Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН

Сывӕллӕттӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн, цӕмӕй-иу сӕ къухтӕ ма ’руадзой, исты-иу сын куы нӕ рауайа, уӕд

Сывӕллӕттӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн, цӕмӕй-иу сӕ къухтӕ ма ’руадзой, исты-иу сын куы нӕ рауайа, уӕд

 Абон уа ӕви райсом, дӕ сывӕллонӕн цыдӕр нӕ рауайдзӕн, ӕмӕ йӕ ныфс асӕтдзӕн. Дӕ бон ын куыд у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу йӕ къухтӕ ма ’руадза?

 Цы хъуамӕ зонай

 Адӕймаджы куыд фӕфӕнды, алцы афтӕ нӕ рауайы. Библийы фыст ис: «Не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иаковы 3:2). Ӕмӕ уый хауы сывӕллӕттӕм дӕр. Фӕлӕ сывӕллон кӕй фӕрӕдийы, уый бынтон ӕвзӕр нӕу. Афтӕмӕй ахуыр кӕны, зын уавӕрты куыд хъӕуы архайын, ууыл. Уый алчи йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахӕссы, фӕлӕ ууыл ис сахуыр кӕнӕн. Иу сылгоймаг, Лаурӕ, зӕгъы: «Мӕ сӕрыхицауимӕ бафиппайдтам, раст кӕй нӕ вӕййы, ныййарджытӕ сӕхи афтӕ куы фӕдарынц, цыма ницы ’рцыд. Хуыздӕр вӕййы, цӕмӕй-иу сывӕллӕттӕ сахуыр уой ахӕм уавӕры исты аразын. Уӕд-иу сӕ къухтӕ не ’руадздзысты, исты-иу, уыдоны куыд фӕнды, афтӕ куы нӕ уайа, уӕд».

 Сывӕллӕттӕй бирӕтӕ нӕ фӕзонынц, исты сын куы нӕ рауайы, уӕд куыд бакӕной, уый. Иуӕй-иу сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджытӕ фӕдзурынц, алцыдӕр раст кӕй аразынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕзонынц, исты сын куы нӕ рауайы, уӕд куыд бакӕной, уый. Зӕгъӕм, сывӕллон ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн куы райсы, уӕд иуӕй-иу ныййарджытӕ ахуыргӕнӕджы фӕаххосджын кӕнынц. Йе та сывӕллон йе ’мбалимӕ куы фӕхыл вӕййы, уӕд та йын йе ’мбалы фӕаххосджын кӕнынц.

 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, сывӕллон куыд хъуамӕ сахуыр уа йӕ рӕдыдтыты тыххӕй дзуапп дӕттын, йӕ ныййарджытӕ ӕдзух йӕ сӕрыл куы хӕцой ӕмӕ йын йӕ рӕдыд куы ницӕмӕ дарой, уӕд?

 Дӕ бон цы у аразын

  •   Дӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕн, сӕ хъуыддӕгтӕн фӕстиуджытӕ кӕй вӕййы.

     Библийы фыст ис: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн» (Галатӕгтӕм 6:7).

     Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Зӕгъӕм, цы асӕттӕм, уый тыххӕй фӕхъӕуы бафидын. Афтӕ алы рӕдыды тыххӕй дӕр фӕхъӕуы бафидын. Сывӕллӕттӕ хъуамӕ зоной, сӕ алы хъуыддаг дӕр цӕмӕдӕр кӕй ӕркӕны. Стӕй хъуамӕ ӕмбарой, цы ӕрцӕуы, уый тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын кӕй хъӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ дӕ сывӕллӕттӕ куы фӕрӕдийынц, уӕд-иу сӕ ӕдзух ма рӕстытӕ кӕн ӕмӕ-иу искӕй ма аххосджын кӕн. Уый бӕсты-иу уадз ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цы фӕстиуджытӕм ӕркӕнынц, уый сӕхиуыл бавзарой, ӕрмӕст сӕ кармӕ гӕсгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллон хъуамӕ ӕмбара, ӕвзӕрӕй исты куы сараза, уӕд ӕй уый цӕмӕдӕр кӕй ӕркӕндзӕн.

