СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ИЛИЙА
Кӕронмӕ фидар фӕлӕууыд
Илийа фехъуыста, паддзах Ахав кӕй амард. Нӕ цӕстытыл ма ауайын кӕнӕм, ацӕргӕ пехуымпар хъуыдыты куыд ацыд, афтӕмӕй йӕ боцъотӕ куыд лӕгъзытӕ кӕны. Йӕ хъуыдытӕ йӕ ахастой, бирӕ азты размӕ йын уыцы фыдзӕрдӕ паддзах цытӕ бавзарын кодта, уыцы хабӕрттӕм. Илийа бирӕ цыдӕртӕ сфӕрӕзта! Ахав ӕмӕ йӕм йӕ ус Йезавел ӕртхъирӕн кодтой, йӕ фӕдыл зылдысты ӕмӕ йӕ суанг марынмӕ дӕр хъавыдысты. Паддзах ницы сарӕзта, Йезавел Йегъовӕйы пехуымпарты куы цӕгъдын кодта, уӕд. Ахав ӕмӕ Йезавел ӕнӕфсис кӕй уыдысты, уый тыххӕй рӕстгӕнӕг Навуфейы ныхмӕ дӕр фыдвӕндтӕ кодтой ӕмӕ йӕ йӕ фырттимӕ амардтой. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Илийайы уылты йӕ тӕрхон фехъусын кодта Ахавӕн ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндагӕн. Ӕмӕ ныр Йегъовӕйы ныхас сӕххӕст. Ахав амард, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (1 Паддзӕхты 18:4; 21:1–26; 22:37, 38; 2 Паддзӕхты 9:26).
Фӕлӕ Илийа зыдта, дарддӕр дӕр ӕй фидар фӕлӕууын кӕй хъӕуы. Йезавел нырма удӕгас уыди, ӕмӕ йе ’взӕр зондахаст ӕрмӕст йӕ бинонтыл не ’ндӕвта, фӕлӕ ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр. Илийамӕ нырма бирӕ зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, стӕй хъуамӕ Елисейы дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодтаид. Елисей уыди йе ’мбал ӕмӕ хъуамӕ йӕ бӕсты пехуымпар суыдаид. Ӕркӕсӕм, Илийа фӕстагмӕ цы ӕртӕ хӕслӕвӕрды сӕххӕст кодта, уыдонмӕ. Мах фендзыстӕм, Илийа йӕ уырнындзинады фӕрцы фидар куыд фӕлӕууыд ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджыты нӕ уырнындзинад фидар уа.
Охозийӕн тӕрхон хаст ӕрцыд
Ныр Израилы паддзах сси Ахав ӕмӕ Йезавелы фырт Охози. Йӕ ныййарджыты ӕнӕзонд митӕ йын зондзонӕн нӕ уыдысты, фӕлӕ сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ фӕзмыдта (1 Паддзӕхты 22:52). Охози дӕр Ваалӕн куывта. Уыцы дин адӕмы ӕвзӕр митӕм разӕнгард кодта, зӕгъӕм, кувӕндӕтты-иу хӕтыдысты ӕмӕ-иу суанг сывӕллӕтты дӕр нывондӕн ӕрхастой. Цымӕ Охозийӕн йӕ зондахаст исты фӕивтаид, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ адӕм дӕр Йегъовӕмӕ раздӕхтаиккой?
Ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрыгон паддзахыл бӕллӕх ӕрцыд. Охози рахауд, йӕ уӕллаг уаты цары цы рудзынг уыд, уырдыгӕй ӕмӕ йӕхи ныппырх кодта. Ӕмӕ кӕд йӕ цард тӕссӕг уавӕры уыд, уӕддӕр ӕххуыс Йегъовӕйӕ нӕ куырдта, фӕлӕ йе знӕгтӕм, филистимаг горӕт Екронмӕ, йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй хуыцау Ваал-Зевувы бафарстаиккой, йӕ къахыл ма слӕудзӕн ӕви нӕ. Йегъовӕ йӕм тынг смӕсты, ӕмӕ йӕ зӕды уылты Илийайӕн загъта, цӕмӕй уыцы адӕмы Екронмӕ ма ауагътаид. Ӕмӕ сӕ пехуымпар фӕстӕмӕ паддзахмӕ тӕрхоны хабаримӕ арвыста. Охози уӕззау тӕригъӕд сарӕзта – йӕхи афтӕ дардта, цыма Израилӕн Хуыцау нӕй. Ӕмӕ Йегъовӕ загъта, Охози йӕ хуыссӕнӕй кӕй нал сыстдзӕн (2 Паддзӕхты 1:2–4).
