Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН | ЦАРДӔМБӔЛТТӔ

Фыднозт кӕнын бинонты цард халы

Фыднозт кӕнын бинонты цард халы

 Мыййаг дын дӕ цардӕмбал фӕдзуры, нозтыл кӕй фӕцахуыр дӕ? Кӕд о, уӕд хъуамӕ цалдӕр хъуыддагыл ахъуыды кӕнай.

Ацы статьяйы

 Фыднозт кӕнын бинонты цард халы

 Адӕймаг фыднозт куы кӕна, уӕд уый йе ’нӕниздзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн, зӕгъӕм, зӕрдӕйы низтӕ йӕм фӕзындзӕн, йӕ игӕр фехӕлдзӕн ӕмӕ йӕм рак фӕзындзӕн. Фӕлӕ фыднозт кӕнын ӕрмӕст ӕнӕниздзинадыл нӕ фӕзыны. Уый ма фӕзыны бинонты цардыл дӕр: адӕймаг йӕ цардӕмбалмӕ йӕ къух фӕисы, ӕхца сын нал фӕфаг кӕны, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй фӕцӕуы ӕмӕ ахицӕн вӕййынц.

 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, фыднозт куы кӕнай, уӕд дыл нозт «калмау фӕхӕцдзӕн, маргджын калмау дӕ йӕ марг бауадздзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 23:32). Дӕ бон куыд у базонын, ӕнӕ нозтӕй фӕразыс ӕви нӕ, уый?

 Ӕнӕ нозтӕй нӕ фӕразыс?

 Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бамбарай, ӕнӕ нозтӕй фӕразыс ӕви нӕ:

  •   Нуазын куы райдайыс, уӕд дын дӕхи уромын зын вӕййы?

  •   Иннӕ хатт кӕд бануаздзынӕ, ууыл арӕх фӕхъуыды кӕныс?

  •   Кӕд дын нозты тыххӕй зындзинӕдтӕ ис, зӕгъӕм, бинонты царды, уӕддӕр нуазыс?

  •   Дӕ нозт ныууадзыныл куы фӕархайыс, уӕд дын ӕвзӕр вӕййы?

  •   Кӕй нуазыс, уый тыххӕй дӕ цардӕмбалимӕ фӕхыл вӕййут?

  •   Раздӕримӕ абаргӕйӕ фылдӕр нуазын райдыдтай?

  •   Сусӕгӕй фӕнуазыс? Хӕдзары кӕнӕ дын куысты нозт ӕмбӕхст вӕййы?

 Кӕд ацы фарстатӕй иуӕн кӕнӕ цалдӕрӕн дӕ дзуапп «о» у, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕнӕ нозтӕй нӕ фӕразыс. Уый та у алкоголизм.

 Нозтыл ахуыр кӕй дӕ, ууыл басӕтт

 Мыййаг дын дӕ цардӕмбал фӕдзуры, нозтыл кӕй фӕцахуыр дӕ? Кӕд о, уӕд, чи зоны, дӕхи фӕрӕстытӕ кӕныс, нӕ, уый афтӕ нӕу, зӕгъгӕ. Чи зоны, иннӕты фӕаххосджын кӕныс, уыимӕ дӕ цардӕмбалы дӕр, ӕмӕ фӕзӕгъыс:

  •   «Хуыздӕр мын куы уаис, уӕд нӕ нуазин».

  •   «Ӕз цы куысты кусын, ахӕм куысты куы кусис, уӕд ды дӕр нуазис».

  •   «Мӕнӕй фылдӕр чи нуазы, ахӕмтӕ бирӕ ис».

 Кӕд ахӕм ныхӕстӕ фӕкӕныс, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дын нозт дӕ бинонты амондӕй сӕйрагдӕр у? Ӕмӕ дын сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа?

 Библийы уагӕвӕрд: «Бинонтӕ кӕмӕн ис, уый... мӕт кӕны... йӕ усы зӕрдӕ куыд барухс кӕна, ууыл» (1 Коринфӕгтӕм 7:33).

Нозтыл кӕй фӕцахуыр дӕ, ууыл кӕй нӕ сӕттыс, уый абарӕн ис къулимӕ. Уыцы «къулы» бӕсты сӕвӕр «рудзынг», ома дӕ цардӕмбалмӕ байхъус ӕмӕ сразы у, цыдӕр саразын дӕ кӕй хъӕуы, ууыл

 Дӕ бон цы у аразын

  •   Дӕ цардӕмбалы цы тыхсын кӕны, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕс. Кӕй нуазыс, уый кӕд дӕ цардӕмбал ӕгӕр ныддиссаг кодта, уӕддӕр дӕ бон у цыдӕр аивын. Кӕд дӕ бон нозт ныууадзын нӕу ӕмӕ уый дӕ цардӕмбалы мӕты ӕфтауы, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ ӕххуыс хъӕуы.

     Библийы уагӕвӕрд: «Уӕдӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:24).

  •   Фыднозт кӕныны тыххӕй фылдӕр базон. Цӕмӕй ӕфсӕддон тохы рамбула, уый тыххӕй хъуамӕ зона, йе знаг куыд архайы, уый. Ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ. Цӕмӕй де знагыл фӕтых уай, уый тыххӕй хъуамӕ фылдӕр базонай фыднозт кӕныны тыххӕй ӕмӕ адӕм йӕ къӕппӕджы куыд бахауынц, уый тыххӕй. Стӕй ма хъуамӕ базонай, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ нозт ныууадзай ӕмӕ та уый фӕстӕ нуазын ма райдайай.

     Библийы уагӕвӕрд: «Уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл ма цӕут – уыдон тох кӕнынц уӕ ныхмӕ» (1 Петры 2:11).

  •   Ӕххуыс ракур. Дохтыртӕ бирӕ мадзӕлттӕ ӕрхъуыды кодтой, цӕмӕй адӕймагӕн йӕ нозт ныууадзынӕн баххуыс кӕной, зӕгъӕм, скодтой алыхуызон программӕтӕ, центртӕ ӕмӕ рынчындӕттӕ. Дӕ бон ма у дӕ хорз ӕмбалӕн зӕгъын, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕмӕ бамбарай, ноджыдӕр ма цӕй тыххӕй бануазыс, уый. Ӕмӕ-иу дӕм нуазын куы цӕуа, уӕд-иу ӕм дӕ бон уыдзӕн бадзурын.

    Ахъуыды кӕн, мыййаг дӕ дохтырты ӕххуыс нӕ хъӕуы

     Библийы уагӕвӕрд: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

 Фаг нӕу, цӕмӕй адӕймаг фыднозт кӕныны тыххӕй цыбыр статьятӕ кӕса кӕнӕ афтӕ дзура, архайдзынӕн, цӕмӕй къаддӕр нуазон, зӕгъгӕ. Хъуамӕ дӕ зӕрдыл дарай, уыцы хъуыддаг аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй цы аразыс, уый ӕрмӕст де ’нӕниздзинадыл не ’ндавы, фӕлӕ ма дӕ бинонты цардыл дӕр.

 Фылдӕр базон. Ацы статьятӕ бакӕс, цӕмӕй базонай, иннӕтӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй фыднозт мауал кодтаиккой.

 «Раздӕрау фыдзӕрдӕ нал дӕн»

 «Мӕхимӕ ницӕйаг нал кӕсын»

 «Уынг сси мӕ хӕдзар»

 Стӕй бакӕс видеороликмӕ «Мӕ цардӕй сфӕлмӕцыдтӕн»