Библийы цы фыст ис ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны тыххӕй?
Дзуапп Библийӕ
Фыццаг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕ нӕ ахуыр кодтой, афтӕмӕй сыл кӕй дзырдтой, уый диссаг уыд (Хъуыддӕгтӕ 10:46). Уыцы ӕвзӕгтӕ чи зыдта, уыдон сӕ хорз ӕмбӕрстой (Хъуыддӕгтӕ 2:4–8). Ӕвзӕгтыл дзурын уыд, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн кӕй радта, уыцы курдиӕттӕй иу (Дзуттӕгтӕм 2:4; 1 Коринфӕгтӕм 12:4, 30).
Кӕм ӕмӕ кӕд райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын?
Фыццаг хатт ацы диссаг ӕрцыд Иерусалимы нӕ эрӕйы 33 азы, дзуттӕгтӕ Фӕндзайӕм бон куы бӕрӕг кодтой, уыцы райсом. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй иу-120 бӕрц иумӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ «се ’ппӕт дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой» (Хъуыддӕгтӕ 1:15; 2:1–4). Цы хӕдзары уыдысты, уый раз ӕрӕмбырд тынг бирӕ адӕм «дунейы алы бӕстӕтӕй», ӕмӕ «ахуыргӕнинӕгтӕ дзырдтой алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл» (Хъуыддӕгтӕ 2:5, 6).
Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын цӕмӕн хъуыд?
Хуыцау чырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кодта, уый равдисынӕн. Раджы заман-иу, Хуыцау диссаджы нысӕнтты фӕрцы равдыста, йӕ иузӕрдион адӕмӕн кӕй ӕххуыс кодта, зӕгъӕм, Моисейӕн (Рацыд 4:1–9, 29–31; Нымӕцтӕ 17:10). Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиатӕн дӕр йӕ нысан уый уыд – афтӕмӕй Хуыцау равдыста, ног чырыстон ӕмбырдӕн кӕй ӕххуыс кодта. Апостол Павел ныффыста: «Ӕндӕр ӕвзӕгтӕ бӕлвырдгӕнӕн уырнджытӕн не сты, фӕлӕ ӕнӕуырнджытӕн» (1 Коринфӕгтӕм 14:22).
Уый фӕрцы чырыстӕттӕн сӕ бон уыд бӕстон хъусын кӕнын. Фӕндзайӕм бон Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм чи хъуыста, уыдон загътой: «Не ’ппӕт дӕр хъусӕм, Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл куыд дзурынц, уый» (Хъуыддӕгтӕ 2:11). Уӕдӕ ма уыцы диссагӕн уыди ӕндӕр нысан дӕр: чырыстӕттӕн сӕ бон уыд, Чырысти куыд бафӕдзӕхста, афтӕ «адӕмӕн хъусын кӕнын ӕмӕ сын бӕстон ӕмбарын кӕнын» ӕмӕ «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнын ахуыргӕнинӕгтӕ» (Хъуыддӕгтӕ 10:42; Матфейы 28:19). Уыцы диссаг федтой ӕмӕ фехъуыстой 3 000 адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ уыцы бон систы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ (Хъуыддӕгтӕ 2:41).
Ӕндӕр ӕвзӕгтыл ӕдзухдӕр хъуамӕ дзырдтаиккой?
Нӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы курдиӕттӕ, уыимӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат дӕр, уыдысты рӕстӕгмӕ. Библийы фыст ис: «Кӕд искӕмӕ пехуымпариуӕг кӕныны курдиат ис, уӕд уый та нал уыдзӕн, кӕд искӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат ис, уӕд уый дӕр фесӕфдзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:8).
Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат кӕд фесӕфт?
Иннӕ чырыстӕттӕ-иу Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты апостолты раз; арӕхдӕр, апостолтӕ-иу сыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд (Хъуыддӕгтӕ 8:18; 10:44–46). Куыд зыны, афтӕмӕй-иу апостолтӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кодтой, уыдонӕн сӕ бон нӕ уыд, цӕмӕй дзы уыдон дӕр иннӕтӕн хай кодтаиккой (Хъуыддӕгтӕ 8:5–7, 14–17). Цӕвиттонӕн, хицауадӕн йӕ бон у адӕймагӕн шофыры гӕххӕттытӕ раттын, фӕлӕ уыцы адӕймагӕн закъонмӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, цӕмӕй иннӕтӕн шофыры гӕххӕттытӕ дӕтта. Куыд уынӕм, афтӕмӕй ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат фесӕфт, апостолтӕ ӕмӕ сыгъдӕг тыхы курдиӕттӕй кӕй схайджын кодтой, уыдон куы амардысты, уӕд.
Абон дӕр ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат ис?
Ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат, ӕвӕццӕгӕн, фесӕфт нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы кӕрон. Абон йӕ бон афтӕ зӕгъын никӕмӕн у, ӕмӕ йын ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат Хуыцау ратта a.
Ӕцӕг чырыстӕтты цӕй фӕрцы ис базонӕн?
Чырысти загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгты базонӕн кӕй уыдзӕн, кӕрӕдзийы удӕуӕлдай уарзтӕй кӕй уарздзысты, уымӕй (Иоанны 13:34, 35). Апостол Павел дӕр дзырдта, ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ уарзондзинадӕй кӕй уыдзысты бӕрӕг (1 Коринфӕгтӕм 13:1, 8). Стӕй ма загъта, Хуыцауы сыгъдӕг тых чырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ удыхъӕды фидар кӕной хорз миниуджытӕ. Уыцы миниуджытӕ иумӕйагӕй хонынц, «сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый», ӕмӕ уыцы миниуджытӕй фыццаг у уарзондзинад (Галатӕгтӕм 5:22, 23).
a Кӕс статья «Способность говорить на языках. От Бога ли она?».