Тамако дымын тӕригъӕдыл нымад у?
Дзуапп Библийӕ
Библийы тамако дымыны a тыххӕй кӕнӕ дзы ӕндӕр хуызы пайда кӕныны тыххӕй ницы фыст ис. Фӕлӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, чъизи кӕнӕ ӕнӕниздзинадӕн зиан чи хӕссы, Хуыцау ахӕм хъуыддӕгты ныхмӕ кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ тамако дымын тӕригъӕдыл нымад у.
Цардӕн аргъ кӕнын. «Хуыцау... алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 17:24, 25). Цард Хуыцауы лӕвар кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахӕмӕй мацы аразӕм, цӕмӕй цӕрынхъуагӕй амӕлӕм, зӕгъӕм, тамако дымӕм. Тамако дымын хауы, ӕгас дунейы дӕр тынг бирӕ адӕм кӕй тыххӕй амӕлы, уыцы хъуыддӕгтӕм. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ бон у уыцы мӕлӕтӕй сӕхи бахизын.
Адӕмы уарзын. «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матфейы 22:39). Иннӕты раз куы дымӕм, уӕд уый уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Ӕдзух тамако кӕй разы дымынц ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ фӕздӕг чи улӕфы, уыдонӕн тынг тӕссаг у, тамако чи дымы, уыдонмӕ арӕхдӕр цы низтӕ фӕзыны, уыдонӕй куы фӕрынчын уой, уымӕй.
Хъуамӕ уӕм сыгъдӕг. «Уӕ буӕрттӕ раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн» (Ромӕгтӕм 12:1). «Нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм» (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Хуыцау адӕймаджы афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй тамако дыма. Тамако чи дымы, уый сыгъдӕгыл нымад нӕу, уымӕн ӕмӕ зонгӕ-зонын йе ’нӕниздзинадӕн зиан хӕссы.
Марихуанӕ кӕнӕ ӕндӕр наркотиктӕй хи аирхӕфсыны тыххӕй пайда кӕнӕн ис ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы исты фыст ис?
Библийы марихуанӕ кӕнӕ ӕндӕр наркотикты тыххӕй ницы фыст ис. Фӕлӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, хи аирхӕфсыны тыххӕй ахӕм цӕмӕйдӕрты пайда кӕнын раст кӕй нӕу, стӕй сыл адӕймаг кӕй сахуыр вӕййы. Райдианы цы уагӕвӕрдты кой кодтам, уыдонӕй уӕлдай ма ис ӕндӕртӕ дӕр.
Хъуамӕ нӕ зондыл нӕ бар цӕуа. «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз... ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37, 38). «Уӕ зонд ӕгасӕй дӕр саразут ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ» (1 Петры 1:13). Адӕймаг наркотиктӕ куы фӕкӕны, уӕд йӕ зондыл йӕ бар нал фӕцӕуы, уымӕй уӕлдай ма сыл бирӕтӕ ахуыр дӕр свӕййынц. Наркотиктӕ чи фӕкӕны, уымӕн йӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр вӕййынц, куыд сӕ самал кӕна, ууыл ӕмӕ хорз цӕуылдӕрты нал фӕхъуыды кӕны (Филиппӕгтӕм 4:8).
Закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын. «Сӕ зӕрдыл [сын] лӕууын кӕн, цӕмӕй хицауӕдтӕм ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонмӕ хъусой» (Титмӕ 3:1). Бирӕ бӕстӕты хицауад йӕ хъус дары, наркотиктӕй куыд пайда кӕнынц уымӕ. Кӕд нӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ хицауады коммӕ кӕсӕм (Ромӕгтӕм 13:1).
a Ам тамако дымынмӕ хауы, сигарӕ, трубкӕ ӕмӕ кальянӕй барӕй тамакойы фӕздӕг улӕфын. Цы уагӕвӕрдтыл ныхас кӕнӕм, уыдон хауынц, ӕууилгӕ ӕмӕ смудгӕ кӕй кӕнынц, уыцы тамакотӕм ӕмӕ, никотин кӕм ис, ахӕм электронон тамакотӕм, стӕй ӕндӕр ахӕм цӕмӕдӕртӕм.