ДЭВИД МЕЙЗА | БИОГРАФИ
Уӕззау зиан сыл ӕрцыд, фӕлӕ та ногӕй амондджын сты
Раздӕр афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ бинонтӕ амондджын уой, уымӕн гӕнӕн нӕй. Фӕлӕ, Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдыдтон, уӕд ӕй бамбӕрстон, уымӕн гӕнӕн кӕй ис. Мӕ бинойнаг ӕмӕ не ’ртӕ сывӕллонимӕ Йегъовӕйӕн иумӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодтам.
Уый ӕнхъӕл нӕ ничи уыд, ӕмӕ ныл 2004 азы 24 апрелы ахӕм ӕвирхъау хабар ӕрцӕудзӕн.
Мӕ цардӕмбал Кейимӕ нын чызг, Лорен, куы райгуырд, уӕд зонгӕ дӕр нӕ кодтон, хорз фыд цавӕр хъуамӕ уа, уый. Уый фӕстӕ та нын райгуырд лӕппу, Майкл. Фӕлӕ уӕд дӕр, сывӕллон хъомыл кӕнын куыд хъӕуы, уымӕн ницыма ӕмбӕрстон. Мӕ ныййарджытӕ ӕдзух хыл кодтой ӕмӕ ӕппынфӕстаг ахицӕн сты. Мӕн фӕндыд, цӕмӕй хорз сӕрыхицау ӕмӕ хорз фыд уыдаин. Фӕлӕ уый тыххӕй цы аразын хъӕуы, уый нӕ зыдтон.
Мӕ уавӕр ма мын ноджы фыддӕр уый кодта, ӕмӕ, рӕзгӕ кары куы уыдтӕн, уӕд нозтыл ӕмӕ наркотиктыл бафтыдтӕн. Ӕмӕ, куы сыстыр дӕн, уӕд мӕ царды пъланыл ӕппындӕр ницы уыд. Нозт ӕмӕ наркотиктӕм ӕмхиц кӕй уыдтӕн ӕмӕ ӕхцайыл кӕй хъазыдтӕн, уый тыххӕй бирӕ ӕнӕзонд митӕ фӕкодтон. Хъуыддаг уыйонг ӕрцыд, ӕмӕ мӕ Кей ныууагъта ӕмӕ нӕ дыууӕ сывӕллоны дӕр йемӕ акодта. Уый мын мӕ ныфс бынтондӕр асаста.
Кейы бафарстон, зӕгъын, цы саразон, цӕмӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхай. Уыцы рӕстӕг Кей иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнимӕ, Глорийӕимӕ, райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Йӕ дзуапп уыди тынг цыбыр: «Библи ахуыр кӕн». Уый цы нысан кӕны, уый нӕ бамбӕрстон. Фӕлӕ мӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй Кей фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтаид ӕмӕ сразы дӕн Глорийӕ ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Биллимӕ фембӕлыныл.
Мӕ цард фӕивта
Билл ӕмӕ нӕм Глорийӕ куы ’рбацыдысты, уӕд мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, кӕрӕдзийыл куыд тынг ӕнувыд уыдысты, уый. Ӕз базыдтон, сӕ сывӕллӕттӕ мӕ карӕнтӕ кӕй сты ӕмӕ царды бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй аразынц. Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъын мын, чи зоны, Библи баххуыс кӕна, цӕмӕй мӕ бинонтимӕ амондджын уон.
Уыцы бон Билл ӕмӕ Глорийӕимӕ ныхас кодтам, цы мӕ хъыгдары, уыдӕтты тыххӕй. Уыдон мын равдыстой, Галатӕгтӕм 6:7 стихы цы фыст ис, уый: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн». Ӕмӕ ахъуыды кодтон: «Нырмӕ дӕр ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ куы цардаин, уӕд мӕхи цас мӕстытӕй бахызтаин!»
Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ ’мбӕрстон, Библийы уагӕвӕрдты фӕрцы мӕ цард тынг кӕй фӕивта. Кейимӕ тамако нал дымдтам. Стӕй мӕ бон сси мӕ нозт ӕмӕ наркотиктӕ ныууадзын дӕр. 1985 азы нын райгуырд лӕппу, Дэвид. Фырбуцӕн ӕй хуыдтам Дэйви. Ныр зыдтон, хорз фыд цавӕр хъуамӕ уа, уый.