Охози не ’рфӕсмон кодта ӕмӕ йӕ адӕмы бафарста: «Чи уыл фембӕлд ӕмӕ уын уыцы ныхӕстӕ чи загъта, уыцы адӕймаг цыхуызӕн уыди?» Уыдон ын загътой, пехуымпарыл хуымӕтӕг дарӕс кӕй уыд, ӕмӕ Охози уайтагъд бамбӕрста: «Уый фесвӕйаг Илийа уыд» (2 Паддзӕхты 1:7, 8). Илийа хуымӕтӕг цард кодта ӕмӕ йын сӕйрагдӕр уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕрмӕст йӕ хуымӕтӕг дарӕсӕй дӕр базонӕн уыди. Фӕлӕ Охози ӕмӕ йӕ ныййарджытӕй уый зӕгъӕн нӕ уыди, уыдон уыдысты зыд ӕмӕ кӕрӕф. Илийайы цӕвиттон нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, мах дӕр Чырыстийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ хуымӕтӕг цард кӕй хъуамӕ кӕнӕм ӕмӕ нын сӕйрагдӕр кӕй хъуамӕ уа, ӕцӕгдӕр зынаргъ цы у, уый (Матфейы 6:22–24).
Охозийы йӕ маст райсын фӕндыд ӕмӕ 50 ӕфсӕддоны сӕ хистӕримӕ арвыста Илийайы ӕрцахсынмӕ. Уыцы рӕстӕг Илийа «хохы сӕр бадт» *. Ӕфсады хистӕр ын паддзахы номӕй загъта, «дӕлӕмӕ ӕрцу!», зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ йӕм мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ каст. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы ӕфсӕддонтӕ зыдтой, Илийа «ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг» кӕй у, фӕлӕ йӕм уӕддӕр ӕртхъирӕн кодтой! Куыд ӕнӕзонд уыдысты! Илийа ӕфсӕддонты хистӕрӕн загъта: «Кӕд ӕз Хуыцауы адӕймаг дӕн, уӕд уӕларвӕй арт ӕрцӕуӕд ӕмӕ дӕу дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырӕд». Ӕмӕ Хуыцау архайын райдыдта: «Уӕларвӕй арт ӕрцыд ӕмӕ уыцы хистӕры ӕмӕ йын йӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырдта» (2 Паддзӕхты 1:9, 10). Уыцы ӕфсӕддонтыл цы ’рцыд, уымӕй бӕрӕг у: Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, йӕ лӕггадгӕнджытыл ын былысчъилтӕ куы фӕкӕнынц, кӕнӕ сӕ куы фефхӕрынц, уымӕ (1 Азфыстыты 16:21, 22).
Охози арвыста ӕндӕр хистӕры 50 ӕфсӕддонимӕ. Фӕлӕ дыккаг хистӕр фыццагӕй ӕнӕзонддӕр разынди. 51 адӕймаг кӕй амард, уый йын зондзонӕн нӕ уыд, кӕд сын, гӕнӕн ис, хохыл сӕ фӕнык уыдта, уӕддӕр. Дыккаг хистӕр Илийайӕн ӕрмӕст афтӕ нӕ загъта, «дӕлӕмӕ ӕрцу!», зӕгъгӕ, фӕлӕ ма йӕм бафтыдта – «рӕвдздӕр»! Куыд ӕнӕзонд уыди! Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ адӕм дӕр амардысты, сӕ размӕ чи ӕрбацыд, уыдонау. Фӕлӕ уыдонӕй ӕнӕзонддӕр та уыди паддзах. Ӕнӕбасӕтгӕ кӕй уыди, уый тыххӕй та ӕртыккаг къорд дӕр арвыста. Хорз ӕмӕ ӕртыккаг хистӕр зондджын разынд. Уый Илийамӕ сӕрныллӕгӕй бацыд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр ма фесӕфтаид. Илийа сӕрныллӕг хицауӕн цы дзуапп радта, уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйау фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд. Йегъовӕйы зӕд Илийайӕн загъта, цӕмӕй уыцы ӕфсӕддонтимӕ ацыдаид. Илийа йӕм байхъуыста ӕмӕ стӕй фыдзӕрдӕ паддзахӕн ногӕй Йегъовӕйы тӕрхон фехъусын кодта. Ӕмӕ Хуыцау куыддӕриддӕр загъта, афтӕ амард Охози. Охози паддзах дыууӕ азы йеддӕмӕ нӕ уыди (2 Паддзӕхты 1:11–17).
