Ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймагӕй мӕхи куыд бахъахъхъӕнон?
Дзуапп Библийӕ
Ӕркӕс, Библийы уый фӕдыл цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ.
Куысты куыд ӕмбӕлы, дӕхи афтӕ дар. Де ’мкусджытимӕ хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ сын аргъ кӕн. Фӕлӕ дӕм дзы кӕд исчи дзырдӕппарӕнтӕ кӕны, уӕд йемӕ ӕгӕр ма лымӕн кӕн, цӕмӕй афтӕ ма ахъуыды кӕна, ӕмӕ уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы (Матфейы 10:16; Колоссӕгтӕм 4:6).
Дӕ дарӕс ӕфсармыл дзурӕг уӕд. Ӕгӕр гом кӕнӕ ӕлхъывд дзаумӕттӕ куы дарай, уӕд дӕ раст нӕ бамбардзысты. Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй дӕ дарӕсӕй «бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй дӕ» (1 Тимофеймӕ 2:9).
Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар. Дзырдӕппарӕнтӕ ӕмӕ дзӕгъӕл ӕвнӕлдтытӕ хорз кӕмӕ кӕсынц, уыдонимӕ куы лымӕн кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, дӕуӕн дӕр ахӕм митӕ кӕнын райдайой (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).
Ӕнӕгъдау ныхӕстӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕхи хиз. Дӕ разы исчи «ӕдылы ныхӕстӕ ӕмӕ... ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ кӕнын» куы райдайа, уӕд-иу сӕ разӕй ацу (Ефесӕгтӕм 5:4).
Тӕссаг уавӕртӕй дӕхи хиз. Зӕгъӕм, де ’мкусджытӕй дын исчи куы зӕгъа, фӕскуыст-ма гыццыл афӕстиат у, зӕгъгӕ, уӕд-иу ма баком, кӕд уый куыстмӕ нӕ хауа, уӕд (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).
Ӕргом ӕмӕ фидарӕй дзур. Кӕд дӕ, ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймаг иу ран нал уадзы, уӕд ын бамбарын кӕн, йӕ митӕ дӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц (1 Коринфӕгтӕм 14:9). Дӕ бон ын у афтӕ зӕгъын: «Мӕ зӕрдӕмӕ ӕппындӕр нӕ цӕуы, кӕй мӕм февналыс, уый. Мауал кӕн афтӕ». Кӕнӕ та дӕ бон у уыцы адӕймагмӕ писмо ныффыссын, йӕ митӕ дӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц ӕмӕ цы кӕнынмӕ хъавыс, уый тыххӕй. Бамбарын ын кӕн, уыцы хъуыддаг дӕм раст кӕй нӕ кӕсы, стӕй дӕ цард Библимӕ гӕсгӕ кӕй аразыс (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3–5).
Ӕххуыс-иу ракур. Кӕд дӕ уыцы адӕймаг уӕддӕр уӕгъд нӕ уадзы, уӕд-иу уый тыххӕй радзур де ’мбалӕн, де ’мкусджытӕй искӕмӕн кӕнӕ та, дӕуау ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕй бирӕтӕн чи баххуыс кодта, ахӕм адӕймагӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:9). Дӕ уавӕры чи ис, уыдонӕй бирӕтӕн ӕххуыс кӕны, Хуыцаумӕ кӕй фӕкувынц, уый. Кӕд Хуыцаумӕ никуы куывтай, уӕд дӕр ӕй зон, Йегъовӕйӕн, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн», йӕ бон кӕй у баххуыс кӕнын (2 Коринфӕгтӕм 1:3).
Абон милуангай адӕймӕгтӕ куысты ӕмбӕлынц, ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис ӕмӕ сӕ иу ран чи нал фӕуадзы, ахӕм адӕмыл. Уыдонӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн Библи.