Ӕнӕхъӕн бинонтӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм
Кейимӕ бамбӕрстам, нӕ сывӕллӕтты Йегъовӕйы уарзын кӕй ахуыр кодтам, уый фӕрцы йӕм нӕхӕдӕг дӕр кӕй баввахсдӕр стӕм. Бирӕ цыдӕртӕ базыдтам нӕ публикацитӕй, зӕгъӕм, чиныгӕй «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ». Уымӕй уӕлдай ма нӕ сывӕллӕттимӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кодтам, не ’мбырды цы бинонтӕ уыди, уыдонӕй.
Фӕстӕдӕр не ’ртӕ сывӕллоны дӕр пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. 2004 азы райдианы Лорен цыдис испайнаг ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ. Майкл та уӕдмӕ цасдӕр рӕстӕг Вефилы балӕггад кодта, ус ракуырдта ӕмӕ йӕ цардӕмбал Дайанӕимӕ хъуамӕ Гуаммӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдаиккой. Дэйвийыл та цыди 19 азы ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг лӕггад кодта Доминиканы Республикӕйы.
Кейимӕ нӕ сывӕллӕттӕй сӕрыстыр уыдыстӕм. Махӕн дӕр нӕ бон уыд зӕгъын, 3 Иоанны 4 стихы куыд фыст ис, афтӕ: «Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа!» Уӕд нӕ уый ӕнхъӕл ничи уыд, ӕмӕ ӕвиппайды нӕ цард цӕхгӕр фӕивдзӕн.
Ӕвирхъау бӕллӕх
2004 азы 24 апрелы мах Кейимӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр дыууӕ къайы изӕры ресторанмӕ ацыдыстӕм. Цӕуын ӕм хъуыди 100 километрӕй гыццыл фылдӕр, ӕмӕ иууылдӕр мӕ машинӕйыл ацыдыстӕм. Рестораны фӕстӕ ма сфӕнд кодтам кафейы абадын ӕмӕ адджинӕгтӕ бахӕрын. Кафемӕ куы бахӕццӕ стӕм, уӕд иннӕтӕ рахызтысты, ӕз та хъуамӕ мӕ машинӕ сӕвӕрдтаин. Уыцы рӕстӕг мӕм чидӕр телефонӕй ӕрбадзырдта. Уый уыди ме ’мбал. Йӕ хъӕлӕсӕй бӕрӕг уыди, цыдӕр кӕй ӕрцыд.
Ме ’мбал мын загъта: «Тынг ӕвзӕр хабар. Дэйви аварийы бахауд».
«Тынг цӕфтӕ у?» – бафарстон ӕй, цы зӕгъдзӕн, уымӕй тӕрсгӕйӕ.
Иуцасдӕр йӕ бон сдзурын ницы уыд. Стӕй мын загъта, Дэйви кӕй амард.
Телефон куы ӕрӕвӕрдтон, уӕд Йегъовӕмӕ скуывтон, цӕмӕй мын тыхтӕ радтаид. Уый фӕстӕ кафемӕ бацыдтӕн ӕмӕ ме ’мбӕлттӕн загътон, зӕгъын, мӕхи ӕвзӕр хатын ӕмӕ хӕдзармӕ ацӕуӕм. Дэйвы хабар мӕ Кейӕн иннӕты раз дзурын нӕ фӕндыд.
Хӕдзармӕ нӕ цӕуын хъуыди сахат ӕмӕ ’рдӕг, ӕмӕ уыцы рӕстӕг мӕ зӕрдӕ куыдтӕ кодта, уымӕн ныхӕстӕй зӕгъӕн нӕй. Дэйви хъуамӕ тагъд ӕрцыдаид. Ӕмӕ Кей иннӕтӕн хъӕлдзӕгӕй дзырдта, йе ’рцыдмӕ йын куыд тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Кей нырма нӕ зыдта, нӕ фырт кӕй фӕмард, уый. Мӕнмӕ та мӕ телефонмӕ не ’мбӕлттӕ фыстой ӕмӕ фыстой – Дэйвийы мӕлӕты тыххӕй нын тӕфӕрфӕс кодтой.
Иннӕты сӕ хӕдзӕрттӕм куы баластам, уӕд нӕхимӕ ӕрбацыдыстӕм. Кей мӕм куы ’рбакаст, уӕд бамбӕрста, цыдӕр ӕвзӕр хабар кӕй ӕрцыд, ӕмӕ мӕ бафарста: «Исты ’рцыд?» Ӕз ӕй зыдтон, куы йын ӕй зӕгъон, уӕд ыл дуне кӕй баталынг уыдзӕн, мӕнмӕ ме ’мбал куы ӕрбадзырдта, уӕд мӕныл куыд баталынг, афтӕ.
Нӕ зӕрдӕйы рыст сфӕразынӕн нын цы баххуыс кодта
Кейимӕ уымӕй размӕ дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстӕм ӕмӕ йӕ зыдтам, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй никуы ныууадзы (Исай 41:10, 13). Фӕлӕ ныл уӕд цы ’рцыд, уый ӕппындӕр ницӕимӕ ис абарӕн. Ӕдзух хъуыды кодтон: «Дэйвийыл уыцы хабар цӕмӕн ӕрцыд, Йегъовӕйӕн уыйбӕрц куы лӕггад кодта, уӕд? Цӕуылнӕ йӕ бахъахъхъӕдта?»
Лорен ӕмӕ Майкл дӕр Дэйвийы мӕлӕт тынг зынтӕй сфӕрӕзтой. Лорен ын дыккаг мады хуызӕн уыд, ӕмӕ йын йӕ мӕлӕт йӕ зӕрдӕ асаста. Майкл дӕр хуыздӕр уавӕры нӕ уыди. Кӕд фӕстаг фондз азы немӕ нӕ цард, уӕддӕр йӕ кӕстӕр ӕфсымӕры тынг бирӕ уарзта ӕмӕ дзы сӕрыстыр уыд.
Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ нын не ’мбырд тынг стыр ӕххуыс уыди. Дэйвийы фӕстӕ Кейӕн йӕ бон йӕхимӕ ӕрцӕуын нӕ уыд. Ӕмӕ-иу нӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕрбацыдысты, ӕмӕ-иу нын ӕххуыс кодтой (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Сӕ уарзондзинад сын никуы ферох кӕндзынӕн!
Нӕ зӕрдӕ куыд тынг рыст, уый нӕхи йеддӕмӕ ничи зыдта. Фӕлӕ нын кӕд зын уыди, уӕддӕр Кейимӕ ӕдзух куывтам, Библи иртӕстам ӕмӕ ӕмбырдтӕм цыдыстӕм. Нӕ зӕрдӕйы рыст нӕ фӕцыдӕр, фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстам, уыдӕттӕ ӕнӕмӕнг кӕй уыдысты, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уыдаид (Филиппӕгтӕм 3:16).
Майкл ӕмӕ нӕм Дайанӕ хӕстӕгдӕр ӕрцардысты. Лорен та фӕстӕмӕ нӕхи ӕмбырдмӕ рахызт. Иумӕ кӕй уыдыстӕм, уый фӕрцы кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтам. Цалдӕр азы рацыд, цалынмӕ нӕ зӕрдӕйы рыст гыццыл нӕ фӕсабырдӕр, уӕдмӕ. Фӕстӕдӕр Лорен смой кодта, ӕмӕ нын йӕ сӕрыхицау Джастин дӕр тынг баххуыс кодта.
Уӕззау балц
Дэйвийы мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сфӕнд кодтам иу хъуыддаг саразын. Уый нын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ нын уый фӕрцы ӕнӕнхъӕлӕджы гыццыл фенцондӕр. Уый тыххӕй Кей радзурдзӕн.
«Мӕ сӕрыхицау мын Дэйвийы тыххӕй куы загъта, уӕд цыма арф дзыхъхъы ныххаудтӕн. Ӕмӕ уыцы дзыхъхъӕй бирӕ рӕстӕг мӕ бон схизын нӕ уыд. Афтӕ тынг маст кодтон, ӕмӕ мӕ бон ӕппындӕр ницы уыд. Ӕдзух кодтон кӕугӕ. Раст зӕгъгӕйӕ-иу хатт Йегъовӕмӕ мӕсты кодтон ӕмӕ-иу хъуыды кодтон, иннӕтӕ цӕмӕн цӕрынц, мӕ фырт куы амард, уӕд. Куыд цардтӕн, уый дӕр не ’мбӕрстон.