Цымӕ Илийайӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаид, кӕд ӕмӕ фыдзонд ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕмы ’хсӕн цард? Хорз уаид ацы фарстайӕн дзуапп базонын. Искуы дын афтӕ уыди, ӕмӕ дын ӕввахс чи у, ахӕм адӕймаг зондджын уынаффӕмӕ нӕ байхъуыста, фӕлӕ йӕ фыдбылызмӕ чи ӕркодта, ахӕм фӕндагыл ацыд? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ахӕм уавӕрты нӕ ныфс ма асӕтта? Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Илийамӕ ӕфсӕддонтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд хохы сӕр кӕй бадт. Нӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕу, Илийа уым цӕмӕн бадт. Фӕлӕ йӕ зонӕм, Хуыцаумӕ кувын ын тынг ахсджиаг кӕй уыди, ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, кӕм ӕй нӕ хъыгдардтаиккой, ахӕм ран, бирӕ кӕй уарзта, уыцы Хуыцауимӕ ныхас кӕнын (Иаковы 5:16–18). Махӕн дӕр нӕ бон у ӕдзух рӕстӕг хицӕн кӕнын, цӕмӕй-иу Хуыцаумӕ скувӕм, йӕ номӕй йӕм дзурӕм ӕмӕ йын нӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ цӕуыл тыхсӕм, уыдӕттӕ радзурӕм. Уый фӕрцы фидар фӕлӕудзыстӕм, нӕ алыварс чи ис, уыдон ӕнӕзонд хъуыддӕгтӕ куы аразой ӕмӕ сӕфты фӕндагыл куы цӕуой, уӕд дӕр.
Илийа йӕ бӕсты ног пехуымпары равзӕрста
Рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй Илийа пехуымпары хӕстӕ мауал ӕххӕст кодтаид. Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, цы сарӕзта, уымӕ. Илийа Галгалӕй Вефилмӕ куы цыди (уый уыди 11 километры дарддӕр), уӕд Елисейӕн загъта, цӕмӕй йӕ ныууадза. Фӕлӕ йын Елисей фидарӕй загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ дын дӕхи раз сомы кӕнын, нӕ дӕ ныууадздзынӕн». Вефилмӕ куы ’рцыдысты, уӕд та Илийа Елисейӕн загъта, цӕмӕй уым баззадаид, йӕхӕдӕг та Иерихонмӕ иунӕгӕй ацыдаид (уый уыди 22 километры дарддӕр). Фӕлӕ та йын Елисей фидарӕй загъта, йемӕ кӕй ацӕудзӕн. Иерихоны Илийа Елисейӕн ӕртыккаг хатт загъта, цӕмӕй йӕ ныууадза; уӕд Иорданы цӕугӕдонмӕ цыдысты ӕмӕ йӕм цӕуын хъуыди 8 километры. Фӕлӕ та ӕрыгон Елисей не сразы (2 Паддзӕхты 2:1–6).
Елисей равдыста ахсджиаг миниуӕг – ӕнувыд уарзт. Ахӕм уарзтӕй уарзта Руф Ноемины, ӕмӕ уыцы уарзтӕн та кӕрон нӕй (Руф 1:15, 16). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр хъуамӕ уа ацы миниуӕг, уӕлдайдӕр та абон. Цымӕ Елисейау мах дӕр ӕмбарӕм, уый куыд тынг ахсджиаг у?
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Илийайӕн ӕхсызгон уыд, йе ’рыгон ӕмбал ӕй ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта. Уый фӕрцы Елисеймӕ ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ Илийа фӕстаг хатт цы диссаг сарӕзта, уый федта. Иорданы цӕугӕдоны был куы уыдысты, (уый тагъд ӕмӕ ранӕй-рӕтты арф дон у), уӕд Илийа дон йӕ дарӕсӕй ӕрцавта. Ӕмӕ цӕугӕдон дыууӕ дихы фӕци! Уыцы диссаг ма федтой «пехуымпарты фырттӕ фӕндзай адӕймагӕй» (2 Паддзӕхты 2:7, 8). Ӕвӕццӕгӕн, ахуыр кодтой, бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕм уыд, ахӕм скъолайы, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы адӕмӕн ӕххуыс кодтаиккой, Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын. Чи зоны сӕ уыцы скъолайы Илийа ахуыр кодта. Цалдӕр азы размӕ Илийамӕ афтӕ касти, ӕмӕ уыцы бӕстӕйы уый йеддӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй ӕндӕр ничиуал лӕггад кодта. Фӕлӕ Илийа фидар кӕй фӕлӕууыд, уый тыххӕй йын Йегъовӕ фадат радта, цӕмӕй федтаид, йӕ лӕггадгӕнджытӕ куыд сбирӕ сты, уый (1 Паддзӕхты 19:10).
