Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цымӕ искуы зӕхх фесӕфдзӕн?

Цымӕ искуы зӕхх фесӕфдзӕн?

Дзуапп Библийӕ

 Зӕхх никуы фесӕфдзӕн, никуы басудздзӕн ӕмӕ ивд не ’рцӕудзӕн. Библийы фыст ис, Хуыцау зӕхх уый тыххӕй кӕй скодта, цӕмӕй йыл ӕнустӕм цӕрӕн уа.

  •   «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).

  •   «Ды [Хуыцау] зӕхх сӕвӕрдтай фидар бындурыл, ӕмӕ ӕнустӕм, мыггагмӕ дӕр, нӕ фенкъуысдзӕн» (Псалом 104:5).

  •   «Зӕхх... лӕууы ӕнустӕм» (Екклесиаст 1:4).

  •   «Уый скодта зӕхх, сфӕлдыста йӕ ӕмӕ йӕ фидар сӕвӕрдта, дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (Исай 45:18).

Адӕм зӕхх фесафдзысты?

 Хуыцау нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй адӕм зӕхх бынтондӕр фесафой, кӕй йӕ чъизи кӕнынц, хӕстытӕ йыл кӕй цӕуы, кӕнӕ ӕндӕр истӕй тыххӕй. «Зӕхх чи сафы, уыдоны... фесафдзӕн» Хуыцау (Раргомад 11:18). Уый куыд сараздзӕн?

 Зӕхх бахъахъхъӕнын кӕй бон нӕ баци, уыцы зӕххон хицауӕдты Хуыцау раивдзӕн уӕларвон Паддзахадӕй (Данел 2:44; Матфейы 6:9, 10). Уыцы Паддзахады сӕргъы уыдзӕн Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти (Исай 9:6, 7). Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, йӕ бар ӕрдзон тыхтыл кӕй цыд (Марчы 4:35–41). Чырысти Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бар цӕудзӕн зӕххыл дӕр ӕмӕ ӕрдзон тыхтыл дӕр. Ӕмӕ зӕххыл скӕндзӕн, Едемы цӕхӕрадоны цы уавӕртӕ уыд, ахӕм уавӕртӕ (Матфейы 19:28; Лукайы 23:43).

Зӕхх арты кӕй басудздзӕн, уый тыххӕй Библийы фыст нӕй?

 Нӕй. Ахӕм хъуыды фӕзыны, 2 Петры 3:7 фыст ныхӕстӕ раст кӕй нӕ бамбарынц, уый тыххӕй. Уым фыст ис: «Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ». Ацы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм дыууӕ ахсджиаг хъуыддагмӕ.

  1.   Ныхӕстӕ «арв», «зӕхх» ӕмӕ «арт» Библийы ӕрмӕст иу цӕмӕдӕр нӕ хауынц. Зӕгъӕм, Райдианы 11:1 фыст ис: «Ӕгас зӕххыл дӕр уыди иу ӕвзаг». Ам дзырд «зӕхх» амоны адӕммӕ.

  2.   Арв, зӕхх ӕмӕ артӕн 2 Петры 3:7 цы хъуыды ис, уый йӕ контекстӕй бӕрӕг у. 5 ӕмӕ 6 стихты дзырд цӕуы, Нойы бонты цы Доны хъаймӕт уыд, ууыл. Уӕд рагон дуне сӕфт ӕрцыд, фӕлӕ Зӕхх нӕ фесӕфт. Доны хъаймӕты фесӕфтысты фыдгӕнджытӕ кӕнӕ «зӕхх» (Райдиан 6:11). Стӕй ма сӕфт ӕрцыд «арв», ома уӕд адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы хицауад. Уӕдӕ Зӕхх нӕ фесӕфт, фӕлӕ фыдгӕнджытӕ. Уӕд Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ фервӕзтысты ӕмӕ Доны хъаймӕты фӕстӕ зӕххыл цардысты (Райдиан 8:15–18).

 Доны хъаймӕты рӕстӕг дӕттӕ фыдгӕнджыты куыд фесӕфтой, афтӕ 2 Петры 3:7 цы арты кой ис, уый дӕр Зӕхх нӕ фесафдзӕн, фӕлӕ фыдгӕнджыты. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕххӕй» (2 Петры 3:13). «Ног зӕххӕн», кӕнӕ адӕмӕн, разамынд дӕтдзӕн «ног арв», кӕнӕ ног хицауад – Хуыцауы Паддзахад. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт (Раргомад 21:1–4).