Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН

Дӕ маст уромынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн

Дӕ маст уромынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн

 Дӕ цардӕмбал цы загъта кӕнӕ цы сарӕзта, ууыл смӕсты дӕ, ӕмӕ архайыс дӕ маст бамбӕхсын. Фӕлӕ дӕ цардӕмбал бамбӕрста, зын дын кӕй уыд ӕмӕ йӕ фӕнды, тынг ӕм фӕхъыг дӕ ӕви нӕ, уый базонын. Уый тыххӕй ноджы тынгдӕр смӕсты дӕ. Ахӕм уавӕры дын цы баххуыс кӕндзӕн?

 Цы хъуамӕ зонай

  •   Дӕ масты фӕдыл куы ацӕуай, уӕд де ’нӕниздзинадӕн зиан ӕрхӕсдзынӕ. Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй адӕймаг йӕ масты фӕдыл куы ацӕуы, уӕд йӕ туджы ӕлхъывдад схизы, зӕрдӕйы низтӕ йӕм фӕзыны, йӕхимӕ ныхъхъусы ӕмӕ йӕ йӕ ахсӕн хъыгдарын райдайы. Стӕй фынӕй дӕр нал фӕкӕны, ӕгӕр мӕт кӕнын райдайы, буары низтӕй фӕрынчын вӕййы ӕмӕ йӕ инсульт ныццӕвы. Уый фӕдыл Библийы ис хорз уынаффӕ: «Ныууадз маст... уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн!» (Псалом 37:8).

  •   Дӕ маст куы ’мбӕхсай, уӕд дын уый дӕр зиан ӕрхӕсдзӕн. Дарддӕр дӕр куы мӕсты кӕнай, уӕд дын уый зиан ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, иннӕтӕм фаутӕ хӕссын райдайдзынӕ ӕмӕ сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ йеддӕмӕ ницыуал уындзынӕ. Ахӕм зондахаст дын куы уа, уӕд демӕ зын цӕрӕн уыдзӕн ӕмӕ дӕ бинонты цардӕн фехалынӕй тӕссаг уыдзӕн.

 Дӕ бон цы у аразын

  •   Дӕ цардӕмбалӕн йӕ хорз миниуджытыл хъуыды кӕн. Дӕ цардӕмбалы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы, уыдонӕй ӕртӕ ныффысс. Иннӕ хатт ӕм истӕуыл куы смӕсты уай, уӕд-иу уыцы миниуджытӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Уый фӕрцы дын дӕ маст уромын ӕнцондӕр уыдзӕн.

     Библийы уагӕвӕрд: «Бузныг ут» (Колоссӕгтӕм 3:15).

  •   Хатыр кӕн. Фыццаджыдӕр, архай хъуыддӕгтӕм дӕ цардӕмбалы цӕстӕй кӕсын. Уый фӕрцы йӕ хуыздӕр ӕмбардзынӕ, ӕндӕр ныхасӕй, «иннӕты рыст уӕм хъардзӕн» (1 Петры 3:8). Стӕй дӕхи бафӕрс: «Цӕй тыххӕй йӕм смӕсты дӕн, уымӕн ныххатыр кӕнӕн нӕй?»

     Библийы уагӕвӕрд: «Адӕймаг... иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 19:11).

  •   Дзур фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй. Арӕхдӕр дзур «ӕз». Зӕгъӕм, афтӕ дзурыны бӕсты: «Ӕппындӕр мыл нӕ хъуыды кӕныс, не ’рбадзырдтай ӕмӕ мын нӕ загътай, кӕм дӕ, уый», дӕ бон у зӕгъын: «Ӕз тынг тыхстӕн, ӕрӕгмӕ кӕй цыдтӕ, уый тыххӕй, ӕмӕ цы хъуыды кодтаин, уый нал зыдтон». Сабырӕй куы дзурай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ маст уромын.

     Библийы уагӕвӕрд: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ» (Колоссӕгтӕм 4:6).

  •   Лӕмбынӕг хъус. Дӕ хъуыды куы зӕгъай, уӕд-иу дӕ цардӕмбалы дзурын бауадз, ӕрмӕст-иу ын йӕ ныхас ӕрдӕгыл ма аскъуын. Дзырд куы фӕуа, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ цыбыртӕй радзур, уый фӕрцы базондзынӕ, алцыдӕр раст кӕй бамбӕрстай. Адӕймагмӕ куы байхъусай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ маст уромын.

     Библийы уагӕвӕрд: «Адӕймаг... хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна» (Иаковы 1:19).