  •   Дӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕн, алыхуызон уавӕрты куыд вӕййы бакӕнӕн, уый бамбарынӕн.

     Библийы уагӕвӕрд: «Рӕстгӕнӕг авд хатты куы ахауа, уӕддӕр сыстдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 24:16).

     Адӕймагӕн исты, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ куы нӕ рауайы, уӕд ын зын вӕййы. Фӕлӕ уый бӕстысӕфт нӕу. Дӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕной, цы ис саразӕн, цӕмӕй иннӕ хатт афтӕ мауал рауайа. Зӕгъӕм, дӕ лӕппу скъолайы контролон куыст скодта ӕмӕ ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн райста. Уӕд ын бамбарын кӕн, йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй иннӕ хатт хуыздӕр бӕрӕггӕнӕн райса – хъуамӕ йӕ уроктӕ хуыздӕр ахуыр кӕна (Ӕмбисӕндтӕ 20:4). Кӕнӕ, зӕгъӕм, дӕ чызг йе ’мбалимӕ цӕуылдӕр фӕхыл. Ӕмӕ кӕд йе ’мбал фылдӕр аххосджын у, уӕддӕр ын бамбарын кӕн, йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йемӕ бафидауа (Ромӕгтӕм 12:18; 2 Тимофеймӕ 2:24).

  •   Дӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕн, цӕмӕй бонзонгӕ уой.

     Библийы уагӕвӕрд: «Алкӕмӕн дӕр [уӕ] дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут» (Ромӕгтӕм 12:3).

     Дӕ сывӕллонӕн афтӕ дзурай, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы уымӕй хуыздӕр нӕй, уый раст нӕу, стӕй йын пайда дӕр нӕу. Сывӕллон скъолайы хорз куы ахуыр кӕна, уӕддӕр алы хатт иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ нӕ исдзӕн. Кӕнӕ цавӕрдӕр спорты бирӕ кӕмӕн ӕнтысы, уыцы сывӕллон дӕр алы хатт не ’мбулдзӕн. Бонзонгӕ сывӕллон йӕхимӕ раст цӕстӕй фӕкӕсы, ӕмӕ йын исты куы нӕ рауайы, уӕд уайтагъд йӕ къухтӕ не ’руадзы.

     Библийы фыст ис, зындзинӕдты тыхджындӕр кӕй кӕнӕм ӕмӕ нӕм уыдоны фӕрцы кӕй фӕзыны фидардзинад (Иаковы 1:2–4). Уӕдӕ адӕймагӕн исты куы нӕ рауайы кӕнӕ истӕмӕй куы фӕрӕдийы, уӕд, гӕнӕн ис, йӕ ныфс асӕтта. Фӕлӕ дӕ бон у дӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ахӕм цӕмӕдӕрты раст цӕстӕй кӕсой.

     Ныййарджыты хъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной, зын уавӕрты куыд фӕхъӕуы архайын, ууыл. Ӕниу, уыдон фӕхъӕуынц, цӕуылфӕнды сӕ ма ахуыр кӕнай, уӕддӕр. Фӕлӕ уӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ фесты, уый бамбардзыстут, уӕ сывӕллӕттӕ сӕ рӕзгӕ кары куы бацӕуой, уӕд. Иу чиныджы фыст ис: «Ӕрыгӕттӕ зындзинӕдты сӕрты хизын куы фӕзонынц, уӕд зын уавӕрты ӕнӕзонд митӕ къаддӕр фӕкӕнынц. Ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы исты уавӕры куы бахауынц, уӕд арӕхдӕр фӕзонынц, сӕхи куыд дарой, уый» (Letting Go With Love and Confidence). Уый сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, куы сыстыр уой, уӕд дӕр ӕххуыс кӕндзӕн.

 Уынаффӕ. Фӕзминаг сын ут. Уӕ зӕрдыл дарут: сымах зын уавӕрты уӕхи куыд дарат, уымӕ гӕсгӕ уӕ сывӕллӕттӕ ахуыр кӕндзысты, зын уавӕрты сӕхи куыд хъуамӕ дарой, ууыл.