Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ Йесо Чырыстийыл сӕххӕст сты?
Дзуапп Библийӕ
О. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бирӕ пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст кодта «Разамонӕг Мессийӕйы» тыххӕй – уый хъуамӕ суыдаид «дунейы Ирвӕзынгӕнӕг» (Данел 9:25; 1 Иоанны 4:14). Йесо куы амард, уӕддӕр ма йыл Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кодтой (Псалом 110:1; Хъуыддӕгтӕ 2:34–36).
Цы нысан кӕны дзырд «Мессийӕ»?
Дзуттаг дзырд маши́ах (Мессийӕ) ӕмӕ грекъаг дзырд христо́с (Чырысти) нысан кӕнынц «Сӕрст». Уӕдӕ «Йесо Чырысти» нысан кӕны «Йесо Сӕрст» кӕнӕ «Йесо Мессийӕ».
Раджы заманты-иу адӕймагӕн стыр бартӕ куы радтой, уӕд-иу ын йӕ сӕрыл сой ӕркодтой ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕрст ӕрцыд (Левит 8:12; 1 Самуилы 16:13). Хуыцау Йесойы снысан кодта Мессийӕйӕ ӕмӕ йын стыр бартӕ радта (Хъуыддӕгтӕ 2:36). Фӕлӕ Йесо сойӕ сӕрст не ’рцыд – Хуыцау ӕй йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста (Матфейы 3:16).
Цымӕ Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ иу адӕймагӕй фылдӕрыл сӕххӕст сты?
Нӕ. Уый гӕнӕн куыд нӕй, цӕмӕй дыууӕ адӕймагӕн се ’нгуылдзты фӕдтӕ ӕмхуызон уой, афтӕ уый гӕнӕн дӕр нӕй, цӕмӕй Мессийӕйы, кӕнӕ Чырыстийы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ цалдӕр адӕймагмӕ амоной. Фӕлӕ Библи фӕдзӕхсы: «Фӕзындзӕн мӕнг Чырыститӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпартӕ. Уыдон ӕвдисдзысты стыр диссӕгтӕ ӕмӕ ӕнахуыр цыдӕртӕ, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕвзӕрстыты дӕр асайой» (Матфейы 24:24).
Цымӕ Мессийӕ фидӕны фӕзындзӕн?
Нӕ. Библийы раджы ӕрцыд фыст, Мессийӕ Израилы паддзах Давиды байзӕддаг кӕй уыдзӕн (Псалом 89:3, 4). Фӕлӕ Давиды размӕ чи цард, уыцы дзуттаг рагфыдӕлты номхыгъд фесӕфт, ӕвӕццӕгӕн ӕй басыгътой, нӕ эрӕйы 70 азты ромӕгтӕ Иерусалим куы бацахстой, уӕд a. Уӕдӕй фӕстӕмӕ иу адӕймаджы бон дӕр нӕу сбӕлвырд кӕнын, паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацыд. Уыцы хӕдзарвӕндаджы рагфыдӕлты номхыгъд Йесойы рӕстӕджы уыди. Уымӕ гӕсгӕ йе знӕгтӕ никуы дзырдтой, Давиды байзӕддаг кӕй у, уый ныхмӕ (Матфейы 22:41–46).
Библийы Мессийӕйы тыххӕй цал пехуымпарады ис?
Бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй, Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ цас сты, уый. Зӕгъӕм, пехуымпарад бӕлвырдӕй Мессийӕмӕ кӕм амоны, уыцы стихты фӕдыл дӕр алыхуызон хъуыдытӕ ис, ома дзы цал пехуымпарады ис, уый алыхуызон нымайынц. Исайы 53:2–7 стихтӕй Мессийӕйы тыххӕй базонӕн ис цалдӕр лыстӕг хабары. Иуӕй-иутӕ сӕ, гӕнӕн ис, банымайой иу пехуымпарадыл, иннӕтӕ та, цы хабӕрттыл дзы цӕуы дзырд, уыдонӕй алкӕцы дӕр хицӕн пехуымпарадыл нымайой.
Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕй Йесойыл чи сӕххӕст, уыдонӕй цалдӕр
Пехуымпарад |
Кӕм фыст ис |
Куыд сӕххӕст |
---|---|---|
Авраамы байзӕддаг |
||
Авраамы фырт Исахъы байзӕддаг |
||
Райгуырдзӕн Израилы, Иудӕйы мыггаджы |
||
Рацӕудзӕн паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй |
||
Райгуырдзӕн ӕнӕвнӕлд чызгӕн |
||
Райгуырдзӕн Вифлеемы |
||
Хондзысты йӕ Еммануил b |
||
Мӕгуыр бинонты ’хсӕн райгуырдзӕн |
||
Куы райгуыра, уый фӕстӕ гыццыл сывӕллӕтты амардзысты |
||
Египетӕй йӕ ракӕндзысты |
||
Схондзысты йӕ назаретаг c |
||
Йӕ разӕй фидиуӕг ӕрвыст уыдзӕн |
||
Мессийӕ суыдзӕн нӕ эрӕйы 29 азы d |
||
Хуыцау ӕй схондзӕн йӕ Фырт |
||
Хуыцауы хӕдзары мӕт ӕй хӕрдзӕни |
||
Хорз хабар хъусын кӕндзӕн |
||
Галилейӕйы йӕ лӕггад ӕмбисонды рухсы хуызӕн уыдзӕн |
||
Моисейау диссаджы хъуыддӕгтӕ араздзӕн |
||
Моисейау Хуыцауы номӕй дзурдзӕн |
||
Бирӕты сдзӕбӕх кӕндзӕн |
||
Адӕмы ӕргом йӕхимӕ не здахдзӕн |
||
Ӕфхӕрд адӕмӕн тӕригъӕд кӕндзӕн |
||
Бамбарын кӕндзӕн, цы у Хуыцауы рӕстдзинад |
||
Диссаджы уынаффӕгӕнӕг |
||
Хуыцауы номы тыххӕй дзурдзӕн |
||
Фӕсномыг ныхӕстӕ дзурдзӕн |
||
Разамонӕг |
||
Бирӕтӕ йыл нӕ баууӕнддзысты |
||
Кӕуыл фӕкӕлдзысты, ахӕм дур суыдзӕн |
||
Адӕм ыл сӕхи атигъ кӕндзысты |
||
Никӕмӕн ницы кӕндзӕн, афтӕмӕй дзы се сӕфт уындзысты |
||
Иерусалиммӕ паддзахы цыд бакӕндзӕн хӕрӕгыл |
||
Сывӕллӕттӕ йӕ кадджын кӕндзысты |
||
Йегъовӕйы номӕй ’рцӕудзӕн |
||
Йе ’ввахс ӕмбал ӕй ауӕй кӕндзӕн |
||
30 ӕвзист ӕхцайыл ӕй ауӕй кӕндзысты e |
||
Йе ’мбӕлттӕ йӕ ныууадздзысты |
||
Мӕнг ӕвдисӕнтӕ йӕ ныхмӕ дзурдзысты |
||
Чи йӕ аххосджын кӕндзӕн, уыдоны раз ницы дзурдзӕн |
||
Тутӕ йыл кӕндзысты |
||
Йӕ сӕр ын лӕдзӕгӕй фӕхойдзысты |
||
Ехсӕй йӕ фӕнӕмдзысты |
||
Куы йӕ нӕмой, уӕд ӕнцад лӕудзӕн |
||
Хицӕуттӕ иумӕ йӕ ныхмӕ суыдзысты |
||
Хъӕдмӕ йӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕй зӕгӕлтӕй ныххойдзысты |
||
Йӕ дарӕсыл ын хӕлттӕ ӕппардзысты |
||
Тӕригъӕдджыныл ӕй банымайдзысты |
||
Ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ йын кӕндзысты, хынджылӕг дзы кӕндзысты |
||
Тӕригъӕдджынты тыххӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн |
||
Афтӕ йӕм кӕсдзӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау ныууагъта |
||
Ратдзысты йын туаг сӕн ӕмӕ мастимӕ хӕццӕ сӕн |
||
Йӕ мӕлӕты размӕ дойны кӕндзӕн |
||
Йӕ уд Хуыцауы къухтӕм ратдзӕн |
||
Йӕ цард ратдзӕн |
||
Йӕ цард нывондӕн ратдзӕн, цӕмӕй тӕригъӕд сӕфт ӕрцӕуа |
||
Йе стджытӕ саст не ’рцӕудзысты |
||
Барӕхойдзысты йӕ |
||
Хъӕздгуытимӕ йӕ бавӕрдзысты |
||
Райгас уыдзӕн |
||
Чи йӕ ауӕй кӕндзӕн, уый бӕсты ӕндӕры равзардзысты |
||
Хуыцауы рахиз фарс ӕрбаддзӕн |
a Макклинток ӕмӕ Стронджы энциклопедийы фыст ис: «Ӕппындӕр дызӕрдыггаг нӕу, дзуттӕгты хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ бинонты номхыгъдтӕ кӕй фесӕфтысты, Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд, уымӕй раздӕр нӕ».
b Дзуттаг ном Еммануил нысан кӕны «Хуыцау ис немӕ» ӕмӕ хорз ӕвдисы, Йесо Мессийӕ кӕй уыд ӕмӕ йыл цы хӕс уыд, уый. Йӕ зӕххон цардӕй ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй сбӕлвырд кодтой, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытимӕ кӕй ис (Лукайы 2:27–32; 7:12–16).
c Дзырд «назаретаг», ӕвӕццӕгӕн, равзӕрд дзуттаг дзырд не́цер-ӕй ӕмӕ нысан кӕны «тау».
d Мессийӕ нӕ эрӕйы 29 азы кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй фылдӕр базон статьяйӕ «Данелы пехуымпарад Мессийӕйы ӕрцыды тыххӕй».
e Ацы пехуымпарад фыст ис Захарийы чиныджы, фӕлӕ Матфей загъта, «пехуымпар Йеремийы» ныхӕстӕ кӕй сты (Матфейы 27:9). Ӕвӕццӕгӕн-иу хатгай Йеремийы чиныг уыд фыццаг, Фыстады «Пехуымпартӕ» чи хуынди, уыцы хайы (Лукайы 24:44). Уӕдӕ Матфей «Йеремийы» кой куы скодта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хъуыдыйы уыдысты, уыцы хайы цы чингуытӕ уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ Захарийы чиныг дӕр уыдонмӕ хауд.