Иорданы цӕугӕдоныл куы бахызтысты, уӕд Илийа Елисейӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ Хуыцау дӕуӕй нӕ акодта, уӕдмӕ ракур, цы дӕ хъӕуы, уый». Илийа зыдта, йӕ цӕуыны рӕстӕг кӕй ӕрхӕццӕ. Ӕмӕ йе ’рыгон ӕмбалмӕ нӕ хӕлӕг кодта, кадджын хӕстӕ йӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй. Илийайы фӕндыд, йӕ бон цы уыд, уымӕй йын баххуыс кӕнын. Елисеймӕ уыд ӕрмӕст иу курдиат: «Дӕ хорзӕхӕй, Хуыцау дӕуӕн цы тых радта, уымӕй мын дыууӕ хайы ратт» (2 Паддзӕхты 2:9). Уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых йӕхицӕн дыууӕ хатты фылдӕр куырдта. Йӕ курдиатмӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ куырдта, хистӕр фыртмӕ цы бынтӕ ӕмбӕлд, ахӕм бынтӕ – закъонмӕ гӕсгӕ хистӕр фыртмӕ стырдӕр хай ӕмбӕлд, цӕмӕй-иу йӕ бон уыдаид бинонты хистӕры хӕстӕ ӕххӕст кӕнын (Дыккаг закъон 21:17). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Елисей дӕр Илийайы бындар уыди, ӕмӕ куырдта, цӕмӕй йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ Илийайау хъӕбатыр уыдаид.
Илийа сӕрныллӕгӕй ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн, уымӕ. Кӕд Йегъовӕ Елисейӕн уый бар радта, цӕмӕй фена, зӕронд пехуымпары куыд акӕндзӕн, уый, уӕд ын йӕ курдиат сӕххӕст кӕндзӕн. Дыууӕ ӕмбалы «фӕндагыл ныхӕстӕгӕнгӕ куы фӕцӕйцыдысты», уӕд диссаджы хабар ӕрцыд (2 Паддзӕхты 2:10, 11).
Илийа ӕмӕ Елисей ӕмбӕлттӕ кӕй уыдысты, уый сӕ дыууӕйӕн дӕр ӕххуыс кодта зын рӕстӕджыты фидар фӕлӕууынӕн
Арв ӕнахуыр рухс ныцци, ӕмӕ уыцы рухс ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодта. Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, дымгӕ куыд сыстад, куыд ӕхситт кодта ӕмӕ уыцы рухс дыууӕ нӕлгоймагмӕ куыд ӕрбаввахс ӕмӕ сӕ куыд фӕхицӕн кодта. Ӕвӕццӕгӕн, фыртӕссӕй иуварс агӕпп кодтой, уымӕн ӕмӕ федтой, артау цӕхӕртӕ чи калдта, ахӕм бӕхуӕрдон. Илийа бамбӕрста, ныртӕккӕ йӕ кӕй акӕндзысты. Цымӕ бӕхуӕрдонмӕ бахызт? Библийы уый тыххӕй ницы фыст ис. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Илийа бамбӕрста, хӕрдмӕ кӕй ссӕуы ӕмӕ йӕ тыхдымгӕ кӕй фӕхӕссы.
Елисей фырдисӕй бандзыг. Цы диссаг федта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ «дыууӕ хайы» кӕй ратдзӕн, ома Илийайау хъӕбатыр кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ Елисей нырма ӕнкъард кодта. Уымӕн ӕмӕ нӕ зыдта, йӕ ацӕргӕ ӕмбал кӕдӕм ацыд, уый ӕмӕ йӕ фенынмӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, нал ӕнхъӕлмӕ каст. Елисей хъӕр кодта: «Мӕ фыд! Мӕ фыд! Израилы хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ йӕ барджытӕ!» Илийа йӕм куы нал зынд, уӕд Елисей йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта (2 Паддзӕхты 2:12).
