Йесо Чырысти ӕнӕуи хорз адӕймаг уыди?
Дзуапп Библийӕ
Йесо ӕнӕуи хорз адӕймаг нӕ уыд. Адӕмы историйыл уый куыд бандӕвта, афтӕ ничи. Дӕ хъус-ма ӕрдар, зындгонд историктӕ ӕмӕ фысджытӕ Йесойы тыххӕй цы загътой, уымӕ:
«Адӕмы историйы назаретаг Йесойӕ... стырдӕр адӕймаг нӕй» (Герберт Уэллс, англисаг фыссӕг ӕмӕ историк).
«Ацы зӕххыл чи цард, уыдонӕй иунӕг адӕймаджы цард дӕр иннӕтыл афтӕ нӕ фӕзынд, Йесойы цард сыл куыд фӕзынд. Ӕмӕ рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ сыл тынгдӕр зыны» (Кеннет Латуретт, америкаг историк ӕмӕ фыссӕг).
Библи ӕмбарын кӕны, Йесо историйыл афтӕ тынг цӕмӕн бандӕвта, уый. Иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгты куы бафарста, чи дӕн, зӕгъгӕ, уӕд сӕ иу йӕ фарстайӕн раст дзуапп радта: «Ды дӕ Чырысти – удӕгас Хуыцауы Фырт» (Матфейы 16:16).