Фӕндыд мӕ Доминиканы Республикӕмӕ ацӕуын. Фӕндыд мӕ, Дэйви йӕ царды фӕстаг цалдӕр мӕйы кӕм цард ӕмӕ, Йегъовӕйӕн кӕм лӕггад кодта, уырдӕм. Иуӕй мӕ фӕндыд, иннӕмӕй та мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ бон не суыдзӕн.
Мӕ иу хорз ӕмбал мын загъта, Дэйвийӕн Доминиканы Республикӕйы цы ’мбӕлттӕ уыд, уыдон дӕр тынг кӕй маст кӕнынц ӕмӕ сӕ нӕ фенын кӕй фӕнды. Йӕ ныхӕстӕ мӕ ныфс бауагътой, ӕмӕ уӕд ацыдтӕн.
Хорз у, ӕмӕ ацыдыстӕм. Мах базыдтам, Дэйви Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй фылдӕр кӕй ницы уарзта. Цы ӕмбырды лӕггад кодта, уым иу хистӕр нӕлгоймаг йеддӕмӕ нӕ уыд. Уый загъта, Дэйви йын тынг кӕй ӕххуыс кодта, уымӕн ӕмӕ йын цыфӕнды ма бахӕс кодтаис – сӕххӕст-иу ӕй кодта.
Дэйви цы уынджы цард, ууылты куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд-иу адӕм нӕ размӕ рацыдысты ӕмӕ нын дзырдтой, Дэйви сын хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй. Нӕ лӕппу тынг хӕларзӕрдӕ кӕй уыди, уый зыдтон. Фӕлӕ нын адӕм цы радзырдтой, уымӕ гӕсгӕ бамбӕрстон, куыд тынг архайдта Йесойы къахвӕдтыл цӕуын.
Базонгӕ ма стӕм, Дэйви Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы нӕлгоймагимӕ. Нӕлгоймаг цард иу гыццыл хӕдзары ӕмӕ уыд уатон рынчын. Тынг мӕгуыр уыди. Фӕлӕ нын ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд загътой, афтӕмӕй йын Дэйви тынг аргъ кодта. Мӕ фыртӕй сӕрыстыр уыдтӕн!
Уымӕй уӕззаудӕр балц мӕ царды никуы уыди. Фӕлӕ, кӕй ацыдыстӕм, уый нын тынг баххуыс кодта. Дэйвийы чи зыдта, уыдонимӕ иумӕ йӕ мӕлӕтыл фӕхъыг кодтам ӕмӕ фӕныхӕстӕ кодтам, фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, ууыл. Уый фӕрцы гыццыл нӕхимӕ ӕрцыдыстӕм».
Дэйвийы хабар бирӕтӕн баххуыс кодта
2005 азы 8 январы журналы «Райхъал ут!» рацыд статья Дэйвийы мӕлӕты ӕмӕ, Доминиканы Республикӕйы куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй. Уыцы рӕстӕг хъуыды дӕр нӕ акодтаиккам, уыцы статья кӕсджыты зӕрдӕтӕ тынг кӕй бацагайдзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, 2019 азы майы нын иу ӕфсымӕр, йӕ ном Ник, радзырдта:
«Уый уыд 2004 азы кӕрон. Ӕз ахуыр кодтон университеты ӕмӕ мын Хуыцауы хъуыддаджы ницы нысӕнттӕ уыди. Мӕхи мӕ бон амондджын схонын нӕ уыд. Йегъовӕмӕ куывтон ӕмӕ дзы куырдтон, цӕмӕй мын баххуыс кӕна, ӕмӕ ме ’рыгон азтӕ дзӕгъӕлы ма ацӕуой. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ „Райхъал ут!“-ы бакастӕн Дэйвийы хабар. Уый уыди дзуапп мӕ куывдӕн!
