Лӕгӕн цалдӕр усы уа, уый раст у?
Дзуапп Библийӕ
Иу заман Хуыцау бауагъта, цӕмӕй нӕлгоймагӕн иу усӕй фылдӕр уыдаид (Райдиан 4:19; 16:1–4; 29:18–29). Фӕлӕ уыцы ӕгъдау Хуыцауы фӕндӕй нӕ фӕзынд. Хуыцау Адамӕн ӕрмӕстдӕр иу ус радта.
Уӕдӕ Хуыцауы фӕнд уыд, цӕмӕй адӕймагӕн иу цардӕмбалӕй фылдӕр ма уыдаид, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо Чырыстийӕн бар радта, цӕмӕй уыцы ӕгъдау ногӕй ӕрфидар кодтаид (Иоанны 8:28). Иухатт Йесомӕ бинонты царды тыххӕй фарста куы ратдтой, уӕд загъта: «Райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй... сфӕлдыста, ӕмӕ... загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“» (Матфейы 19:4, 5).
Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй иу фӕстӕдӕр Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр – йӕхи лӕг» (1 Коринфӕгтӕм 7:2). Библийы ма фыст ис, зӕгъгӕ, чырыстон ӕмбырды кадджын хӕстӕ йӕ бар кӕмӕн бакӕнынц, уыцы нӕлгоймагӕн хъуамӕ «иу ус йеддӕмӕ ма уа» (1 Тимофеймӕ 3:2, 12)