Иу адӕмыхаттӕй чи нӕу, уыдон сӕ цард баиу кӕной, уый тыххӕй Библи цы дзуры?
Дзуапп Библийӕ
Иу адӕмыхаттӕй чи нӕу, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг сӕ цард баиу кӕной, Хуыцау уый ныхмӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ иу адӕмыхатт иннӕмӕй хуыздӕрыл нӕ нымайы. Библийы фыст ис, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).
Ӕркӕсӕм, ацы фарстайы фӕдыл ма Библийы ноджыдӕр цы ис фыст, уымӕ.
Адӕмыхӕттытӕ иууылдӕр равзӕрдысты дыууӕ адӕймагӕй
Адӕм иууылдӕр равзӕрдысты фыццаг нӕлгоймаг Адамӕй ӕмӕ йӕ бинойнаг Евӕйӕ. Библи Евӕйы хоны, «зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны мад» (Райдиан 3:20). Уымӕ гӕсгӕ Библийы Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Уый иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмты» (Хъуыддӕгтӕ 17:26). Адӕм цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр иууылдӕр сты иу бинонтӕ. Фӕлӕ кӕд, кӕм цӕрыс, уым адӕм иннӕ адӕмыхӕттытӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ кӕрӕдзи къордтыл дих кӕнынц, уӕд цы ис саразӕн?
«Уынаффӕ чи кӕны, уыдонмӕ... ис зонд»
Кӕд Хуыцау уый ныхмӕ нӕу, цӕмӕй, иу адӕмыхаттӕй чи нӕу, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг сӕ цард баиу кӕной, уӕддӕр бирӕтӕ уыцы хъуыддагмӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц (Исай 55:8, 9). Кӕд, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, ахӕм адӕймагимӕ дӕ цард баиу кӕнынмӕ хъавыс, уӕд иумӕ ахъуыды кӕнут ацы фарстатыл:
Иннӕтӕ кӕнӕ уӕ бинонтӕ уӕ ныхмӕ куы уой, уӕд куыд бакӕндзыстут?
Уӕ сывӕллӕттӕн куыд баххуыс кӕндзыстут, иннӕтӕ сӕм ӕвзӕр цӕстӕй куы кӕсой, уӕд?
Иумӕ куы «уынаффӕ... кӕнат», уӕд уый фӕрцы уӕ бинонтӕ уыдзысты амондджын (Ӕмбисӕндтӕ 13:10; 21:5).