон куыд ратона, уый хуызӕн. Уӕдӕ цалынмӕ хыл нӕ райдыдта, уӕдмӕ ацу» (Ӕмбисӕндтӕ 17:14). Зондыл дзурӕг уыдзӕн, адӕймагимӕ-иу уайтагъд куы бафидауат. Фӕлӕ уӕ дыууӕйы дӕр, чи зоны, рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй уӕ маст ӕрсабыр уа ӕмӕ уӕ бон аныхас кӕнын уа.
Алцыдӕр-иу бӕстон базон. Ӕмбисӕндтӕ 19:11 стихы фыст ис: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы». Зондыл дзурӕг уыдзӕн, цалынмӕ хатдзӕгтӕ не скӕнӕм, уӕдмӕ уал алцыдӕр куы базонӕм. Лӕмбынӕг куы байхъусӕм, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уымӕ, уӕд ӕнӕхъуаджы нал мӕсты кӕндзыстӕм (Иаковы 1:19).
Кув, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы фарн уа. Куы кувай, уӕд дӕ зӕрдӕйы уыдзӕн «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» (Филиппӕгтӕм 4:7). Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын уыдзыстӕм, Хуыцаумӕ куы кувӕм, сӕйраджыдӕр уӕд. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн, ӕмӕ уыдзыстӕм бирӕфӕразон ӕмӕ хиуылхӕцгӕ (Лукайы 11:13; Галатӕгтӕм 5:22, 23).
Дӕ рӕстӕг кӕимӕ ’рвитдзынӕ, уый лӕмбынӕг ӕвзар. Арӕхдӕр афтӕ рауайы, ӕмӕ кӕимӕ лымӕн кӕнӕм, уыдоны хуызӕн свӕййӕм (Ӕмбисӕндтӕ 13:20; 1 Коринфӕгтӕм 15:33). Библи нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы: «Йӕ маст уромын чи нӕ зоны, ахӕмимӕ ма лымӕн кӕн ӕмӕ мӕстыгӕр адӕймагмӕ хӕстӕг ма цу». Цӕуылнӕ? «Цӕмӕй йӕ фӕндӕгтыл ма сахуыр уай ӕмӕ дӕ уд къӕппӕджы ма баппарай» (Ӕмбисӕндтӕ 22:24, 25).
a Куыд зыны, афтӕмӕй Ионӕ Хуыцаумӕ байхъуыста ӕмӕ нал мӕсты кодта. Уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ йын Хуыцау ныффыссын кодта, Библийы йӕ ном чи хӕссы, уыцы чиныг.