Университет ныууагътон, ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Мӕ разы нысан сӕвӕрдтон – испайнаг ӕвзаг сахуыр кӕнын ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын. Фӕстӕдӕр мӕ бон сси Никарагуамӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын ӕмӕ ма мӕ цардӕмбалимӕ Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола дӕр фестӕм. Куы мӕ бафӕрсынц, пионерӕй лӕггад кӕнын цӕмӕн райдыдтон, уӕд сын Дэйвийы хабар радзурын».
Диссаг ма нӕм фӕкаст ноджыдӕр иу хабар. 2019 азы уыдыстӕм ӕхсӕнадӕмон конгрессы Буэнос-Айресы (Аргентинӕ). Цы уазӕгдзӕрӕны цардыстӕм, уым базонгӕ стӕм хо Эбиимӕ. Эби нӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, уымӕн ӕмӕ уыд тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ цингӕнаг. Кейимӕ дзы Дэйвийы мондӕгтӕ истам.
Нӕ къомнӕтмӕ куы ’рбаздӕхтыстӕм, уӕд Эбимӕ арвыстам ссылкӕ, журналы Дэйвийы тыххӕй цы статья уыд, уымӕ. Цалдӕр минуты фӕстӕ нын дзуапп радта. Тынг ӕй фӕндыд немӕ аныхас кӕнын, ӕмӕ уазӕгдзӕрӕны ӕрбахизӕны фембӕлдыстӕм. Эбийӕн йӕ цӕстытӕ доны зылдысты, афтӕмӕй нын радзырдта, Дэйвийы хабар ын кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй 2011 азы сентябры пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид ӕмӕ уый фӕстӕ та, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацыдаид. Эби загъта: «Мӕ лӕггады исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлын, уӕд та ацы статья ногӕй бакӕсын». Диссаг ма уый уыд, ӕмӕ Дэйвийы тыххӕй фыст кӕм уыд, уыцы журнал йемӕ уыд!
Ахӕм хабӕрттӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр иу бинонты хуызӕн кӕй сты. Се ’хсӕн цы иудзинад ис, ахӕм никуы!
Кейимӕ нын тынг ӕхсызгон у, Дэйвийы хабар бирӕтӕн кӕй баххуыс кодта, уый. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, ӕппӕт уыцы ӕрыгон хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй дӕр. Чи зоны йӕ сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, фӕлӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ иннӕты дӕр бафӕнды, хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн дӕттын.
«Уымӕн иууылдӕр удӕгас сты»
Лукайы 20:37 стихы Йесо загъта, Йегъовӕ йӕхи тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, ӕз дӕн «Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Йегъовӕ афтӕ нӕ загъта, цалынмӕ удӕгас уыдысты, уӕдмӕ кӕй уыд сӕ Хуыцау, фӕлӕ ныр дӕр кӕй у сӕ Хуыцау. Афтӕ цӕмӕн загъта? Дзуапп ис 38 стихы: «Уымӕн иууылдӕр удӕгас сты».
Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдон иууылдӕр удӕгас сты. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг райгас кӕндзӕн (Иов 14:15; Иоанны 5:28, 29). Мӕн фидарӕй уырны, Йегъовӕ Дэйвийы дӕр йӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытау цардмӕ кӕй раздахдзӕн.
Тынг мӕ фӕнды Дэйвийы ногӕй фенын. Фӕлӕ мӕ ноджы тынгдӕр та фӕнды, цӕмӕй сӕ Кейимӕ иумӕ фенон. Уый хуызӕн маст кӕнгӕ никуы никӕй федтон. Дэйвийы мӕлӕты фӕстӕ мӕм Лукайы 7:15 стихы ныхӕстӕ уӕлдай тынгдӕр бахъардтой: «Ӕмӕ мард рабадт ӕмӕ дзурын райдыдта. Ӕмӕ уӕд [Йесо] мадӕн загъта, мӕнӕ дӕ фырт, зӕгъгӕ».
2005 азы сентябры райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Кей та уый размӕ дӕр лӕггад кодта пионерӕй. Ӕмӕ тынг цин кӕнын, мӕ бинойнагимӕ, нӕ сывӕллӕттимӕ ӕмӕ сӕ цардӕмбӕлттимӕ ӕз дӕр пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын, ууыл. Мах не ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ног дунейы Дэйвиимӕ кӕй фембӕлдзыстӕм, уымӕ.