Цымӕ Илийа уӕлӕрвтӕм куы цыди, уӕд хъуыста, Елисей куыд хъӕр кодта, уый ӕмӕ скуыдта? Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Илийа фидарӕй зыдта, йӕ ’мбал ын зын рӕстӕджыты кӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаид. Махӕн дӕр нӕ бон у Илийайы бафӕзмын ӕмӕ, Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдоны ’хсӕн ӕмбӕлттӕ агурын!
Фӕстаг хӕслӕвӕрд
Цымӕ Илийа кӕдӕм ацыд? Иуӕй-иу динты дзурынц, уӕлӕрвтӕм Хуыцаумӕ кӕй ацыд. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕ уыд. Ӕнустӕ фӕстӕдӕр Йесо Чырысти загъта, йӕхицӕй раздӕр иу адӕймаг дӕр уӕлӕрвтӕм кӕй не ссыд (Иоанны 3:13). Библийы куы фӕкӕсӕм, «Илийайы тыхдымгӕ уӕлӕрвтӕм ахаста», зӕгъгӕ, уӕд-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цавӕр уӕлӕрвты кой дзы цӕуы, ууыл (2 Паддзӕхты 2:11). Библийы дзырд «уӕлӕрвтӕ» фӕамоны, ӕрмӕст Йегъовӕ кӕм цӕры, уымӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕуи ӕрвтӕм дӕр – мигътӕ кӕм ленк кӕнынц ӕмӕ цъиутӕ кӕм тӕхынц, уыцы ӕрвтӕм (Псалом 147:8). Ӕмӕ уырдӕм хаст ӕрцыд Илийа. Цымӕ уый фӕстӕ цы ’рцыд?
Йегъовӕ йӕ иузӕрдион пехуымпары ахаста Иудӕйы паддзахадмӕ, цӕмӕй уым ног хӕслӕвӕрд ӕххӕст кодтаид. Библийы цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, Илийа ма иу-авд азы фӕстӕ дӕр кӕй лӕггад кодта. Уыцы рӕстӕг Иудӕйы паддзах уыд фыдзӕрдӕ Иорам. Иорам ракуырдта Ахав ӕмӕ Йезавелы чызджы, уый та ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыцы бинонты ӕвзӕр зондахаст дарддӕр дӕр адӕмыл ӕндӕвта. Йегъовӕ Илийайӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Иораммӕ ныффыстаид, цы тӕрхон ын рахаста, уый тыххӕй. Ӕмӕ Хуыцау куыд загъта, афтӕ Иорам амард уӕззау низӕй. Уымӕй фыддӕр та уый уыд, ӕмӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «йӕ мӕлӕт хъыг никӕмӕн уыд» (2 Азфыстыты 21:12–20).
Куыд тынг хицӕн кодтой Илийа ӕмӕ уыцы фыдзӕрдӕ паддзах! Илийа куыд ӕмӕ кӕм амард, уый тыххӕй ницы зонӕм. Фӕлӕ йыл Иорамы бон кӕй нӕ акодта, уый дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн йӕ мардыл ничи хъыг кодта. Елисей йе ’мбалы мысыд. Уӕдӕ йӕ иннӕ иузӕрдион пехуымпартӕ дӕр куыннӕ мысыдаиккой. Йегъовӕ Илийайы бирӕ кӕй уарзы, уый равдыста, 1 000 азы фӕстӕ, Йесо йӕ хуыз куы аивта, уӕд йӕ разы Илийа кӕй февзӕрд, уымӕй (Матфейы 17:1–9). Фӕнды дӕ, цӕмӕй дӕуӕн дӕр Илийайау дӕ уырнындзинад фидар уа, кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уӕддӕр? Уӕд ма рох кӕн: де ’мбӕлттӕ хъуамӕ уой, Хуыцауы чи уарзы, уыдон; сӕйрагдӕр дын хъуамӕ уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕм хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ арӕх кувай. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй дын нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕйы зӕрдӕйы ӕнустӕм бынат уа!
^ 6 абз. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Илийа бадти Кармилы хохыл, цалдӕр азы размӕ Илийа Хуыцауы ’ххуысӕй Ваалы пехуымпартыл кӕм фӕуӕлахиз, уыцы хохыл. Фӕлӕ Библийы бӕлвырд фыст нӕй, уый кӕцы хох уыд, уый.