Порнографийы тыххӕй Библи цы дзуры? Киберсексы ӕвзӕрӕй цы ис?
Дзуапп Библийӕ
Порнографи, киберсекс ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй Библи комкоммӕ нӕ дзуры. Фӕлӕ Библи бӕлвырдӕй дзуры, Хуыцау ахӕм хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Ахӕм хъуыддӕгты аххосӕй адӕймаг, йӕ цардӕмбал чи нӕу, уыимӕ ус ӕмӕ лӕджы цард фӕкӕны. Уымӕй уӕлдай, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ бирӕтӕ раст цӕстӕй нал кӕсынц. Ӕркӕс Библийӕ цалдӕр стихмӕ:
«Амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын» (Колоссӕгтӕм 3:5). Адӕймаг порнографимӕ куы фӕкӕсы, уӕд йе ’взӕр фӕндтӕ маргӕ нӕ акӕны, фӕлӕ сӕ сцырен кӕны. Уый тыххӕй адӕймаг Хуыцауы цӕсты вӕййы чъизи.
«Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:28). Адӕймаг хӕлд нывтӕм куы фӕкӕсы, уӕд ӕм фӕзыны ӕнӕгъдау хъуыдытӕ, ӕмӕ уый та ӕркӕны ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм.
«Хӕтынӕн ӕмӕ [уӕм] алы чъизи хъуыддагӕн кӕнӕ зыддзинадӕн йӕ кой дӕр ма уӕд» (Ефесӕгтӕм 5:3). Ӕнӕгъдау митӕн нӕхи аирхӕфсыны тыххӕй сӕ кой дӕр хъуамӕ ма кӕнӕм. Ноджы ахсджиагдӕр та у, цӕмӕй уыдӕтты тыххӕй кӕсгӕ дӕр ма кӕнӕм ӕмӕ сӕм телевизоры кӕнӕ ӕндӕр искуы дӕр ма кӕсӕм.
«Тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ... бӕлвырд сты: хӕтын, чъизи хъуыддӕгтӕ... ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ. Адӕтты тыххӕй ма уӕ раздӕр дӕр куыд фӕдзӕхстон, афтӕ уӕ ныр дӕр фӕдзӕхсын: ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (Галатӕгтӕм 5:19–21). Порнографи, киберсекс, секс телефоны уылты кӕнӕ секстинг сты ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг Хуыцауы цӕсты у чъизи. Ахӕм хъуыддӕгтӕ куы кӕнӕм, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм.